Нæ фидæн рухсдæр уæд!

0
212

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон æхсæнад «Зонад»-ы цæгатирыстойнаг регионалон хайады цæстдарæг советы æмбырд. Амыдта йæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг, регионалон хайады цæстдарæг советы сæрдар Сергей Меняйло. Ныхас дзы цыд æхсæнад «Зонад»-ы регионалон хайады цæстдарæг советы 2024 азы куысты бæрæггæнæнтæ æмæ 2025 азæн рухстауæн архайды ног нысантыл.

Æмбырды архайдтой РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ,
республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ, Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы сæрдар Нинæ Чиплакова, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты историон факультеты декан Плиты Зæлинæ, нæ республикæйы Журналистты цæдисы сæрдар, ГТРК «Алания»-йы директор Хъуысаты Тимур æмæ иннæтæ.

– Æхсæнад «Зонад»-ы регионалон хайад кæны рухстауæн куыст. Уый фæлгæты æххæстгонд цæуынц ахæм проекттæ: «Зонад. Паддзахад», «Зонад. Хъæбатыртæ», «Зонад. Лекцитæ» æмæ «Зонад. Наукæ». Уымæй уæлдай ма арæзт цæуынц алы-
хуызон иумæйаг хъæппæристæ æмæ акцитæ, – загъта Сергей Меняйло æмæ ма дарддæр фæбæрæг кодта. – Махæн нæ хæс у фæсивæдæн, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм зонындзинæдтæ дæттын. Зондджын адæймагимæ дзурын æнцондæр у. Уыимæ стыр æргом аздахын хъæуы хъомылады фарстатæм дæр. «Æгъдау» æмæ «патриотизм»   хуымæтæджы дзырдтæ не сты.

Регионалон хайады сæрдар ныр дыккаг аз у Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты
Къостайы номыл паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан.

Регионалон хайады цæстдарæг совет арæзт æрцыд рухстауæн куысты паддзахадон хицаудзинады оргæнты, бынæттон хиуынаффæйады, æхсæнадон, наукон æмæ ахуырадон организациты баст-дзинад æмæ æмгуыстады фарстатæ лыг кæнынæн.

Æхсызгон у уый, æмæ раздæр, нæ республикæйы Сæргълæууæг куыд
радзырдта, афтæмæй æхсæнад «Зонад»-ы цæгатирыстойнаг регионалон хайады архайд регионты ’хсæн нымад æрцыд раззагдæрыл.

Æмбырды кæронбæттæны сæ зæрдиаг рухстауæн архайды тыххæй Арфæйы гæххæттытæй хорзæхджын æрцыдысты Багаты Ибрагим, Арсен Алиев, Миланæ Барбашова æмæ иннæтæ.

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ, къам систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here