Цæр, мæ райгуырæн хъæубæстæ!

0
16

Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, «Майрæм-Ададжы» къазнайы фæзы фыццаг æрцæрджытæ иугай бинонтæ уыдысты. Алы рæтты фæзынд фыццаг хæдзæрттæ йæ фæзуатыл. Уыцы рæстæг хъæууаты бынаты уыд хъæд, йæ хъару кæмæн куыд уыд, афтæ йæ сыгъдæггæнгæ цыдысты, бæлæстæй уæгъд кодтой цæхæрадæттæ æмæ хизæнуæттæн бынат, ногæй-иу чи æрбалыгъд, уыдон. Фæстæдæр, 1909 азмæ дзы æрцард 78 хæдзары. Облæстон хицауад æмæ Облæстон зæхбарджытæ сæ алкæмæн дæр радих кодтой 3,5 дæсæтины зæхх. Йæ фыццаг æрцæрджытæ та уыдысты Базратæ æмæ Царахатæ. Хæдзæртты нымæц фылдæргæнгæ цыд, æмæ дзы 1911 азмæ хъæу рауад, рахуыдтой къазнайы фæзы номæй – Майрæмадаг.

Уæдæй рацыд 115 азы, хъæу райрæзт. Ныр дзы нымадæй ис 550 хæдзары, йæ цæрджыты нымæц минæй уæлæмæ у. Уыдонмæ ма бафтау, сæрдыгон дзы чи цæры, стæй дзы дачæтæ чи скодта, уыдон дæр чысыл не сты. Ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азты Майрæмададжы фарсмæ зæххытæ байуæрстой Гуырдзыстоны мидрайонтæ æмæ Хуссар Ирыстонæй лыгъд адæмыл. Царды амæлттæ кодтой, фæрæзтæ ссардтой, æмæ хъæу зынгæ райрæзт. Битарты Роберт нырма æрыгон лæппу у, рæхджы уыдзæн афæдз, администрацийы сæргълæууæгæй йæ куы сæвзæрстой хъæубæстæ, ууыл. Раздæр æй, зæгъы, нæ хатыдтон, цас бæрнондзинад ис ацы бынаты, уый. Адæм æмæ хицаудзинады ‘хсæн, иуæй, бæрнон у, иннæмæй – уæззау хæс ис æвæрд адæймагыл:

– Бирæ фарстатыл хъæуы нырма бакусын. Цæрджыты уавæртæ фенцондæр сты, машинæ-иу уаргæ бон хъæумæ нæ цыд, йæ уынгтæ – цъыф, æмæ дзы хæдтулгæйыл ахизæн нæ уыд. Ныр хъуыддаг аивта. Фæндæгты уавæр, доны фарста лыггонд æрцыдысты, æрдзон газ æмæ электрон тых хъæумæ æнæкъуылымпыйæ лæвæрд цæуынц. Раздæр дзы нуазыны дон æмæ æрдзон газ нæ фаг кодтой.Фарон нæм æрбауагътой Интернет. Бындуронæй сцалцæг кодтой бынæттон скъолайы агъуыст, йæ директор Плиты Заремæ мæм арæх æрбадзуры, фæкæс-ма мæм, зæгъгæ. Йæ ахастæй дæр бæрæг у, йæ куыстыл кæй тыхсы, уый. Кълæсты ахуырдзаутæ бирæ нæй, иуæй – демографион уавæр ныллæг у, иннæмæй – бирæтæ сæ сывæллæтты горæтмæ ласынц ахуыр кæнынмæ, афтæмæй та Майрæмададжы скъолайы хорз уавæртæ ис. Фарстон бынæттон рæвдауæндоны сæргълæууæг Плиты Жаннæйы, цал сывæллоны райсдзыстут ацы аз, зæгъгæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыдзысты 27 сабийы, рæвдауæндоны та ис æртæ къорды. Æххуыс сæ куы бахъæуы, уæд амалгæнæнæй сæ фарсмæ балæууын, – зæгъы хъæуы хицау.

Майрæмададжы амбулаторийы дохтыр Чекойты Фатимæйы чи нæ зоны хъæубæсты, ахæм адæймаг стæм разындзæн. Фатимæ йæхæдæг дæр зоны, тыхсы алкæуыл дæр стырæй-чысылæй. Кусы, куыд хион, афтæ. Горæтæй цæуы уал азы, зивæг дæр нæ кæны, бæрнондзинад æм бæрзонд æмвæзадыл æвæрд у. Амбулаторийы рынчынæн фыццаг æххуыс бакæнынæн ис алцы дæр, куы бахъæуы, уæд та Алагиры рынчындонмæ дзæбæх кæнынмæ арвиты. Раппæлинаг не сты бынæттон клуб æмæ администрацийы агъуыстыты уавæр. Бынæттон клубы куыстмæ фау æрхæссæн нæй, архайынц дзы хихъæппæрисадон къордтæ. Уый хыгъд йæ агъуысты уавæр у æдзæллаг. Ныййарджыты куы бафæрсы Битары-фырт, дæ сывæллоны кафджытæм цæуылнæ уадзыс, уæд сæ дзуапп вæййы, тæрсгæ кæнын, йæ къултæ куы ныккæлой, уымæй, зæгъгæ. Уый, гæдыныхас нæу. Роберт нын куыд бамбарын кодта, афтæмæй ног клубы арæзтадæн зæххы хай радих кодтой, проект дæр ын ис конд, фæлæ уавæртæ нырма нæ амонынц йæ арæзтадмæ бавналын. Кæд райдайдзæн, уый зын зæгъæн у.

