Фæлхасгæнджыты курдиæттæ хынцгæйæ

0
12

Дзидзагуыстгæнæн компани «Дюбуа» нæ республикæйы зындгонд у йæ хæрзад æмæ сыгъдæг продукцийæ. Куы сæвзæрдис, уæдæй фæстæмæ  цехтæ цы къалбасы хуызтæ уадзынц, уыдонæн канд цæгатирыстойнаг фæлхасгæнæг стыр аргъ нæ кæны, фæлæ нæ бæстæйы æндæр регионты дæр.

Компани æрæджы райдыдта æнæ хуыйы фыдæй ног  бренд «Стур»-ы  продукци уадзын. Уый фæдыл  Дзæуджыхъæуы арт-кафе «Гæлæбу»-йы ацыдис презентаци. Компани «Дюбуа»-йы минæвæрттæ мадзалы архайджыты размæ рахастой ног  маркæйы  къалбасы хуызты продукци. Сыгъдæг стуры фыдæй,  хъацæнтæ æмæ басгæрдæгæй конд хойраджы хуызтæн аргъгæнæг уыдысты, дунейы дыууæ хатты  чемпион Тасойты Инал, фонд «Быть добру»-йы бындурæвæрæг Хъуысаты Амырхан æмæ  нæ республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ. Мадзал райдыдта компанийы архайды чысыл видеосюжетæй. Уым æвдыст цыдис заводы бирæ азты куысты  æмæ продукцийы сыгъдæгдзинады тыххæй фарстатыл. Компани «Дюбуа»-йы генералон директор Хъараты Руслан куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ног продукцийы фæзындæн уыдис  бæлвырд аххос.

– Нæ республикæйы цæрджытæ нæм курдиæттæ фыстой, цæмæй нæ къалбасмæ хуыйы фыд æфтыд ма цæуа, уый тыххæй. Æмæ бавнæлдтам нæ продукци æнæ уыцы фыдæй уадзынмæ. Фæлхасгæнджыты фæндæттæ нын ахсджиаг сты, æмæ сæ нæ зæрдыл дарæм. Зæгъдзынæн уый дæр, æмæ ахæм ногдзинад нырма базарады нæма уыдис. Брендæн ном «Стур» дæр хуымæтæджы не ‘рхъуыды кодтам. Ирон æвзаджы рæзт æмæ парахат кæныны фарстатæ фæстаг рæстæг тынгæй-тынгдæр зæлынц Ирыстоны, æмæ уыцы проекты фарс мах дæр рахæцыдыстæм, – загъта Хъараты Руслан.

Презентацийы архайджыты зæрдæтæ  дыууадæстæнон ирон музыкалон инструментæй барухс кодта  Тедеты Натия. Уый азарыд «Цæргæс» æмæ акодта «Ханты цагъд»,  мадзалы архайджытæн иронау радзырдта «Ханты цагъд»-ы таурæгъ дæр, æмæ йæм цымыдисæй байхъуыстой иууылдæр. Уымæй уæлдай, презентацийы арт-кафе «Гæлæбу»-йы сæйраг хæринаггæнæг Зæнджиаты Сослан та сарæзта мастер-класс, «Дюбуа»-йы къалбæсты хуызтæй цавæр хæринæгтæ скæнæн ис, уый тыххæй.

Саутæты Тамилæ,

къамтæ систа Татьяна Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here