Дæ хъæлæс – Уæрæсейы тых

0
15

Уæрæсейы Федерацийы федералон закъоны бындурыл, Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæмæ депутаттæ æвзарæн кампани цæудзæн æртæ боны – 18, 19 æмæ 20 сентябры. Ахæм æвзæрстытæ ма уыдысты 2021 азы.

Сусæг хъæлæс кæнгæйæ, граждæнтæ равзардзысты 450 адæймаджы фондз азы æмгъуыдмæ. Уыдонæй 225 æвзæрст цæудзысты иумандатон, 225 та – федералон æвзарæн зылдтæм гæсгæ. Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани федералон номхыгъды у 30-æм иумандатон æвзарæн зылд.

Нæ республикæйы кусдзæн дæс территориалон æвзарæн къамисы. Ацы æмæ æндæр цымыдисаг информаци «Рæстдзинад»-ы редакцийы коллективимæ фембæлды рæстæг радзырдта Дзæуджыхъæуы Галиуварс районы территориалон æвзарæн къамисы сæрдар Габеты Марат.

– Цыбыр рæстæг ма баззад Паддзахадон Думæйы фарæстæм æрсидты депутатты æвзæрстытæм. Æвзарæн къамистæ кусдзысты райсомы 8 сахатæй изæры 8 сахатмæ. Алы участочы дæр уыдзæн бархионтæ, уыдон алывæрсыг æххуыс кæндзысты фæкæсынхъуаг адæмæн.

Фыццаг хатт чи хъæлæс кæндзæн, уыцы 18-аздзыд фæсивæдмæ æнхъæлмæ кæсдзысты æхсызгон лæвæрттæ.

Ныртæккæ нæ республикæйы хъæлæс кæнæн ис æртæ хуызы. Фыццаг – традицион: паспортимæ бацу дæхи æвзарæн къамисмæ. Дыккаг – рагацау, дæ фæндон фехъусын кæнгæйæ, схъæлæс кæнæн ис, хæдзарæй нæ рацæугæйæ. Æртыккаг фадат дæтты территориалон æвзарæн къамисы, кæнæ портал Госуслуги, МФЦ-йы, уыцы бон дæ кæм æрæййафа, уым дæ хъæлæс раттынæн.

Æвзарæн участокты уæнгтæ 20 августы райдайдзысты номхыгъдтæ сбæлвырд кæнынæн æвзарджытимæ æмбæлын. Зилдзысты хæдзар-хæдзар. Сæ уæлæ сæрмагонд дарæс, риуылдаргæ нысан, æвзарæн кампанийы логотипимæ хызын, планшет. Кандидаттæ æмæ партиты тыххæй информаци, хуынды гæххæтт æмæ алкæмæн дæр зæрдылдарæн лæвар уыдзæн къамисы уæнгтæм.

Уæ хорзæхæй, сæмбæлут æмæ уæ хъæлæс раттут хуыздæрты хуыздæрæн. Ма фæзивæг кæнут – алы хъæлæс дæр ахсджиаг у.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here