Курдиæттæм æркæсдзысты

0
10

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты хиуæттæ алыхуызон фарстатимæ бахатыдысты регионы разамонæгмæ.

Фембæлды архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауад æмæ Сæргълæууæджы Администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Биасты Игорь æмæ Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы æбæрæгæй фесæфæг æфсæддонты агурæг центры разамонæг Арзу Мамедова.

Æфсæддонты бинонтæн Цæгат Ирыстоны цæуы алывæрсыг æххуыс. Республикæйы Хицауадæн ацы фарста у ахсджиаг æмæ фыццаградон. Æппæт курдиæттæ дæр бæрæггонд æрцыдысты. Сергей Меняйло бафæдзæхста æркæсын алы фарстамæ дæр.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here