Ахсджиаг фарстатыл дзырдтой

0
16

«Нæ республикæйы бюджет 2026 азы фыццаг æмбисы æххæстгонд æрцыд æппæт бæрæггæнæнтæй дæр. Æфтиæгтæ бюджетмæ æрбацыд 25630 милуан сомы бæрц, уый у, цы æмгъуыд кодтой пъланмæ гæсгæ, уымæн йæ 47 проценты. Хардзгонд æрцыд 28062 милуан сомы бæрц.

Афæдзы æхсæз мæймæ, хъалонтæ æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ бюджетмæ бацыд, иумæйагæй – 11260 милуан сомы бæрц, ивгъуыд азы  ацафонимæ абаргæйæ, уый у 114,4 проценты. Æфтиæгты рæзт рауад 1416.113,0 мин сомы.

Финансон æххуыс истой бюджетон æмæ автономон куыстуæттæ. Уыимæ, афæдзы фыццаг æмбисмæ 4790 милуан сомы бæрц радих кодтой 10 национ проекты мадзæлттæ æххæст кæнынæн. Ацы æмæ æндæр фарстатæ нæ республикæйы Хицауады æмбырдмæ рахаста финансон ведомствæйы минæвар. Хицауады радон æмбырд амыдта йæ Сæрдар Дзанайты Барис.

Министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ æрдзырдтой боны фæткы фарстатыл, уыдон иууылдæр баст сты нæ республикæйы социалон-экономикон уавæримæ.

«Газы хæдзарады техникон рацарæзт æмæ ифтонгдзинады» программæйы фæлгæты акционерон æхсæнад «Газпром-Газораспределение» Мамысоны курорты кæронмæ ахæццæ кодта объекты арæзтад. Йæ арæнтæ сфидар кæныны тыххæй дзырдта РЦИ-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, арæзтад æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур.

Ахсджиаг фарстайыл дзырдта нæ республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр Абайты Юри. Хицæн адæймæгтæн, инвалидтæн социалон лæггæдтæ лæвар чи кæны, регионалон æмæ муниципалон маршруттыл сæ лæвар бынатмæ чи ласы, уыцы куыстуæттæн, субсидиты хуызы республикон бюджетæй баххуыс кæнын.

Ивддзинæдтæ бахастой Хицауады раздæры уынаффæмæ «Бинонты фермæйы райрæзтæн сæ хæрдзты иу хай бафидынæн федералон бюджетæй субсидитæ раттыны фæткæвæрд»-мæ. Ацы куыст цæуы «Хъæууон хæдзарады рæзт æмæ хъæууонхæдзарадон продукцийы базарадмæ цæстдард»-ы паддзахадон программæйы бындурыл. Хицауады уæнгты размæ ацы фарста рахаста РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Мæхъиты Алан. Ныхас ма цыдис хъæууон туризмы рæзтæн хуыздæр проекттæ равзарыныл æмæ сын грант «Агротуризм» раттыныл дæр.

РЦИ-Аланийы ахуырады къабазмæ аккаг æвæрæн чи бахаста, конкурстæ æмæ фестивальты уæлахиздзаутæ кæй ахуырдзаутæ сты, сæ куыст парахатæй чи æвдисы, уыцы ахуырадон куыстуæттæн, гранты хуызы æхцайæ баххуыс кæнын республикæйы бюджетæй, – Хицауады уæнгтæ сразы сты, ацы уынаффæмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл.

Æмбырды архайджытæн æй фехъусын кодта нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ.

Хицауады уæнгтæ ма дзырдтой æндæр ахсджиаг фарстатыл.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here