Социалон рæзты нысантæ

0
14

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй уыд республикæйы Экономикон рæзты министрады архайды фарстаты фæдыл æмбырд. Архайдтой дзы нæ республикæйы экономикон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Олег Быкадоров æмæ йæ хæдивджытæ, нæ республикæйы финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксана Карова æмæ ведомствæты разамонджытæ.

Æмбырды фæткмæ цы фарстатæ рахастой, уыдонæй иу уыд туристон инфраструктурæйы рæзт, глэмпингтæ æмæ кемпингты арæзтад. Фидæны фондз проектæй абоны онг æххæстгонд æрцыдысты дыууæ, æртæ та афæдзы кæронмæ фæуыдзысты. Дзанайты Барис бахæс кодта ацы хъуыддагмæ бæлвырд цæстдарды мадзæлттæ саразын, цæмæй проектты нысантæ хæрзхъæд æмæ афоныл æххæстгонд æрцæуой.

– Æнæмæнг, бæлвырд цæстдард хъæуы глэмпингты арæзтадмæ, сæ хæрзхъæддзинадмæ. Алы объектæн дæр ис бæрæг хæстæ æмæ æмгъуыд,– фæнысан кодта Дзанайы-фырт.

РЦИ Аланийы Хицауады Сæрдар ма бахæс кодта туристон инфраструктурæйы æппæт объекттæн хатдзæгтæ скæнын. Уæлдай хъусдард цæудзæн туристон лæггæдтæн банчы картæйæ фидыны хуызмæ.

– Ацы къабазы куыст фæтыхджындæр кæнын хъæуы. Уый канд туристон инфраструктурæйы рæзтæн ахъаз нæу, фæлæ лæггæдты хæрзхъæддзинад æмæ куысты ног бынæттæ саразынæн, регионалон бюджетмæ хъалонты бæрц фылдæр æрвитынæн, – фæнысан кодта Дзанайы-фырт.

Æмбырды ма æркастысты гид-экскурсоводты архайдмæ дæр. Абоны онг нæ республикæйы официалон æгъдауæй аттестаци ацыдысты 257 специалисты. РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министры хæдивæг Хлойты Тамерлан куыд загъта, афтæмæй гидты куыст æмæ аттестацимæ карз домæнтæ æвæрд ис æмæ профессионалон уагæй æвзæрст цæуынц бæстондæр. Дзанайты Барис бахахх кодта, нæ республикæйы хъæздыг историйы хабæрттæ æмæ æвæджиауы национ культурæйы хуыз туристтæм хæццæ кæныны вазыгджын хъуыддаг дæр. Уымæй уæлдай, равзæрстой размæдзыд проекттæ æмæ инвестицион архайды фарстатæ. Хицауады Сæрдар министрадæн бахæс кодта инвестортимæ æнгомдæр архайын.

Министрады архайды тынг вазыгджын у амалхъомадæн æххуыс кæныны фарста дæр. РЦИ-Аланийы Амалхъомады фонды директор Дзокаты Маринæ радзырдта, цавæр мадзæлттæй æххуыс кæнынц амалхъом адæймæгтæн æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, аразынц сын ахуырадон программæтæ, бизнес-плантæ, мастер класстæ. Æмбырды кæрон Дзанайты Барис экономикон къабазы куысты тыххæй загъта:

– РЦИ-Аланийы Экономикæйы министрады сæйраг хæс у, нæ республикæйы цæрджыты фæрныгадæн архайын. Уыцы нысан сæвæрдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Æппæт проекттæ æмæ нысантæ дæр хъуамæ бæлвырд экономикон бæрæггæнæнтæ дæттой. Тынг ахсджиаг у нæ республикæйы бюджет фæфылдæр кæнынæн æнæкъуылымпы куыст, туризм æмæ амалхъомады рæзтæн уавæртæ аразын æмæ экономикæйы æмвæзад бæрзонддæр кæнынæн инвестицитæ æрбаздахын, – загъта Дзанайты Барис.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here