Фылдæр æргом – æфсæддон-патриотон хъомыладмæ

0
21

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО фембæлд йе ‘ххуысгæнджытимæ æфсæддон-патриотон хъомылады фарстаты фæдыл йæ уынаффæгæнджытимæ. Уыцы  иу рæстæг уыдон сты республикæйы ахуыргæнæндæтты патриотон хъомылады æмвæзад бæрзонддæр сисыны, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ хæстон цауты ветерантæн баххуыс кæныны проекты архайджытæ.

Фембæлд арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы, Сывæллæттæ æмæ фæсивæды курдиæттæ æргом кæнын æмæ уыцы курдиæтты рæзтæн æххуыс кæныны республикон центр «Вершина»-йы. Фембæлд саразæг уыд Уæрæсейаг æхсæнад «Знание». Архайдтой ма дзы РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Алыбегты Эллæ, хæстон цауты ветеран, Рухсады паддзахадон университеты Æфсæддон-патриотон хъомылады центр «Вершина»-йы директор, Уæрæсейаг æхсæнад «Знание»-йы лектор Иван Бондюков.

Æфсæддон-патриотон хъомылады фарстаты фæдыл уынаффæгæнæджы бынат фæзынд нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Амынд проект æххæстгонд кæм цæуы, Цæгат Ирыстон у фыццаг æмæ нырма уал иунæг уæрæсейаг уыцы регион. Проекты нысан у хъомыладон куыст ахуыргæнæндæтты фæахадгæдæр кæнын, фæлтæрты ‘хсæн бастдзинад фæфидардæр кæнын, патриотон традицитæ дарддæр цæмæй цæуой, ууыл архайын æмæ Райгуырæн бæстæ æмæ йæ историмæ уарзондзинад æрыгæтты зæрдæты гуырын кæныныл кусын. Ацы нысантæ уæлдай ахсджиаг сты абоны рæстæг.

Æмбырды ныхас кæнгæйæ, Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй, кæстæрты хъомыл кæныны хъуыддаджы, стæй хæстон архайды фæлтæрддзинад кæмæ ис, уыдоныл æвæрд цæуы уæлдай фылдæр бæрнондзинад.

– Сымах стут царды фæлтæрдджын, ис уæм, кæстæртæн цæмæй фæхай кæнат, ахæм зонындзинæдтæ, бавзæрстат уæлахизтæ æмæ зынтæ, зонут, цы у лæгдзинад, фидар удыхъæд, æхсар æмæ намыс. Ныртæккæ та уæ хæс у, цæмæй кæстæртæн суат цæвиттон æмæ сæ уæ алыварс æрбамбырд, æрбангом кæнат. Уый хуымæтæг нæу, фæлæ у тынг хъæугæ хъуыддаг, – загъта Сергей Меняйло.

Ацы ныхæстимæ разы уыд Иван Бондюков дæр.

– Фæсивæдимæ кусын æнцон нæу, фæлæ, уыимæ, у цымыдис æмæ ахсджиаг куыст, – загъта Иван Бондюков æмæ рахæцыд æфсæддон-патриотон хъомылады фарстаты фæдыл Сæргълæууæджы уынаффæгæнæджы бынат снысан кæныны Сергей Меняйлойы   хъæппæрисы фарс.

Æмбырды архайджытæ лæвæрдтой цымыдисаг фарстытæ, æмæ сын Сергей Меняйло, стæй иннæ бæрнон адæймæгтæ лæвæрдтой бæстон дзуаппытæ.

Проекты фыццаг къæпхæн æххæст кæнгæйæ, уыцы уынаффæгæнджытæ кусынц нæ республикæйы 18 ахуыргæнæндоны, уыдонæй 12 сты астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндæттæ, стæй ма фондз скъолайы.

Афæдзы кæронмæ пълангонд цæуы ахуырдзауты дыккаг сменæ рауадзын. Сменæйы уæнгтæм кандидатурæтæ бавдыстой сæрмагонд æфсæддон операцийы Ветеранты ассоциаци æмæ территориалон фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ» («Защитники Отечества»).

Уынаффæгæнджыты архайдæн нæ республикæйы уагæвæрæг уыдзæн Фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомылады ахуырадон-методикон центр «Авангард».

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here