Слестгæнæн управленийы  ног разамонæг

0
20

 Уæрæсейы Федерацийы Слестгæнæн комитеты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы слестгæнæн управленийы сæргъы æрлæууыд ног разамонæг – Султан ОРАЗАЕВ.

Ног разамонæг бавдисыны æмбырды архайдта нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Султан Оразаев у фæлтæрдджын афицер, йæ куысты мидæг иттæг дæсны адæймаг. Бирæ азы дæргъы службæ кæны слестгæнæн оргæнты, æвæрд ыл цыд, уæлдай вазыгджындæр чи уыд, ахæм хъуыддæгтæ раргом кæныны хæс.

Сергей Меняйло арфæ ракодта Султан Оразаевæн æмæ загъта, цы бирæ фæлтæрддзинад æм бамбырд, уый фæрцы йæ ног куысты бынаты дæр æнтыстджын кæй уыдзæн, уый дызæрдыггаг кæй нæу. Слестгæнæн управленийы коллективæн та йæ зæрдæ загъта, ног разамонæг сæ сæргъы, афтæмæй ног æнтыстытæ сæ къухы куыд æфта.

– Йæ бæрны цы куыст ис, уый алы адæймаг дæр бæрнонæй куы æххæст кæна, уæд уыцы куысты уыдзæн уаг дæр, уыдзæн ын хорз фæстиуджытæ дæр. Нæ иумæйаг хæс у службæ кæнын паддзахадæн æмæ нæ адæмы интерестæ хъахъхъæнын. Мæхи ‘рдыгæй цыдæриддæр æххуыс бахъæуа, уымæй мæхи нæ атигъ кæндзынæн. Куыд республикæйы Сæргълæууæг, куыд афицер, афтæ алкæддæр уыдзынæн уæ фарсмæ æмæ, нæ размæ цы фарстатæ лæууы, уыдон лыг кæныныл иумæ архайдзыстæм, – загъта Сергей Меняйло.

 Нæ уацхæссæг

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here