Ирланди ирыстойнаджы цæстæй

0
20

Евроцæдисы 27 паддзахадæй æрбацæуæг адæммæ иуы дæр Ирландийы хуызæн хорз нæ кæсынц. «Сæ хистæр фæлтæр мæм ирæтты ‘нгæс кæсынц, йæ номæн дæр Ирыстоны хуызæн зæлынад ис, паддзахадон æвзæгтæ ам дæр сты дыууæ – англисаг æмæ ирландиаг. Уазæгуарзон сты ирæттау, сæ цардыуаг æмæ хъуыдыкæнынад дæр – мах æнгæс. Цыма Ирыстоны дæн, афтæ мæм фæкæсы. Æнгæс сты нæ дыууæ адæмыхатты орнаменттæ, Уæрæсе æмæ Ирландийы историктæ кусынц, иумæйагæй нæм цы ис, уый раиртасыныл. Бирæ ‘рмæджытæ бакастæн уый фæдыл. Фæлтæртæ ивынц, æмæ ныгуылæйнаг политикæ сæ æрыгæтты зондахастыл æнæзынгæ нæ фæцис», – зæгъы, се ‘хсæн 24 азы чи цæры, уыцы ХЪАЙТЫХЪТЫ Динæ. Йæ райгуырæн бæстæмæ радон хатт ссæугæйæ йемæ фембæлд нæ уацхæссæг, бæлвырд базыдта ирландиæгты царды уаг.

Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы рауагъдоны, ЦИПУ-йы цур англисаг скъолайы ахуыргæнгæйæ иннæтимæ арвыстой Оксфордмæ, цæмæй сын, чи йыл дзуры, уыдоны ‘хсæн уæвын æмæ йæ бæстондæр базонынæн фадат уа. Куы сыздæхт, уæд Англис, æви Ирландимæ кусынмæ ацæуынæн уыд фадат. Бауынаффæ йын кодтой дыккаг равзарын, уымы адæм тынг хицæн кæнынц англисæгтæй, зæгъгæ. Фæстæдæр æй йæхиуыл банкъардта: англисæгтæ уазал цæстæй кастысты фæсарæйнæгтæм, ирландиæгтæ сæ сæ къухтыл хастой. Йæ рæстæджы мæгуыр бæстæ уыд Ирланди — Англисы колони, ныр дæр йæ цæгатварсæн хицауиуæг уыдон кæнынц. Риссаг фарста у нæ рæстæджы дæр ирландиæгтæн, сæ хъысмæт Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны æнгæс у. Закъонмæ гæсгæ дзы чи цард мигранттæй, уыдоны цот нымад æрцыдысты паддзахады граждæнтыл, ныййарджытæн лæвæрдтой паспорттæ.

Бирæтæ спайда кодтой уымæй, æмæ байдзаг фæсарæнтæй æрбацæуæг адæмæй, æрмæст паспорт исгæйæ сæ гæххæттыты фæнысан кодтой, цæгатæй, æви хуссарæй у, уый. Куыд фæзынд уый паддзахады æхсæнады цардыл? Уæрæсейы туризмы рæзтимæ æргътæ уæлæмæ цæуын куыд райдыдтой, ам дæр афтæ. Æххуыс сын цæуы паддзахадæй, сæ хъалонты политикæ тасаг у, уымæ гæсгæ сæм фæсарæнтæй æрбацыдысты зындгонд ай-ти компанитæ. Бирæ гæнæнтæ фæзынд æрыгæттæн, æххæст цæуынц социалон программæтæ.

Ныййарджытæ сæ бынтæ цотæн нæ ныууадзынц, 18 азы кæуыл сæххæст вæййы, уымæн йæ бон у ипотекæ 6-7 процентимæ райсын, уавæртæ хынцгæйæ, уый бирæ нæу. Раздæр 2-3 проценты уыд, инфляцийы рæзтимæ йæ бæрц схызт. Динæ бамбарын кодта, уым мах хуызæн кæй нæу, бинонтæ хæдзар балхæнынмæ кæй нæ тырнынц, арендæйы исынц цæрæн-уæттæ æмæ дзы æвæлмæстæй цæрынц. Сæ цотæн бын скæнынмæ кæй нæ тырнынц, уый та, исбонады аргъы 30 проценты цоты кæй хъæудзæн хъалон бафидын, уыимæ баст у. Цæмæй уымæй хызт уой, уый тыххæй ныййарджытæ, гæнæн ис, æмæ рагагъоммæ сæ исбон ауæй кæной æмæ цотыл æхца байуарой, цæрæнуат та арендæйы райсынц.

