Скъолаты цæттæдзинад æмæ æндæр ахсджиаг нысантæ

0
199

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд Хицауады æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Архайдтой дзы нæ республикæйы ведомствæтæ æмæ министрадты, стæй районты разамонджытæ. Ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны оперативон уавæр, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, скъолаты цæттæдзинад æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл.

– Нæ республикæйы æппæт сæрмагонд службæтæ дæр архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæры. Зынгсирвæзтыты ныхмæ 4 къæпхæны  сæрмагонд уавæр дарддæр дæр æххæстгонд цæуы Цæгат Ирыстоны 44 хъæуы, – уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег.

– Ивгъуыд къуырийы дæргъы республикæйы бæрæггонд æрцыдысты 86 зынгсирвæзты, уыдонæй 61 – хус хæмпæлгæрдæг кæм сыгъд, ахæмтæ. Транспорты æппæт хуызтæн дæр фадат ис Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтыл ацæуынæн. Республикæйы фæндæгтыл лæууынц 990 транзитон уæзласæн машинæйы, уыдонæй 600 сæрмагонд бынæтты. Ивгъуыд къуырийы дæргъы Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы арæныл дыууæрдæм ахызтысты 32681 автотранспортон иуæджы æмæ 115 мин адæймагæй фылдæр, – бафтыдта ма йæ ныхасыл Томайы-фырт.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны 10 августы цы тыхджын дымгæ æмæ къæвда æрцыдысты, уыдоны аххосæй 32 мин адæймаджы баззадысты æнæ электрон рухсæй. Уæлдай æфхæрд баййæфта Беслæны æхсæзæм скъола. Тыхджын дымгæ йын йæ сæры фылдæр хай фелвæста. Ныридæгæн коммуналон службæтæ архайынц скъолайы кæрт къалиутæ æмæ профнастилы хæйттæй ссыгъдæг кæныныл. Республикæйы районты уыцы-иу рæстæг куыстой 12 аварийон бригады. Фондз сахатмæ къæвдайы фæстиуджытæ иуварсгонд æрцыдысты.

«Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг хайад куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныртæккæ республикæйы эпидемиологон уавæр у нывыл. Карз тъæнгты инфекциимæ чи бадзуры, уыдоны нымæц, иннæ азтимæ абаргæйæ, у къаддæр.

Сергей Меняйло æмбырды йе ’ргом аздæхта республикæйы скъолаты цæттæдзинадмæ. Уый фæдыл республикæйы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Атараты Георги æмæ ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйæн бафæдзæхста, ног ахуыры азмæ республикæйы скъолатæ иууылдæр цæттæ куыд уой.

Алыбегты Эллæйы ныхасмæ гæсгæ, нæ республикæйы 8,2 мин сабийы ацы аз бацæудзысты фыццæгæм къласмæ. Уыдонæн ног ахуыры азмæ лæвæрттæ раттыны хъуыддаг йæ тыхы бацыд.

Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here