Хистæр фæлтæрмæ —цæстдард

0
247

Республикон гериатрион центр райдыдта кусын Горæтгæрон районы рынчындоны. Байгом регионалон проект «Хистæр фæлтæр»-ы фæлгæты.

Ацы службæ фадат ратдзæн, 60 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы æмæ астенийæ рынчын чи у, уыдонæн медицинон æххуыс бакæнынæн. Ис дзы 25 бынаты, сæ æнæниздзинад дзы фидар кæндзысты алы районтæй æрвыст адæймæгтæ. Æппæт хъæугæ фæрæзтæй центр у æххæст. Цалдæр бонмæ палатæты уæгъд бынæттæ нал баззад. Йæ кусджытæ сæрмагонд ахуырты рæстæг базыдтой куысты сусæгдзинæдтæ, рад дзы хæссынц дыууæ дохтыры — бонæй, æхсæв — радхæссæг персонал.
«Ныридæгæн центры дзæбæх кæнынц 25 адæймаджы, службæ кæны амбулаторон æххуыс дæр, республикæйы ис 8 гериатрион кабинеты. Лæмбынæг цæст дарæм хистæр кармæ, хъæугæ медицинон æххуыс исынц, куыд æмбæлы, афтæ», — зæгъы республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан.
Горæтгæрон районы рынчындоны сæйраг дохтыр Наниты Аскеры ныхæстæм гæсгæ, поликлиникæйы арæзт цæуы реабилитацийы, дзæбæхгæнæн процедурæты æмæ физиотерапийы хайад, ифтонг уыдзæн æнæмæнг хъæугæ кусæнгæрзтæй. Архайд цæуы интернетæй пайда кæнгæйæ, уый рынчынæн фадат дæтты, гæххæттытæ хæдзарæй æрбарвитын æмæ снысангонд бон центрмæ æрбацæуынæн.

Хуыбиаты Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here