– Диссаг сæм каст, куы сын-иу дзырдтон, махмæ хæдзæрттæ, хæдтулгæтæ балхæнынц сæ кæстæртæн, уæд. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, уый сывæллоны раст нæ хъомыл кæны, йæхæдæг куы дара йæхи, уый хорзыл нымайынц. Зын бамбарæн сын сты, мах ныййарджытæ æмæ цоты ‘хсæн ахастдзинæдтæ, – зæгъы Динæ.

Чи зоны, исчи афтæ банхъæла, æмæ сæ царды æппæт дæр нывыл у. Дарддæр нæ ныхасы сæр уыдзæн Ирландийы ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады фарстатыл. Медицинæйы системæ афтæ æвæрд у, æмæ хæрзхъæд медицинон æххуыс райсой, уый фадат дзы нæй. Хатт рынчыны рады лæугæйæ æнхъæлмæ кæсын
бахъæуы мæй дæр нæ, фæлæ афæдз. Хайады дохтырмæ бацæу-гæйæ, гæнæн ис, æмæ дын дæ разы чиныг рафæлдах-бафæлдах кæна, цы хос дын рафысса, уый агургæйæ. Махмæ уый диссаг кæсы, уым та – нæ. Дзæбæх кæнынæн цæрæнбонты хъуамæ фидай зынаргъ страховкæ. Махмæйы полисты хуызæн гæххæтт сæм ис, медицинон æххуыс дзы исынц лæвар, фæлæ йæ хæрзхъæддзинад тынг ныллæг у.

Динæ куыд радзырдта, афтæмæй йæ кæстæр чызджы хъуыд ЛОР дохтыры æххуыс, операци йын скæнын. Полисмæ гæсгæ сæ рады сæвæрдтой, афæдз æмæ ‘рдæджы фæстæ сæ уавæрмæ æркастаиккой, бынтон цауд уавæры нæу, куы февзæрдæр уа, уæд-иу æрбацæут, зæгъгæ, сын бамбарын кодтой. Уынæггаг  бафыстой 200 евройы. Сывæллон улæфын нæ фæрæзта, Дублинæй йæ Динæ аласта æндæр горæтмæ. Уым дæр та йæ хъуыд мæй æнхъæлмæ кæсын. Уым дæр клиникæйы дохтырæн раттой 130 евройы, операци кæнæггаг – 4000 евройы. Сæ амондæн сæ ‘хца фидыны сæр нал бахъуыд – куыстурæд дзы райдыдта, уый фæстæ та, æвæццæгæн, медицинон клиникæйы базæ аивта.

Сæ хæрзтæй нæу ахуырад дæр. Мах скъоладзауы зонындзинæдты æмвæзад афтæ уæрæх æмæ хъæздыг у, æмæ уым сæ хъуыдыйы дæр нæй, куыд ис уымæн уæвæн, уый. Сывæллон астæуккаг скъоламæ куы бацæуы, уæд хъуамæ цавæрдæр предметтæ равзара. Дыууадæсаздзыд сывæллон цæмæй зоны, цы йæ бахъæудзæн фидæны, уый… Уæрæсейы скъолаты предметтæ ахуыр кæнынц иумæйаг зонындзинæдтæ райсынæн. Католиктæ кæй сты, уый тыххæй лæппутæ æмæ чызджытæ хицæн скъолаты ахуыр кæнынц. Фæзындысты иумæйæгтæ дæр, фæлæ уыдон æппæт районы не сты. Лæппуты скъолайы физикæ æнæмæнг предмет у, чызджыты та – нæ, тынг сæ куы фæнда йæ ахуыр кæнын, уæддæр. Истори дæр равзаргæ предмет у, уымæ гæсгæ сæм нæй историон зонындзинæдтæ. Нæ зонынц, политикон уынаффæтæм цы цæстæй кæсой, уый дæр.

