Сфæлдыстадон бынтæ æмæ традицитæ бахъахъхъæнынæн

0
48

Дзæуджыхъæуы 29 июлæй 2 августмæ ацæудзæн егъау культурон мадзал – IV Æппæтуæрæсеон этнофестиваль «Рон-2026». Сæйрагдæр архайд цæудзæн дыууæ бæрæг фæзуатыл: 29 июлæй 2 августмæ уазджытæм РЦИ-Аланийы Национ музейы равдыстыты залы æнхъæлмæ кæсдзæн равдыст-армукъа (Горькийы уынджы 8-æм хæдзары), фестивалы сæйраг архайд та уыдзæн 2 августы Сæрибары фæзы. Фестиваль арæзт цæуы Президентон фонды культурон хъæппæристы æххуысæй.

Дзæуджыхъæу у, бирæ адæмыхæттытæ хæларæй кæм цæрынц, алыхуызон рагон этнокультурон æгъдæуттæ æмæ традицитæ кæм баиу сты, ахæм горæт. Фондз боны дæргъы нæ горæт йæ дуæрттæ байгом кæндзæн алыхуызон æрмдæснытæ, дизайнертæ æмæ музыканттæн. Уыдон æнгом кæны иу хъуыды, национ бынтæ бахъахъхъæнын æмæ сæ ныры царды дарддæр хæссын.

Этнофестивалы сæйраг хæс у музыкæ, традицитæ æмæ сфæлдыстады иудзинад.

Фестиваль саразыныл бацархайдтой Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы Адæмон аивадон æрмдæсныты æмбаладтæ æмæ Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администраци.

Этнофестиваль «Рон-2026»-ы йæ бон архайын у адæмон аивадон æрмдæснытæн, нывгæнджытæн, дизайнертæн, брендтæ æмæ сфæлдыстадон студитæн, ансамбльтæ æмæ музыкалон коллективтæн.

Уæрæсейы адæмты иу-дзинады аз «Рон-2026» æвдисы нæ бæстæйы адæмыхæттыты культурон хæзнатæ, куыд нæ иумæйаг бынтæ, ахуыр кæны аргъ кæнын нæ бæстæйы цæрæг алы адæмыхæттыты истори æмæ культурæйæн дæр.

Уæдæ цымыдисаг у, æрмдæснытæ цы регионтæй æрбацæудзысты, уый: сæ куыстытæ равдисдзысты æрмдæснытæ Краснодары æмæ Красноярскы крайтæй, Дагестан æмæ Кæсæг-Балхъары республикæтæй, Оренбурджы, Иваново æмæ Саратовы облæсттæй, Стъарапол æмæ Цæгат Ирыстонæй.

Уазджытæ сæхи цæстытæй фендзысты аивадон джиппыуадзынад, хъæдæрмæгимæ куыст, æвзист æмæ æндæр æрмæджытæй ювелирон фæлындæнтæ, фысы цармæй хуыд худтæ, нымæт æмæ сæракæй дзаумæттæ, æрдзон дуртæй арæзт хæзнатæ æмæ афтæ дарддæр. Уæлдай парахатдæрæй æвдыст æрцæу-дзысты ирон æрмдæсныты куыстытæ: къухæй конд бæгæныйы къустæ æмæ фынгтæ, цыллæ кæлмæрзæнтæ, хæдæттæ, авдæнтæ æмæ æндæртæ.

Æрбацæуæг адæмы уæлдай дисы бафтаудзæн, Цæгат Ирыстоны æрмдæснытæн сæ къухы кæй бафтыд, скифтæй цы гауыз баззад, дыккаг ахæм бауафын. Фыццаг та ис Эрмитажы.

Фестиваль ахицæн уыдзæн стыр Гала-концертæй Сæрибары фæзы.

Хъойбайты Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here