РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Уæрæсейы Федерацийы энергетикæйы министры хæдивæг Петр Конюшенко Дзæуджыхъæуы æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны электрон хызты комплексы рæзты фарстатыл.
Регионы нырыккон уавæрты энергосистемæты куысты фæдыл фембæлды ма архайдтой Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвары хæдивæг Владимир Надыкто æмæ компани «Россети Северный Кавказ»-ы генералон директор Роман Левченко.
Уæлдай æргом аздæхтой ифтонггæрзты тынгады рæстæг фæлхасгæнджыты æнæкъуылымпытæй электрон тыхæй æфсадыны, стæй электрон хызты комплексы фидардзинады мадзæлтты фарстатæм.
Сæрмагондæй æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой электрон хызты нормæйæ фылдæр электрон тыхы сæфтытыл. Æмткæй райсгæйæ, куыд фæбæлвырд кодтой, афтæмæй, фæстаг фондз азы компани «Россети Северный Кавказ»-ы электрон хызты сæфтыты программæмæ гæсгæ, регионты бантыст уыцы сæфтытæ фæкъаддæр кæнын 660,4 милуан киловатт сахаты бæрц, сæ аргъ – 2,2 миллиард сомы.
Уымæй уæлдай ма æркастысты фæлхасгæнджыты æхца фидыны, республикæйы электрон хызты инфраструктурæйы рæзт æмæ модернизацийы, Цæгат Кавказы федералон зылды иугонд уæйгæнæн компани саразыны фарстатæм.
Петр Конюшенко ма бабæрæг кодта дæлстанцæ «Владикавказ-1». Уæрæсейы энергетикæйы министры хæдивæг базонгæ, энергообъектæй куыд пайдагонд цæуы, инвестицион æмæ цалцæггæнæн программæтæ куыд æххæст кæнынц, уыдæттимæ, стæй фембæлд кусджытимæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














