Адæмæн – царды аккаг уавæртæ

0
73

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд амыдта йæ Сæрдары фыццаг хæдивæг ТХОСТАТЫ Мурат.

Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст республикон закъонты проекттæ æмæ закъонæвæрынадон хъæппæристæ.

«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Паддзахадон гимны тыххæй» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны проекты фæдыл раныхас кодта Парламенты закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. Документ куыд амоны, афтæмæй нырæй фæстæмæ Парламенты æмбырдтæ алы хатт дæр райдайдзысты нæ республикæйы паддзахадон гимнæй.

Хъалонтæ æмæ бюджетон политикæ нывылгæнæг къорд закъоны проекты Советы уæнгтæн сæ размæ рахаста Парламенты бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег. Закъонты проекттæй иу – «2025 азы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон бюджет сæххæст кæныны тыххæй» закъоны проект. Документ æрныхас ыл кæныны тыххæй Парламентмæ барвыста нæ республикæйы Хицауад, æмæ дзы амынд æрцыдысты бюджеты сæйраг бæрæггæнæнтæ. Афтæ, ивгъуыд азы бюджеты æфтиæгтæ уыдысты 52, 244 милуан сомы, хæрдзтæ – 56,023 милуан сомы, бюджеты кадавар рауад 3,779 милуан сомы. Хæдарцаты Аслæнбег куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикон бюджет сæххæст кæныны фæдыл арæзт æрцæудзысты æхсæнадон байхъуыстытæ фæсаууонмæ хуызы.

Советы уæнгтæ байхъуыстой «2019-2025 азты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийы кæлæддзаг хæдзæрттæй адæмы ног цæрæнбынæттæм раивыны» республикон программæ æххæст кæныны хатдзæгты тыххæй» Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады хъусынгæнинагмæ. Раныхасгæнæг – министры хæдивæг Надгериты Батрадз бæстон æрдзырдта, программæ уыцы азты куыд æххæстгонд цыд, ууыл. Куыд загъта, афтæмæй программæйы фыццаг уал архайдтой, 2017 азы 1 январмæ кæлæддзагыл нымад чи æрцыд, горæт Дзæуджыхъæуы, Дыгуры, Мæздæджы æмæ Рахизфарсы районты уыцы 43 бирæфатерон хæдзары. Программæйы ацы хай сæххæст кæныны æмгъуыд уыд 2025 азы сентябрмæ. Фæлæ йæ сæххæст кодтой раздæр – 2023 азы кæрон, цæмæй программæйы иннæ хай æххæст кæнын райдайой æмæ, 2017 азæй фæстæдæр кæлæддзагыл нымад цы хæдзæрттæ æрцыд, уыдоны цæрджыты цæрыны уавæртæ дæр раивой. Уый тыххæй 2025 азæй пайда кæнын райдыдтой программæ царды уадзыны ног фæрæзтæ æмæ гæнæнтæй.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Остъаты Георги. Йе ‘ргом аздæхта, хъуыддаджы цы æнæлыггонд фарстатæ æмæ къуылымпытæ ис, уыдонмæ. «Адæмы сæ кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнбынæттæм раивыны хъуыддагæн цы фæрæзтæ радих кæнынц, уыдон афæдзæй-афæдзмæ кæнынц къаддæр. Ахæм кæлæддзаг хæдзæрттæ ацы азы райдайæнмæ æрмæст Дзæуджыхъæуы уыд 47, сæ иумæйаг фæзуат – 66,837 квадратон метры. Æмæ уыдонæй æрмæстдæр æртæ хæдзары цæрджытæн лæвæрд æрцæудзæн ног цæрæнбынæттæ», – загъта Остъайы-фырт. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, хъуыддаг сæххæт кæнын домы ног мадзæлттæ.

Раныхæсты фæдыл фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тхостаты Муратмæ, депутаттæ Джиоты Георги æмæ Киситы Муратмæ.

Советы уæнгтæ ма цы закъонты проекттæ равзæрстой, уыдоны фæдыл ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Качараты Олег, Реуазты Ларисæ, Киситы Мурат, Джиоты Георги.

Советы уæнгтæ сфидар кодтой РЦИ-Аланийы Парламенты фæндзай дыккæгæм æмбырды боны фæтк.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here