Дыууын фондз азмæ Æнæххæст бæрнондзинадимæ æхсæнад «Снежная королева»-йы архайд нæ бамынæг. Уый нæ, фæлæ ма республикæйы хойрагуадзæн куыстуаты хъомыс кæны тыхджындæр. Афæдзы райдайæн Мæскуыйы æрвылазон æппæтдунеон равдыст «Продэкспо-2026»- ы компани номинаци «Афæдзы хуыздæр продукт»-ы райста æртæ сыгъзæрин майданы, æппæтуæрæсеон конкурс «Экспортер года»-йы республикон къæпхæны та рацыд дыккаг бынатмæ.
Куыстуаты бæрзонд технологитæ фадат дæттынц куыст æмбæлгæ æмвæзадыл аразынмæ. Суткæмæ сæ бон у 40 тонны сæлдæг уадзын, æлхæнæджы гæнæнтæ, стæй, æнæмæнг хъæугæ хойрæгтæм кæй нæ хауы, уый хынцгæйæ йæ къаддæр кæнын райдыдтой.
– Уæрæсейы нудæс регионмæ ‘рвитæм нæ продукцийы 130 хуызы, кæдæм æмæ цавæр, уый регионы домæнтимæ баст у. Æнхъæлмæ кæсæм дунеон сертификат райсынмæ, уæд нæ уагъд сæлдæг æрвитдзыстæм Гуырдзыс-тон æмæ Азербайджаны республикæтæм дæр, – зæгъы Цæгæраты Марат, маркетинг æмæ кадрты фарстаты фæдыл куыстуаты директор. Куыстуатæн ис йæхи штат – 50 адæймаджы, афон куы ралæууы, уæд та апрелæй сентябрмæ уæлæмхасæн кусынмæ райсынц 50-70 адæймаджы. Йæ равзæрдæй æхсæнад цадæггай иуварс кæны йæ быцæуархайджыты, сæйрагдæр продукцийы хæрзхъæддзинад æмæ йæ аргъы фæрцы. Сæ архайд нырмæ æрмæст продукци уадзынимæ уыд баст, ацы азæй та ма йыл бафтыд йæ уæй кæныны фарста дæр. Æрæджы Дзæуджыхъæуы сæйраг уынджы байгом кодтой сæ фирмæйы павильон «Дзæуджыхъæуккаг сæлдæг».
Куыстады рæзтимæ рохуаты нæ баззад æдасдзинады фарста дæр, ис Æлборты Лилияйы бæрны.
– Хойраджы промышленносты æдасдзинады системæмæ стыр æргом здахæм, алы æртæ мæйы фæстæ дæр нæ кусджыты зонгæ кæнæм, техникæимæ хи куыд дарын хъæуы, уыцы фæткимæ. Ног кусæг нæм куы ‘рбацæуы, уæд ын
куыстады æдасдзинады фæдыл инструктаж саразын. Вазыгджын кусæнгæрзтимæ баст у коллективы архайд, алцыдæр у автоматизацийы уагыл, æмæ, æдасдзинады фарстатимæ зонгæ куы нæ уой, куы нæ сæ æххæст кæной, уæд фыдбылызы бахаудзысты. Уымæй та хизын хъæуы хи, – зæгъы фæлтæрдджын сылгоймаг.
Хекъиты Итэри дыууын цыппар азы кусы скълады сæргълæууæгæй.
– Тынг цæуы мæ зæрдæмæ ам кусын, æндæр дзы уый бæрц нæ бафæрæзтаин. Нæ разамынд æмбаргæ цæстæй кæсы йæ кусджытæм. Цыфæнды фарстайы фæдыл дæр сæм куы бацæуай, уæд дæ æнæ дзуаппæй нæ рарвитдзысты.
Суанг æхцаимæ, нæ кусджыты бинонтимæ баст фарстатæн дæр кæдфæнды дæр цæттæ сты æххуысмæ. Разы сæ куы нæ уаиккам, уæд нæм кусынмæ цæуынмæ нæ тырниккой. Фæсивæдæн дзы хорз уавæртæ ис, мызд хорз исæм. Уæлдайдæр, каникулты рæстæг чи ‘рбацæуы, уыдон. Стыр æххуыс сты сæ ныййарджытæн, ссæрибар сæ кæнынц скъоламæ уæлæдарæс æмæ ахуыргæнæн æрмæджытæ æлхæнынæй. Линийы оператортæй, уаргъæвæрджытæй бакусынц æвæлмæстæй. Зын куыст нæу, æнцон дæр нæу. Куыстмæ æмæ нæ фæстæмæ ласынц лæвар, уæдæ хæринаг дæр лæвар у, сæрмагонд уæлæдарæс кусджытæн дæттынц бынаты. Уыцы цалдæр мæймæ фæсивæдæй бирæтæ бамбарынц, æхца æнцонæй кæй нæ цæуы къухтæм, æрыгæттæн та ма хъомыладон фæрæз дæр у.
Куыстуатмæ уынгæй æрбацæуæг æнæбафиппайгæ нæ фæуыдзæн, цы домæнтæ дзы æххæст кæнын хъæуы, уыдон: операцитæ кæнæн залмæ хизæгау сæрæй къæхты бынмæ йæ уæлæ хъуамæ скæна сæрмагонд уæлæдарæс, дзабырты уæлæ – бахилæтæ. Йæ бæстыхæйттæ, цехтæ – райдзаст æмæ сыгъдæг, кусджыты цæстæнгас – мидбылхудгæ, лаз. Уыцы нывмæ ма бафтау, цы хæрздæф дзы цæуы, уый, æмæ бамбардзынæ, куыстæн йæ сæр сындз кæй у, йæ бын та – сой.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














