РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым æркастысты, инвестицион проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ, стæй æрныхас кодтой боны фæткы фарстатыл.
Республикæйы Хицауады премьер-министр регионы экономикæйы егъау проекттæ сæххæст кæныны ахадындзинад фæбæрæг кодта æмæ сыл дзуапп чи дæтты, уыдонæн бафæдзæхста кæрæдзиимæ æнгом бастдзинад дарын æмæ, иумæйаг нысантæ æххæст кæнгæйæ, химæ райст хæстæ уагæвæрдмæ гæсгæ æххæст кæнын.
– Инвестицион проекттæ ахъаз сты субъекты рæзтæн – уыдон сты бюджеты æфтиæгтæ æмæ кусæн бынæттæ. Лæмбынæг хъусдард – Цæгат Ирыстоны экономикон рæзты бындур – ахъаззаг проекттæм. Сæ сæххæст кæнынмæ иудадзыг сæ цæст дарынц Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин, бæстæйы Экономикон рæзты министрад æмæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Иу хатт ма уын уæ зæрдыл лæууын кæнын, инвестортæ, сæ проекттæ хъахъхъæнгæйæ, сæхимæ цы хæстæ райстой, уыдон хъуамæ æххæст кæной, – бахахх кодта Дзанайты Барис.
РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Олег Быкадоров куыд фехъусын кодта, афтæмæй фæстаг азты фыст æрцыд 40 бадзырды бæрц, цалдæр дзы ныридæгæн æнæхъæнæй æххæстгонд æрцыд.
Уыцы азты республикæйы бюджетмæ бацыд 1 миллиард сомы бæрц, арæзт æрцыд 3 мин кусæн бынатæй фылдæр. 2026 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, инвестицион проекттæй хъалонты бæрц 220 милуан сомæй фæфылдæр сты.
Хицæнæй æмбырды æркастысты, 12 дæлпроекты кæмæн ис, ахæм 5 ахъаззаг проектмæ. Сæ иумæ-йаг аргъ у 77,9 миллиард сомы. Ныридæгæн сыл хардзгонд æрцыд 64 миллиард сомы æнæбюджетон инвестицитæ, арæзт дзы æрцыди 2,5 мин кусæн бынатæй фылдæр.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ












