Дзанайты Барис – республикæйы Хицауады Сæрдар

0
21

Знон уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты фæндзай фæндзæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Парламенты сессийы архайдтой республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Уæрæсейы Федерацийы сенатортæ Мамсыраты Таймураз æмæ Виталий Назаренко, сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, республикæйы Хицауады уæнгтæ, тæрхонадон æмæ барадхъахъхъæнæнæг оргæнты, бынæттон хиуынаффæйады администрациты æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.

Депутаттæ, фыццаджыдæр, равзæрстой Респуб-ликæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады Сæрдары бынатмæ Дзанайты Барисы снысан кæныны тыххæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы фæндоныл сразы уæвыны фарста. Куыд зонæм, афтæмæй Сергей Меняйло æвзæрст æрцыд республикæйы Сæргълæууæгæй. Конституцимæ гæсгæ, йæ хæс у, нырмæ чи куыста, республикæйы уыцы Хицауад отставкæйы арвитын æмæ дыууæ къуыримæ Хицауады ног Сæрдар снысан кæнын, дыууæ мæймæ та – министрты ног кабинет.

– Дзанайты Барисы уе ‘ппæт дæр хорз зонут. Иумæ бакуыстам фондз азы. Фарстатæ лыг кæнгæйæ, Дзанайты Барис иумæйаг æвзаг ардта æмæ æмархайд кодта Парламенты æппæт фракцитимæ дæр. Хицауады, æнæмæнг, уыдзæн ивддзинæдтæ, фæзындзæн дзы ног адæймæгтæ. Хицауады Сæрдарæн æппынкъаддæр уыдзæн æртæ хæдивæджы. Ивддзинæдтæ уыдзæн районты разамонджыты ‘хсæн дæр, алцыдæр – Конституцийы уагæвæрдмæ гæсгæ. Æппæт ивддзинæдтæн сæ нысан у иу – адæмы цард хуыздæр кæнын. Депутаттæй курæг дæн, цæмæй рахæцой Дзанайты Барисы республикæйы Хицауады Сæрдары бынатмæ снысан кæныны мæ фæндоны фарс, – загъта Сергей Меняйло.

Уый фæстæ Парламенты Сæрдар ныхасы бар радта Дзанайты Барисæн. Уый бæстон æрдзырдта, фæстаг фондз азмæ республикæйы цы арæзт æрцыд, цавæр ивддзинæдтæ æрцыд промышленносты, экономикæйы, царды иннæ къабæзты, цавæр программæтæ æмæ проекттæ æххæст кодтой, цал æмæ цал социалон объекты æрцыд арæзт кæнæ та бындурон цалцæггонд, æппæт уыдæтты фæдыл.

– Хæстæ нырма сты бирæ. Æххæстгæнинаг алы хъуыддаг дæр нын у зындгонд. Æмæ сыл дарддæр дæр архайдзыстæм, Ирыстоны цæрæг адæмæн сæ уавæртæ хуыздæрæй-хуыздæр цæмæй кæной, уый тыххæй, – загъта Дзанайты Барис.

Депутаттæ æргомæй хъæлæс кæныны уагæй, хъæлæстæ электронон хуызы нымайыны системæйæ пайда кæнгæйæ, æмхъæлæсæй равзæрстой Дзанайты Барисы республикæйы Хицауады Сæрдарæй.

Депутаттæ æмхъуыды кæй разындысты, уый фæдыл сын Сергей Меняйло арфæ ракодта æмæ загъта: «Депутат цавæр партийы уæнг у, уымæ хъуамæ ма кæсæм, фæлæ æрбангом уæм, нæ тыхтæ баиу кæнæм æмæ æмзондæй архайæм, нæ размæ цы фарстатæ лæууы, уыдон алыг кæныныл. Не ‘ппæтæн дæр нæ куысты сæйраг нысан хъуамæ уа адæймаг, йæ нывыл цард, йæ домæнтæ æмæ тыхст фарстатæ, æмæ уыцы хуызы архайдзыстæм дарддæр».

