РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлдис Къозонты Иналимæ. Уый цалдæр боны размæ, хæххон абухгæ донмæ машинæйы чи ныххауд, уыцы сылгоймаджы йæ лæппуимæ фервæзын кодта.
Нæлгоймаг фыдбылызы бынатмæ æнæнхъæлæджы бахауд. Ивылд донæй сæ йæхæдæг рахаста. Ныр мад æмæ фырт сты рынчындоны æмæ сæ цардæн тæссаг ницæмæйуал у.
Нæ республикæйы Сæргълæууæг арфæтæ ракодта Къозонты Иналæн йæ æхсардзинад æмæ æвзыгъддзинады фæдыл.
– Уый æцæг хъæбатыр санчъех у – фæрсæрдыгæй нæ баззайын, фæлæ, гæнæн цæмæн ис, уый саразын. Ахæм ми æвдисы бæрнондзинад, зæрдæйы цæхæр, æнæнхъæлæджы уавæры уайтагъд цы кæнын хъæуы, уый зонынæн аргъ нæй. Ацы хъуыддаг у фæзминаг, – загъта Сергей Меняйло.
Нæ республикæйы Сæргълæууæг кадджын хæрзиуæг майдан «Ирыстоны намысæн»-æй схорзæхджын кодта Къозонты Иналы. Дыууæ боны размæ Тæмискъмæ хæстæг ран 39-аздзыд сылгоймаг, «Тойота» машинæйы, йæ фарсмæ йæ фырт, афтæмæй нæ сарæхсти машинæйы цыдимæ æмæ Æрыдоны цæугæдонмæ транспорт ныффæлдæхт. Уæззау цæфтæ сæ ничи баййæфта.
Саутæты Тамилæ














