Нæ тых нæ иудзинады ис

0
33

 Нæ республикæйы дарддæр цæуынц, Уæрæсейы Адæмты иудзинады азы кадæн мадзæлттæ. Знон Дзæуджыхъæуы Наукон библиотекæйы уыд  цæлхæмбырд «Мах хæлардзинадæй тыхджын стæм», зæгъгæ,  сæргондимæ. Бацæттæ йæ кодта РЦИ-Аланийы Архивон службæ.

Мадзалы архайдтой: РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз,  РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов, Республикæ Хуссар Ирыстоны архивон службæйы разамонæг Гæбæраты Алан, æмбырды видеобастдзинады фæрцы архайдта Запорожьейы облæсты Архивон хъуыддæгты фæдыл æмæ документалон ифтонгады службæйы разамонæг Наталья Рыбка, Цæгат Кавказы æппæт республикæты архивон службæты разамонджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты, дины  кусджытæ, æхсæнады æмæ фæсивæдон организациты минæвæрттæ.

Форум райдыдта Уæрæсейы Федераци æмæ Цæгат Ирыстоны гимнтæй. Архивон службæйы кусджытæ бацæттæ кодтой, республикæйы Архивон службæйæн бындурæвæрд куы æрцыд, уыцы азæй абоны онг  цы ахъаззаджы куыст кæны, Цæгат Ирыстоны истори, культурæ æмæ зындгонд адæмты царды тыххæй гæххæттытыл фыстæй чи баззад, уыцы зынаргъ документтæ бахъахъхъæныны тыххæй документалон киноныв дæр.

Цæлхæмбырд байгом кодта РЦИ-Аланийы архивон службæйы разамонæг Хайманты Барис. Уый бæлвырд радзырдта  егъау форумы нысантæ æмæ сæ ахадгæ куысты бæрæггæнæнты тыххæй.

– УФ-йы  Президент 2026 аз фæсидт – Уæрæсейы Адæмты иудзинады азæй. Уый хуымæтæджы бон нæу. Ахæм мадзæлттæ нæ  иу кæнынц, хæлардзинады тæгтæй   бæттынц, суанг кæрæдзимæ хæрам цæстæй чи каст, ахæм адæймæгты дæр. Иу бæстæйы цæргæйæ, хъуамæ мах, алы адæмтæ, кæрæдзи дихтæ ма кæнæм, фæлæ æнгомæй,  иумæйаг хъарутæй архайæм нæ бæс-
тæйы сабыр цард æмæ фæрныгадыл. Уый у не ‘ппæты хæс  дæр. Ацы къæлиндарон боны стыр ахадындзинад ис архивты куыстæн. Архивисттæ архайынц канд документалон фыстытæ нæ, фæлæ æхсæнадон царды цаутæ, нæ республикæйы бирæ нациты  культурæ æмæ традицитæ дæр сæнусон кæныныл. Абон нæ фембæлды дæр ныхас кæндзыстæм хæлардзинадыл, иудзинадыл æмæ нæ куысты иумæйаг фарстаты æнтыстдзинæдтыл, – загъта Хайманты Барис.

РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз та уазджытæн радзырдта нæ республикæйы зындгонддæр цауты фæдыл, советон хицауад Терчы облæсты куы æрфидар, уæдæй фæстæмæ социалистон æхсæнад  нæ республикæйы цы бирæ ног хæрзтæ сарæзта, куыд рæзыд Ирыстон, уыцы историон цауты тыххæй.

– Иудзинадыл куы дзурæм, уæд нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм, адæмты æнгомдзинад  нын цы бирæхорз хъуыддæгтæ æрхаста, уый. Фыццаджыдæр, 250 азы размæ Ирыстон Уæрæсеимæ барвæндонæй куы баиу, уæд нæхи хъысмæтыл бафæдзæхстам æмæ райдыдта  нæ амондджын фæндаг. Мах бацыдыстæм егъау бæстæйы бирæнацион хæдзары бинонтæм. Сæрыстыр стæм,  æмæ XIX æнусы астæу, Цæгат Кавказы махмæ фæзынд фыццаг Уырыссаг театр. Ирыстон бабæрæг кодтой дунейы æмæ нæ бæстæйы зындгонд фысджытæ, аивадиртасджытæ, бæлццæттæ, абон дæр нæ республикæ йæхимæ æлвасы æндæрбæстаг адæмты. Ахуырад  æмæ æнæниздзинады системæты рæзт, Дзæуджыхъæуы фыццаг политехникон æмæ Хæххон-металлургон институтты æмæ егъаудæр куыстуæтты арæзтад. Рæзты фæндагыл нын хъысмæт балæвар кодта Хетæгкаты Къостайы, æфсæддон хъæбатыртæ Плиты Иссæ æмæ Мамсыраты Хаджумары. Сæрыстыр стæм, нæ республикæйы алы нациты минæвæрттæй, аивады, спорты, наукæйы  йæ ном зындгонд кæмæн у æмæ канд нæ Ирыстоны нæ, фæлæ æнæхъæн бæстæйы хæрзамондæн дæр удуæлдай фыдæбон чи кæны, уыдонæй. Æмæ, æппæт ацы æнтыстдзинæдтæ сæвзæрдысты нæ иудзинад æмæ æнгомдзинады хъомысæй, – загъта  Парламенты Сæрдар.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов нæ республикæйы Сæргълæууæджы номæй  арфæ ракодта фембæлды архайджытæн æмæ загъта, Иудзинады азæн стыр ахадындзинад кæй  ис, уый. «Архив – нæ историон   хæзнатæ æмæ бынтæ хъахъхъæнæг у. Æмæ мах дæр архайдзыстæм  фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæнын уыцы хæзнатæ. Нæ иудзинады ис нæ хъару. Уымæн та ирдæй æвдисæн сты, бирæ æнусты дæргъы Уæрæсейы сконды цæрæг бирæ нацитæ кæрæдзиимæ хæларæй куыд цардысты, уый. Кæрæдзи гуырдзиæгтæ, ирæттæ, уырыссæгтæ æмæ сомихæгтыл нæ дихтæ кæнæм,  фæлæ иумæ архайæм  æмзондæй рæсугъд фидæн аразыныл. Уыцы хабæрттæ  абон дæр Архивон службæ цæстыгагуыйау хъахъхъæны», – загъта Александр Реутов.

Форумы фенæн уыдис Архивон службæйы алы цаутæ æвдисæг нывты равдыст.

 

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here