РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Цæгат Ирыстоны регионалон хайады секретарь Сергей Меняйло архайдта, Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады советы Сæрдары хæдивæг æмæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Сæрдар Дмитрий Медведев цы видеоконференци сарæзта, уым.
Ныхас цыдис УФ-йы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты фæдыл. Æмбырды архайдта Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб дæр. Регионалон хайæдты разамонджытæм сидгæйæ, Дмитрий Медведев куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныр цы хъуыддаг æрцæудзæн, уый нæ бæстæйы цæрджытæн суыдзæн, стратегион æгъдауæй аргъ кæмæн нæй, ахæм равзæрст. Дмитрий Медведевы ныхæстæм гæсгæ, хъæлæс кæныны бæрæггæнæнтæ сбæрæг кæндзысты хæстæгдæр азтæм нæ бæстæйы рæзты нысантæ. Æмбырды архайджытæн ма сæ зæрдыл æрлæууын кодта, Паддзахадон Думæмæ федералон æмвæзады йæ кандидатурæ чи балæвæрдта, уыдон кæй сты партийæ, 82 кандидаты – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Дмитрий Медведев уæлдай ахсджиагдæрæй фæнысан кодта, æвзæрстытæ æмæ бæрæггæнæнты æргомдзинад.
– Цæттæ уæвын нæ хъæуы алыхуызон ардауæн митæм дæр, æвзæрстыты бæрæггæнæнтæм æнæууæнкдзинад тауыны цаутæм. Уымæ цæттæ кæнынц сæхи нæ ныхмæлæуджытæ. Æгъгъæд у æрмæст интернетмæ бацæуын дæр æмæ уым фенын, ацы темæйыл дзы цы ардауæн ныхæстæ цæуы, уый. Фæлæ сын нæ бантысдзæн нæ бæстæйы граждæнты сæрибардзинадыл фæуæлахиз уæвын. «Иугонд Уæрæсе» æвæры сыгъдæг уæлахизмæ рацæуыны хæс æмæ мæ уырны, партийæн йæ къухы уый кæй бафтдзæн,– загъта « Иугонд Уæрæсе»-йы Сæрдар.
Дмитрий Медведев ма фæбæрæг кодта, партийæн йæ къухы цы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд, йæ хъæлæс ын чи радта, уыдоны фæрцы, æмæ сын сæ æууæнкдзинадæн кæддæриддæр аргъ кæндзæн, цы стыр бæрнондзинад ыл æвæрд ис, уый зæрдыл даргæйæ.
– Архайдтам хъуыддагæй фидар кæнын, «Иугонд Уæрæсе»-йæн уыцы æууæнкдзинад дзæгъæлы хуымæтæджы кæй нæ уыд, æмæ цæттæ стæм Уæрæсейы Федерацийы адæмы раз, – дарддæр дæр нæ размæ æвæрд хæстæ æххæст кæнынмæ. Бахахх кодта кæронбæттæны партийы Сæрдар.
Саутæты Тамилæ















