Уæрæсейы Федерацийы фарæстæм равзæрсты Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæмæ депутаттæ æвзарыны сæйраг политикон цауы агъоммæ нæ республикæйы арæзт æрцæудзæн егъау цымыдисаг бæрæгбон – велодугъ.
РЦИ-Аланийы Æвзарæн къамисы хъæппæрисæй «Твой голос – сила России!», зæгъгæ, ацы ныхæс-тимæ баст у, 18,19 æмæ 20 сентябры æппæт Уæрæсейы дæр чи ацæудзæн, уыцы æвзарæн кампани. Велодугъ райдайдзæн 12 сентябры, ресторан «Жемчужина»-йы цур. Уый, иуæрдыгæй, адæмы æнæниз цардыуагыл æфтауы, иннæ ‘рдыгæй та – сæ зæрдæты æвзæрын кæны патриотизмы æнкъарæнтæ.
Велодугъы архайджытæ æмбырд кæнынц ресторан «Жемчужина»-йы цур (Къостайы проспект, 11-æм хæдзар) райсомы 10 сахатыл. Йæ архайджытæн уыдзæн уыцы тæккæ ран се ‘нæниздзинад сбæрæг кæнын æмæ медицинон æркаст ацæуыны гæнæн. Дугъæн йæ кæрон та уыдзæн Доны станцæйы цур.
Уый фæстæ бæрæгбоны архайджытæ æмæ уазджытæ фендзысты, сæрмагондæй сын кæй бацæттæ кодтой, уыцы культурон программæ. Арфæ сын ракæндзысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Администрацийы разамонæг Гобеты Игорь, Æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ æмæ депутаттæм кандидаттæ.
Велодугъы архайджытæн се ‘ппæтæн дæр уыдзæн зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Нæ уацхæссæг














