Сæйрагдæр – æдасдзинад

0
22

Уæрæсейы, уыимæ, ног регионты дæр дыккæгæм бон цæуынц Паддзахадон Думæйы Федералон Æмбырды 9-æм æрсидты депутатты æвзæрстытæ. Æртæ боны кæй ахæсдзысты, уый баст у æдасæй сæ арвитыны фарстаимæ.

Æвзæрстыты фыццаг бон нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло схъæлæс кодта Национ наукон библиотекæйы 254– æм æвзарæн участокы:

– Æвзæрстыты архайын  формалондзинад нæу. Уый алкæмæн дæр фадат дæтты, федералон Парламенты граждæнты интерестæ чи хъахъхъæндзæн æмæ уынаффæтæ чи хæсдзæн, кæцытæй бирæ аразгæ у регионты æмæ, æмткæй райсгæйæ, паддзахады рæзт, уый сбæрæг кæнын. Уæрæсейы Президент Владимир Путин куыд бафиппайдта, афтæмæйграждæнты равзæрстæй арæзт цæуы хицаудзинады бакастджын корпус. Мæнæн ахсджиаг у фæрсырдыгæй нæ лæууын. Паддзахады амондджын цард, йæ рæзт æмæ иудзинад аразгæ у, алчи йæ граждайнаг хæс æххæст кæнынмæ цы цæстæй кæсы, уымæй, – бахахх кодта йæ ныхасы республикæйы Сæргълæууæг.

Нæ республикæйы Уæрæсейы Паддзахадон Думæмæ депутаттæ æвзарыны кампанийы архайы 10 территориалон æмæ 309 æвзарæн участокы. Знон се ‘ппæт дæр байгом сты афоныл, æвзарджыты номхыгъды ис 511 мин адæймагæй фылдæр, æвзарæн къамисы уæнгты бæрц та у 3,5 мин адæймаджы. Граждæнтæ рæстæгмæ кæм сты, уым кусы 19 æвзарæн къамисы. Æвзæрстыты рæстæг уæлдай æргом здæхт цæуы æдасдзинад æмæ сæ цыды æнæзакъон хæлдтытæ цæмæй ма æрцæуа, уымæ. Æппæт участоктæ дæр хъахъхъæнынц мидхъуыддæгты оргæнты минæвæрттæ, згъæр детектортæ æмæ видеоцæстдарды системæйы фæрцы. Цæттæ сты æнæнхъæлæджы уавæртæ сæвзæрынмæ, рагагъоммæ бацæттæ кодтой уæлæмхасæн бæстыхæйттæ, æнæнхъæлæджы электрон рухс æмæ бастдзинад куы фесæфой, уымæ дæр цæттæ сты. Мыхуыры Хæдзары 250-æм æвзарæн участокы æдасдзинады фарстайæн дзуапп дæтты пъæлицæйы капитан Кочиты Валери:

– Æргом здахæм, цæмæй æвзæрстыты рæстæг барад хæлд ма ‘рцæуа, кампанийы цыды къуыхцытæ ма уа, мачи бахæсса зеленкæ, хæцæнгарз, диверсион хъуыддæгтæ не ‘руадзын – уый у нæ хæс æмæ йæ æххæст кæнæм, адæм сæхи æдас цæмæй æнкъарой. Æнæнхъæлæджы сæвзæрд уавæры архайдзыстæм йæ банывыл кæныныл, – зæгъы Валери. Мыхуыры Хæдзары кусджытæ бæрнон цæстæй кæсынц æвзæрстыты архайыны хъуыддагмæ. Сæ фылдæр схъæлæс кодтой кампанийы фыццаг бон.

Дзæуджыхъæуы 284-æм æвзарæн участок æрбынат кодта Фæсивæды галуаны. Фæткмæ гæсгæ къамисы уæнгтæ сæ хæс æххæст кæнынмæ бавнæлдтой Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны гимнтæ ацæгъдыны фæстæ.

– Байуæрстам бюллетеньтæ, фыццаг минутæй æвзарджытæ цæуынц хъæлæс кæнынмæ. Нæ зæрдæ дарæм, адæм активонæй кæй архайдзысты æртæ боны дæр, ууыл. Æхсызгонæй сæмбæлдыстæм, ацы аз фыццаг хатт чи архайы æвзæрстыты, уыцы фæсивæдыл. Æнхъæл нæ уыдыстæм, æртын æрыгон лæппу æмæ чызджы æвзарæн участокмæ афтæ цæттæ æмæ хæрзарæзтæй æрбацæудзысты, сæ къухты – Уæрæсе æмæ Ирыстоны тырысатæ, афтæмæй, уый. Зæрдæлхæнæн лæвæрттæ райстой æвзарæн къамисæй. Уый нæ иудзинады нысан у, æгайтдæр-ма нæ фæсивæдмæ ахæм тырнындзинад ис, бæллынц, зæгъгæ, хъæлæс ратгæйæ, нæ цард кæд фæхуыздæр уаид, уымæ. Мах дæр æм æнхъæлмæ кæсæм, – зæгъы æвзарæн участокы сæрдар Гæздæнты Сослан. Ацы азы æвзæрстыты фыццаг хатт чи архайы, уыдоны нымæц у 16 минæй уæлæмæ. Алы æвзарæн участокы дæр ис, æвзæрстыты рæстæг сын дзуапп чи дæтты, ахæм адæймаг. Йе ‘нæниздзинадмæ кæнæ кармæ гæсгæ æвзарæн участокмæ æрбацæуыны хъару кæмæ нæй, уыдонæн фадат ис «Мобилон æвзарæг»-ы механизмæй спайда кæнын, кæнæ хæдзары схъæлæс кæнын.

20 сентябры республикæйы Парламенты депутаттæ Уæрæсейы Президенты бавдыст кандидатурæтæй равзардзысты Цæгат Ирыстон-Аланийы разамонæджы. Уымæй уæлдай, нæ республикæйы Хуссар Ирыстоны граждæнтæй Президенты æвзæрстыты чи архайы, уыдонæн 18 сентябры бакодтой 4 æвзарæн участокы. Дыууæ – Дзæуджыхъæуы, фæйнæ иу – Алагир æмæ Камбилеевкæйы, иу та – Мæскуыйы. Æвзæрстытæ цæуынц дарддæр, рагагъоммæ хатдзæгтæ сбæрæг уыдзысты 21 сентябры, къуырисæры.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here