РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙÆН кусæг фембæлд уыд ООО «Газпром межрегионгаз»-ы генералон директоры хæдивæг Юрий ПАХОМОВСКИЙИМÆ. Ныхас кодтой регионы газы инфраструктурæйы рæзтыл æмæ фæлхасгæнджыты фиддонты мадзæлттыл.
Æмбырды ма архайдтой ООО «Газпром межрегионгаз»-ы генералон директоры хæдивæг Роман Седов, Социалон фæлхасгæнджыты нымадмæ цæстдарды управленийы разамонæг Александр Фролов, «Газпром межрегионгаз Владикавказ» æмæ «Газпром газораспределение Владикавказ»-ы генералон директор Хъодзаты Алан.
Сергей Меняйло стыр аргъ скодта, республикæмæ газ æрбауадзын æмæ газæй цæрджыты сифтонг кæныны хъуыддаджы цы куыст цæуы, уымæн. Йæ ныхасмæ гæсгæ, регионалон Хицауад æмæ фæрæзтæ дæттæг организацийы нывыл æмгуыстады фæрцы программæ æххæстгонд цæуы æнтыстджын къахдзæфтæй.
– Нæ нысан у иу – алцыдæр нормативон домæнтæм гæсгæ саразын. Адæм хъуамæ сæ хæдзæртты исой газ – куыд æй бауадздзыстæм, уый та у нæ иумæйаг хъуыддаг. Уæлдай æргом здахæм фидыны мадзæлттæм дæр, – бахахх кодта Сергей Меняйло.
Юрий Пахомовский дæр фæбæрæг кодта республикæ æмæ «Газпром межрегионгаз»-ы æнтыстджын æмархайд.
– Фæнды нæ республикæйы разамындæн бузныг зæгъын, Цæгат Ирыстоны газ бауадзын æмæ цæрæн бынæттæ, хъæутæ газæй сифтонг кæнынæн цы объекттæ арæзт цæуынц, уый тыххæй. Республикæйы разамындимæ иумæ мах бакуыстам æмæ сфидар кодтам схемæтæ. Уыцы схемæтæ чи сарæзта æмæ сфидар кодта, Цæгат Ирыстон у иунæг ахæм республикæ. Бирæ фарстатæ лыггонд цæуынц хъуыддæгтæй æмæ æнгом æмархайды фæрцы – уый ахсджиаг у республикæйы цæрджытæн, цæмæй сæ хæрзвадат цардæн æрдзон газ афойнадыл исой, – загъта Юрий Пахомовский.
Бæрæг куыд у, афтæмæй Цæгат Ирыстоны уæлæмхасæн хæтæлыл цæугæ артаг райстой 3 мин хæдзарæй фылдæр. Ныридæгæн республикæйы цæрджытæй райстой 4,3 мин курдиаты социалон проекты архайынмæ, се ’ппæтимæ дæр бафыстой бадзырдтæ, уыдонæй 3,8 мины æххæстгонд æрцыдысты. Газæй сифтонг кæныны хъуыддаджы Цæгат Ирыстон хауы Уæрæсейы раззагдæр дæс регионы номхыгъдмæ.
2021-2025 азты газ æрбауадзын æмæ газæй цæрджыты сифтонг кæныны программæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы арæзт æрцыд газдæттæг станцæ «Зæрæмæг»-æй æмæ хызтæ станцæйæ туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-мæ. Ноджы ма поселокты ’хсæн газы хæтæлтæ сæвæрдтой курорты онг. Уый руаджы газ цæуын райдыдта Алагиры районы 9 хъæумæ.
2026-2030 азты газæй сифтонг кæныны программæмæ гæсгæ газы хызтæ арæзт æрцæудзысты Алагиры æмæ Æрæфы районты хъæутæм, альпинистон базæ «Комы-Арт», газдæттæг станцæтæ «Октябрьское», «Архонская» æмæ «Фарн»-ы рацарæзт, æмæ бæттæг газы хæтæл, цæмæй Горæтгæрон районы фæлхасгæнджытæ æрдзон артаг æнæкъуылымпытæй исой, уый тыххæй.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстон æрдзон газæй сифтонг кæныны фарстатыл, ацы аз июны мæйы Кремлы фембæлгæйæ, ныхас кодтой Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин æмæ Сергей Меняйло. Нæ бæстæйы Сæргълæууæг фæбæрæг кодта, регион газæй сифтонг кæныны фарстатæ ахсджиаг кæй сты, цæмæй адæм банкъарой, сæ царды уавæртæ хуыздæр кæй кæнынц, уый.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