Уый фæстæ ныхасы бар райста Мамсыраты Таймураз. Сенатор зæрдиаг арфæ ракодта Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймуразæн, æрæджы йæ 60 азы юбилей кæй сбæрæг кодта, уый фæдыл æмæ Уæрæсейы Федерацийы Федералон æмбырды Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенкойы номæй йын ратта Арфæйы фыстæг æмæ Федерацийы Советы кадджындæр хæрзиуæг – «Федерацийы Советы Кады нысан». Мамсыраты Таймураз куыд загъта, афтæмæй нæ республикæимæ баст цыдæриддæр фарстатæ, закъонæвæрынадон хъæппæристæ вæййы, уыдонмæ Федералон Советы каст цæуы фыццаградон хуызы, æмæ, се ‘ппæт кæд нæ, уæддæр сæ фылдæр федералон æмвæзадыл разыйы дзуапп райсынц.

Тускъаты Таймураз арфæ ракодта бæрзонд хæрзиуæджы тыххæй æмæ Мамсыраты Таймуразæн ратта, РЦИ-Аланийы Парламенты 30 азы юбилейы фæдыл нысангонд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Кады нысан.

Уый фæстæ депутаттæ рахызтысты республикæйы закъонты проекттæ æвзарын æмæ сын сæ фæдыл закъонтæ фидар кæныны куыстмæ. Парламенты уæнгтæ фыццаг бакасты равзæрстой, республикæйы Сæргълæууæг кæй бацæттæ кодта, уыцы закъонты проекттæ, се ‘хсæн «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон æвзæгты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Раныхасгæнæг – национ ахастдзинадты фæдыл министр Бæгъиаты Алан куыд загъта, афтæмæй закъон сфидар кæнын домы историон рæстдзинад. Фыццаг хатт æй Парламентмæ республикæйы Хицауад барвыста 2014 азы, æмæ йыл уæдæй абонмæ ныхас цыд. Документы мидис у дыууæ æвзагæй дæр – уырыссаг æмæ ирон æвзагæй – æмхуызонæй пайда кæнын хицаудзинады оргæнты архайды, паддзахадон кусæндæтты, алыхуызон организациты, дзыллон хабархæссæг фæрæзты æмæ афтæ дарддæр, алы ран дæр дыууæ æвзаджы æмбар куыд уой, афтæ. Дæс азæй фылдæр фарстайыл ныхас цыд экспертон тыгъдады, æхсæнады. Йæ алыг кæныныл архайдта ирон æвзаг бахъахъхъæныны фæдыл сæрмагонд къамис дæр. Се ‘ппæт дæр бакодтой стыр куыст. Документ ацыд барадон гæрæнтæ. Сразы йыл сты Хицауад æмæ республикæйы Сæргълæууæг, афтæмæй закъоны проект Парламент сфидар кодта фыццаг бакасты.

Парламенты уæнгтæ байхъуыстой 2026 азы фыццаг æмбисы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон бюджет сæххæст кæныны фæдыл финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксана Каровайы дзуаппон раныхасмæ. Куыд загъта, афтæмæй амынд рæстæгмæ бюджеты æфтиæгтæ рауадысты 25 миллиарды æмæ 630 милуан сомы, хæрдзтæ – 28 миллиарды æмæ 062 милуан сомы, афтæмæй, бюджеты кадавар рауад 2 миллиарды æмæ 432 милуан сомы. Хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ уыдысты 11 миллиарды æмæ 261 милуан сомы, лæвары хуызы бюджетмæ кæй барвыстой, уыдон – 14 миллиарды æмæ 370 милуан сомы, дотацитæ та – 8 милуаны æмæ 414 милуан сомы. Бюджет бахъахъхъæдта йæ социалон ахадындзинад. Афтæ, социалон хæстæ æххæст кæнынæн бахъуыд æппæт хæрдзтæн сæ 72,5 проценты. 7 миллиарды æмæ 138 милуан сомы æрвыст æрцыд бынæттон бюджеттæн баххуыс кæныны тыххæй, 4 миллиарды æмæ 790 милуан сомы та – национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ æххæст кæнынæн. Афтæ, бæлвырд министры хæстæ æххæстгæнæг æрдзырдта афæдзы фыццаг æмбисы бюджеты æппæт хæрдзтыл дæр.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр. Афтæмæй, министрады дзуаппон документ депутаттæ хорзыл банымадтой.

«Муниципалон сахат»-ы фæлгæты депутаттæ байхъуыстой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Кировы районы муниципалон сконды социалон-экономикон рæзты тыххæй» бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Батиаты Хъазыбеджы раныхасмæ æмæ «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Дыгуры районы муниципалон сконды социалон-экономикон рæзты тыххæй» бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Цагъаты Сосланы раныхасмæ.

Парламенты уæнгтæ ма сфидар кодтой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст æндæр закъонты проекттæ дæр.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here