Дзыллон зиу – Чермены хъæуы

0
227

Ивгъуыд сабаты Горæтгæрон районы Чермены хъæуы сарæзтæ-уыд дзыллон зиу.

Сыгъдæгдзинады уыцы мадзалы бынæттон цæрджытæй уæлдай, архайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы Разамонæг Гобеты Ибрагим, Цæгат Ирыстоны Пысылмæтты удварны управленийы муфти Гуæцæлты Ха-дзымурат, Горæтгæрон районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамынд æмæ специалисттæ, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы службæгæнджытæ.

Зиууæттæ быронæй асыгъдæг кодтой хъæуы уынгтæ æмæ æхсæнадон фæлладуадзæн бынæттæ. Бырæтты голджытæ афойнадыл сæмбæлын кодтой сæрмагонд бынатыл.

Бынæттон цæрджытæ æмæ уазджытæ разыйæ баззадысты сæ иумæйаг куыстæй.

 Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here