Уазджытæ – Уралæй

0
50

Парламентты ‘хсæн бастдзинæдтæ фидар кæнын æмæ,  закъонæвæрынадон къабазы кæмæ цы фæлтæрддзинад ис, уыимæ кæрæдзи зонгæ кæнын сты уæрæсейаг регионты райрæзты ахсджиаг фæрæз.

Уыцы нысанимæ Цæгат Ирыстонмæ æрцыдысты уазджытæ Челябинскæй. Нæ республикæмæ сæ кусæг балцы нысан у дыууæ субъекты закъонæвæрынадон оргæнты ‘хсæн бастдзинæдтæ рапарахат кæнын æмæ дардæмгъуыдмæйы ахастдзинæдтæн фидар бындур саразын.

Уралæй нæм чи ссыд, уыдоны ‘хсæн сты Челябинскы облæсты Закъонæвæрынадон Æмбырды сæрдары хæдивæг Андрей Шмидт æмæ газет «Танкоград»-ы сæйраг редактор Сергей Алабжин. Нæ республикæйы Парламенты номæй сæ суазæг кодта Парламенты Сæрдары хæдивæг Ортабайты Тимур. Се ‘хсæн цы ныхас цыд, уым архайдта Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Георги.

Фембæлды архайджытæ æрныхас кодтой иумæйаг истори æмæ дыууæ регионы ‘хсæн культурон-историон бынтæ бахъахъхъæныныл, стæй парламентты ‘хсæн бастдзинæдтæ фидардæр кæныныл. Уымæй уæлдай, ныхас цыд регионалон закъонæвæрынады фарстатыл, фæсивæдон политикæ æмæ патриотон хъомылады къабазы иумæйаг проектты æмгустадыл.

Ортабайты Тимур бафиппайдта регионалон закъонæвæрынадон оргæнты ‘хсæн комкоммæ бастдзинæдтæ фидар кæнын дыууæ регионы рæзтæн кæй у ахсджиаг хъуыддаг.

Андрей Шмидт та фысымтæн арфæ ракодта, афтæ зæрдиагæй сыл кæй сæмбæлдысты, уый тыххæй æмæ се ‘мгуыстадæн стыр аргъ скодта.

Фембæлды фæстæ уазджытæ æмæ фæсымтæ æрзылдысты, нæ республикæйы уæлдай бæрæг чи дары, уыцы бынæттыл æмæ дидинджытæ сæвæрдтой ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæныл, Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр Плиты Иссæйы цыртдзæвæныл, бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы Нымысы аллей æмæ æрымысыдысты Ирыстон хъахъхъæнджыты рухс нæмттæ.

Кусæг балцы культурон программæйы ма уыдысты РЦИ-Аланийы Национ музей æмæ Евгений Вахтанговы хæдзар.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here