РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Владимир Вдовиченков æмæ театр æмæ кинойы артист, кинопреми «Золотой орел»-æй хорзæхджын Павел Деревянкоимæ. Сæ ныхас уыд, республикæйы «Дух барса», зæгъгæ, цы киноныв исынц, уый тыххæй.
Фембæлды ма архайдтой Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Демьян Лаптев, продюсертæ Соскъиты Зауыр, Дзгойты Дмитри æмæ Дзиуаты Константин.
Сергей Меняйло бахахх кодта проектты ахадындзинад æмæ загъта, республикæйы хицаудзинады оргæнтæ цæттæ кæй сты киноисджыты къордæн алывæрсыг æххуыс раттынмæ.
– Махæй аразгæ цы уа, уыдон æппæт дæр сараз-дзыстæм, цæмæй киноисджыты къорды уæнгтæн сæ бон уа æнæкъуылымпытæй кусын. Мах ахсджиаг хъуыддагыл нымайæм, цæмæй ахæм проекттæ æххæстгонд цæуой, хæрзхъæд кинонывтæ ист цæуой æмæ кæсджыты зонгæ кæной Ирыстонимæ, йæ рæсугъд æрдз, зæрдæхæлар адæм æмæ æрдхæрæны традицитимæ. Уæ къордæн мæ зæрдæ зæгъы куыст кæронмæ æнтыстджынæй ахæццæ кæнын, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æнхъæлмæ кæсдзыстæм кинонывы премьерæмæ, – загъта Сергей Меняйло.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, киноныв «Дух барса» исынмæ Цæгат Ирыстоны кæй бавнæлдтой июлы астæу. Сюжеты сæйраг хъайтар – 13-аздзыд лæппу Батрадз Дзæуджыхъæуæй. Йæ бæллиц у футболист суæвын, фæлæ йæм дохтыртæ зæрдæйы низ рахатыдтой. Фæлæ, йæ низ ницæмæ даргæйæ, сæйраг хъайтар тырны сывæллæтты зындгонд футболы академи «Алани»-мæ бахауынмæ. Киноныв ист цæудзын августы астæумæ.
Зындгонд артисттæй уæлдай проекты уыдзысты футболы æцæг архайджытæ. Зæгъæм, Уæрæсейы иугонд командæйы сæйраг тренер Валерий Карпин, футболон тæрхонгæнæг Сергей Карасев æмæ футболист Александр Филимонов. Æхсызгон хъуыддаг ма у, бынæттон цæрджытæ дæр кæй архайынц дзыллон сценæты.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ












