Хистæрæй дæ амонд куы уа

0
290

Куырттаты комы Цымытийы хъæуы йæ заманы тынг бирæ адæм цардис, абон та æрмæстдæр иунæг хæдзар – Басаты Тепсарыхъойы бинонтæ, йæ цардæмбал Куарæ æмæ йæ кæстæр лæппу Казик. Иннæты хуызæн хуыздæр цардагур нæ ацыдысты, нæ ныууагътой сæ хистæрты уæзæг. Нæ ферох кодтой сæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ æвзаг дæр.

Хъайттаты Куарæ (Кларæ) Гагуыдзы чызг райгуырдис Цъамады 1924 азы. Уæлдæр скъола нæ фæцис каст, фæлæ йын йæ хæдзары цы хъомылад радтой, уыцы рæсугъд миниуджытæ ахаста кæйдæр мыггагмæ дæр. Æз Куарæйы мæ чысылæй фæстæмæ зонын. Мæ мады æрвадæлтæ Цехъотæм-иу тынг арæх уыдтæн, æмæ нæм-иу Цымытийæ Уырыхъæумæ Куарæ куы æрцыд, уæд ыл мæ сабизондæй дис кодтон, къæдзæхы фæхстыл къахвæндагыл куыд цæрдæг æмæ æдæрсгæ цæуы, ууыл.
Куарæ йæ сæры хицау Тепсарыхъоимæ схъомыл кодтой дыууæ лæппуйы: Дзахотт æмæ Казикы. Сæ дыууæ дæр каст фесты институттæ, уæздан æмæ æгъдауджынæй сæ зонынц канд комы нæ, фæлæ кæмдæриддæр балæууынц, уым.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Куарæ фæсчъылдымы архайдта, Тепсарыхъойы та хæстмæ йе ’нæниздзинадмæ гæсгæ нæ акодтой. Фæлæ куыста æрзæткъахæн фабрикæйы зынгхуыссынгæнæн хайады. Куарæ Уæлахиз хæстæгдæр кæныны хъуыддагмæ бахаста йæхи æвæрæн дæр, æмæ кæд абон йæ азты сæрты акаст, уæддæр нæ рох кæны æппындæр ницы.
Кæддæр йæ сæрæн азты-иу цы хæрзад уæливыхтæ кодта ирон пецы суджы артыл, уыдон ма æрымысынц, уазæгæй сæм чи уыд æмæ комы цæрджытæй бирæтæ ныр дæр. Уæдæ йæ цыхтыты ад та æгæр диссаг уыд. Дзири дзуары бæрæгбонмæ-иу бæгæны куы сфыхта, уæд æй нуазынæй ничи бафсæстаид. Уæвгæ, канд Куарæ нæ, фæлæ йæ рæстæджы комы æппæт хæдзæртты æфсинтæн се ’ппæтæн дæр ахæм хæрзад хойраг уыд. Йе ’фсин Хъулаты Бидойæн та йæхи мады хуызæн лæггад фæкодта.
Цымытийы Басатæ кæм цæрынц, уыцы хæдзар Фыййагдоны поселокæй дардмæ урсчъырæй цагъдæй зыны, изæрыгæтты та дзы рухсытæ иунæг уырдыгæй кæлы. Канд комы цæрджытæ нæ, фæлæ ма æрцæуæг адæмтæ дæр базыдтой Басаты бинонты. Куарæйы фарсмæ абадын уарзынц туристтæ дæр, фæфæрсынц æй рагон хабæрттæй, советон цардарæзт куыд уыди, ахæм бæрзонд ран хъæумæ чындзы куыд æрцыди, уыдæттæй. Ирæттæй бирæтæ бафсæрмы кæниккой уæлдай хынцфарст æй кæнын, зæгъгæ, фæлæ мах удыконд чи нæ зоны, уый не ’мбары, ирон æфсарм цы у, уый.
Хистæр лæппу Дзахотт йæ бинонтимæ цæры Къардоны (Æрхонкæйы), Казик та йæ мад Куарæимæ. Бинонты хъуыддаг нæ бакодта. Куы йæ бафæрсынц, уæд фæзæгъы, ацы бæрзонд ранмæ ничи бакуымдтаид, зæгъгæ. Йæ мады нæ ныууагъта æмæ йæм йæхæдæг бирæ чызджытæй хуыздæр кæсы.
Хорз хъуыды кæнын, Цымытийы хъæуы астæу уыд Цыхцыр. Райсомæй-иу фыййаумæ фыстæ куы ратардтой, уæд-иу уайтагъд Цыхцыры бамидæг сты. Зыдæй нуæзтой дон. Ахæм хæрзад дон уыд, æмæ-иу бæлццонæн йæ фæллад дæр ссæуын кодта, Хъæриуы цъитийæ калдис.
Æз ма дзы цæргæйæ кæй федтон, уыдон уыдысты цыппар хæдзары: Басаты Тепсарыхъойы, Дзытиаты Хадзыбатыры, Бызыккаты Дæхцыхъо æмæ Алиханы бинонтæ. Бирæ ивддзинæдтæ æрцыд ныр ацы хъæуы. Уыцы Цыхцыр бахус, чи зоны æмæ йæ ног «дачниктæ» сæхимæ хæтæлыл ауагътой, фæлæ Басатæ нуазыны дон кæцæй хæссой, уый нал ис. Казичы куы бафарстон, дон кæцæй хæссут, зæгъгæ, уæд мын афтæ, Дзахотт, дам, нын алы къуыри быдырæй ласы нуазыны дон. Алчидæр ма ахъуыды кæнæд, уый кæуылты фыдæбон у, ууыл. Ласгæ донæй куыд ис хи бафсадæн, арæхæн дзы пайда кæнæн? Кæддæр, федералон программæ «Ирыстоны хæхтæ»-йы генералон директор Колыты Хаджи ацы фарстамæ лæмбынæг йæ цæст дардта, фæлæ йын кæронмæ сæххæст кæнын нæ бантыст. Мæлæт æй не ’хсæнæй атыдта, æмæ хæхбæсты хъæутæй иуæй
-иутæ баззадысты сæ лыггæнинаг фарстаимæ. Афтæ – Цымыти дæр.
Куарæйы мæ бирæ цæмæйдæрты фæндыд афæрсын, фæлæ зæронд усы куыд батыхсын кодтаин? Æрмæст мын Казик афтæ бакодта, ныр, дам, мын кæдæй дзуры, ахон ма мæ уæлбылмæ, æмæ Цехъоты хæдзармæ ныккæсон, зæгъгæ. Фæлæ йæ бон уый бæрц цæуын нæ бауыдзæн, уый зоны йæ лæппу æмæ йæ мадæн алы æфсæнттæ скæны.
Бирæтæ фæзæгъынц, тæхуды æмæ ма дæ хæдзары карджын хистæр фен, зæгъгæ. Нæ ивгъуыды амондджын царды цаутæ нæ зæрдыл æрлæууынц уæд. Æрфæнды та нæ, сæ æнгуылдзвæдтæ-иу цы хойрагыл баззадысты, уыдонæй ацаходын, сæ ныхæстæм байхъусын, фæлæ хистæртæ абон стæм хæдзæртты сты. Уымæн дæр амонд хъæуы. Чи ис, уыдон та сæ кæстæртæн æнæниз æмæ зæрдæрухс уæнт.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here