Йæхи агъуыст нæй бынæттон администрацийæн дæр. Рæстæгмæ сæ хæстæ æххæст кæнынц библиотекæйы агъуысты, рухс æмæ хъармгæнæнтæ кæм нæй, уыцы зæронд бæстыхайы. Бæлвырд аххосæгтæм гæсгæ суæгъд кæнын бахъуыд, цы агъуысты уыдысты, уый. Фарстамæ каст цæуы тæрхондоны, æмæ зæрдæ дарынц, фæззæгмæ хъуыддаг лыггонд кæй æрцæудзæн, ууыл. Библиотекæйы агъуыст кæд зæронд у, уæддæр æм йæ сæргълæууæг Джериаты Светланæ базилы, чъырæй йæ рацæгъды, сахоры рудзгуытæ, дуæрттæ æмæ пъолтæ сæрды мæйты улæфæн рæстæджы, цæмæй хъæуы цæрджытæ сыгъдæг уаты исой æмæ кæсой чингуытæ.

– Цæмæй чиныгмæ баирвæзон æмæ сæ кæсынæй бафсæдон, уымæн æрбацыдтæн ардæм кусынмæ. Хæдзары мын нæ уыд уыцы фадат, нæ мад Битарты Езетхан нæ сидзæрæй схаста. Дыууын фондз азы йыл цыд, æртæ сывæллоны ‘вджид куы баззад, уæд. Æхсæвыгæтты-иу мæйрухсмæ кастæн чингуытæ. Мæ бæллиц сæххæст, библиотекæйы куыстыл фæцалх дæн, – зæгъы Светланæ. Библиотекæйы сæргълæууæг скъолайы директор æмæ къласы разамонæг Кортиаты Альбинæимæ иумæйагæй кусынц рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладыл астæуккаг ахуыргæнæндоны, рæвдауæндоны æмæ клубы. Йæ хъæппæрисæй библиотекæйы музейы скодта, Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ Майрæмадагæй чи ацыд, уыдоны, стæй, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыдоны номыл стендтæ.

– Операци куы райдыдта, уæд бацыдтæн администрацимæ, райстон, нæ хъæуæй дзы чи архайы, уыдоны номхыгъд. Хæст фæуыдзæн, фæлæ йæ архайджыты нæмттæ хъуамæ рох ма уой. Фæлæ сæм, æфсæддон комиссарадæй кæй арвыстой, уыдоны номхыгъд уыд æрмæст. Афтæмæй мæхæдæг райдыдтон хæстонты тыххæй æрмæг æмбырд кæнын. Адæм мæм фæкастысты, скодтой къамтæ, ничи мын дзы загъта «нæ», ууыл кусгæйæ. Фæндзай фондз лæппуйы сты. Æрæджы фехъуыстон, Базраты лæппу дæр кæй ацыд, уый тыххæй. Стыр хъыгагæн, нæ лæппутæй фондзæй фæмард сты, æртæйæ нымад цæуынц æбæрæгæй сæфтыл,– зæгъы хæстонты номыл стенд саразæг. Скæнынц, операцийæ рæстæгмæ ссæуæг хæстонтимæ фембæлдтытæ, сæ номыл изæртæ бынæттон скъола æмæ клубы, æндæр хъомыладон мадзæлттæ.

– Ис нæм «Æфсæддон намыс»-ы музей. Æфсæддон-денджызон флоты бон, дыууын æхсæзæм июлы музеймæ æрцæуы республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, фæархайы бæрæгбоны мадзæлтты. Патриотон хъомыладмæ цы цæстæнгас дарынц, уый бæрæг у хъæуы администрацийы сæргълæууæджы ныхæстæй дæр. Цæмæй æмæ куыд цæрынц хъæуы цæрджытæ 115 азы фæстæ? Дарынц фос, йæ бон кæмæн цас у, уый бæрц. Кæнынц алыхуызон куыст, ис сæм фермертæ, арендатортæ. Раст зæгъгæйæ, сæ нымæц фæкъаддæр, хъаст кæнынц, боныхъæд сæ кусын кæй нæ уадзы, уымæй. Фарон хус рæстæг хаста, ныр быдыртæ дон ласы. Ис нæм, æхсæры куыст чи кæны, ахæмтæ дæр. Цалдæр азы фæстæ сæм тыллæг раттынмæ æнхъæлмæ кæсынц. Нæ быдыртæ схъæд сты, фос дзы хызтысты раздæр. Ныр фос фæкъаддæр сты, æмæ йыл нал тых кæнынц. Афæлвæрдтам йе ссыгъдæг кæныныл, фæлæ æнæ техникæ уый нæ къухы нæ бафтыд. Уæд æхца æрæмбырд кодтам, техникæ баххуырстам æмæ зиу ракодтам. Телефонæй бадзырдтон нæ хъæуккаг амалхъом адæймаг Дзеранты Сосланмæ, фæкæс-ма мæм, зæгъгæ. Алуæрст мын æрбарвыста æмæ дзы хъæуы уынгтæм базылдыстæм. Арæх мæм æрбадзурынц Сосланы хуызæттæ, сæ фæрцы мæм ныфс фæзыны, саразинаг хъуыддæгтыл кæй бакусдзыстæм, уымæй,– зæгъы Роберт.

Майрæмадагæн ацы аз юбилейон у. Цардхъом, бонзонгæ, сæ райгуырæн хъæуыл æнувыд чи у, ахæм куыстуарзаг адæм дзы цæры абоны онг. Йæ сомбон рæсугъддæр æмæ амондджындæр кæй уыдзæн, ууыл æууæндгæйæ, аразынц сæ цард, хæссынц сывæллæттæ, сæ ныфс нæ сæтты.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here