Рæзгæ фæлтæры удæнцой æмæ фидар æнæниздзинадæн

0
240

Куыд иннæ уæрæсейаг регионты, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр ацы бонты райдыдта скъола-дзаутæ æмæ иннæ æнахъомты сæрдыгон фæлладуагъд æмæ æнæниздзинад фæфидардæр кæныны кампани.

Цæгат Ирыстоны Фæллой æмæ социалон рæзты министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ацы сæрд сывæллæтты фæлладуадзæн æмæ æнæниздзинад фæфидардæр кæныны мадзæлттæ рес-публикæйы æххæстгонд цæудзысты 142 алыхуызон фæзуаты: скъолаты цур кусæг æмæ стационарон сæрдыгон лагерты, дзæбæхгæнæн центртæ æмæ æндæр кусæндæтты. Уыимæ, рæзгæ фæлтæры иу хай сæ фæллад суадз-
дзысты, Сау денджызы былгæрон цы лагертæ æмæ дзæбæхгæнæн центртæ ис, уыдоны (2 мин адæймагæй фылдæр).
Фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæйы ныхасмæ гæсгæ, азы дæргъы алыхуызон фæлладуадзæн æмæ дзæбæхгæнæн мадзæлттæ аххæсдзысты 36 минæй фылдæр сывæллон æмæ æнахъомыл. «Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæн сæ фылдæрæн фæлладуа-дзæн æмæ дзæбæхгæнæн мадзæлттæ арæзт æрцæудзысты сæрды мæйты дæргъы», – загъта министр.
Айдарты Алинæ куыд бафиппайдта, афтæмæй, балцæгтæ уаргæйæ, фыццаградон æргом здæхт цæуы цыбыркъух æмæ царды зын уавæрты бахауæг бинонты, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæм, стæй, се ’нæниздзинад цауд кæмæн у, уыцы æнахъомтæм.
Цæгат Ирыстоны Финансты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, скъоладзаутæ æмæ æнахъомты сæрдыгон фæлладуагъд æмæ æнæниздзинад фидардæр кæныны мадзæлттæн ацы азы бюджеты нысангонд æрцыд 240 милуан сомæй фылдæр.
Республикæ скъоладзау-ты сæрдыгон фæллад-уагъды кампанимæ куыд бацæттæ кодта, уый фæдыл сæрмагонд æмбырд уыд РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады дæр. Министрад æмæ иннæ профилон ведомствæты бæрнон кусджытæ бæстон æрдзырдтой сæрдыгон лагертæ æмæ дзæбæхгæнæн центрты
куысты фæткыл.

КАЛМАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here