Уæлдæр ахуыргæнæндæтты дæр уавæр æндæрхуызон у, нæ зонынц, кæрæдзийæ, науæд чиныгæй сфыссын цы у, уый. Студент искæмæй куы сфысса, уæд æм ницы сдзурдзысты, фæлæ йæ дипломы фæнысан кæндзысты. Афтæмæй йæ фæстæдæр, ахуыргæнæндон каст куы фæуа, уæд æй куыстмæ ничи райсдзæн. Студент дæр йæ конспект иннæмæн нæ ратдзæн. Фæлварæнты рæстæг ахуыргæнджытæн æхца нæ дæттынц, уый сæ культурæйы ‘вæрд ис. Сывæллоны рæвдауæндонмæ бацæуынæн ис фадат, æрмæст æнхъæлмæ кæсæн гæххæттытæ бахæсгæйæ. Нæ сывæллæттæ скъоламæ бацыдысты, уæддæр нæм нырма рад не ‘рхауд, зæгъгæ, фехъусын кодта æмныхасгæнæг.

Ирланди Евроцæдисы уæнг у, фыдзæрдæ чи хæссы Уæрæсемæ сæрмагонд операцийы райдайæнимæ, уыцы паддзахæдты номхыгъды ис. Цы цæстæй кæсынц, цы дзы цæуы, уыцы хабæрттæм, зæгъгæ,  фарстæн, Динæ ратта дзуапп, паддзахады политикæ хин, фæлæ биноныг у. Граждæнты цардыл кæй тыхсынц, уымæ гæсгæ сыл цæрджытæ куырмæджы æууæндынц. Политикæмæ хæстæг лæуд нæу ирландиаг æхсæнад, цытæ дзы цæуы, ууыл нæ тыхсынц. Нæ хъуыды кæнынц, раст æмæ зылын чи у, уыдæттыл, цы сын хъусын кæнынц, ууыл æууæндынц. Фылдæр æргом криминал æмæ спортивон хабæрттæм здахынц. Сæ фылдæр Уæрæсейы ныхмæ кæй сты, уый баст у, англисаг колонийæ бирæ рæстæг кæй фæцардысты, уыимæ. Фæлæ, фæстаг рæстæг, сæ иутæ æмбарын райдыдтой сæрмагонд операци цæй фæдыл цæуы, уымæн йæ нысан.

Ирæттæй бирæ цæры ам, бæрæгбæтты рæстæг, Хетæджы бон, Джеоргуыбайы, Уæлахизы бон сæмбæлынц фынджы уæлхъус. 9 майы, кæд сæ зæрдæмæ нæ цæуы бынæттон цæрджытæн, уæддæр æрвылаз дæр саразынц хæдтулгæтыл дугъ, парады рацæуынц уынгты.

– Æз баззадтæн мæ чысыл бæстæйы патриотæй, мæ фидæн Ирыстонимæ бæттын, ирондзинад, нæ истори зонын, не ‘гъдæуттыл хæст уæвыныл ахуыр кæнын мæ кæстæрты дæр. Мæ фаззон хо Дианæ дæр йæ бинонтимæ ам цæры. Нæ кæстæртæ хорз зонынц уырыссаг æвзаг, скайпы фæрцы йæ ахуыр кодтой Аланæ æмæ Аминæ, раттой Иумæйаг фæлварæн. Иронау зонынц, фæлæ сын, хъыгагæн, дæрддзæгмæ ахуыргæнæг не ссардтон. Хæдзары æдзух нæ ныхас мадæлон æвзагыл у. Дыууæ паддзахады гражданкæ дæн, фæнды мæ, цæмæй зæххыл сабырдзинад ныффидар уа, нæ сывæллæттæ цæрой цъæх арвы бын, сæ рæзтæн цæмæй гæнæнтæ уа, цæмæй Уæрæсе æмæ нæ Ирыстоны цард дидинæг æфтауа, сывæллæттæ фылдæр гуыра. Æз советон сывæллон дæн, уырныдта мæ, рухс фидæн тагъд кæй ралæудзæн. Уый фенæнт нæ кæстæртæ сæ цæстæй! – зæгъы Динæ.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ,

авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here