Цæгат Кавказы статистикæйы управленийы цæгатирыстойнаг дæлхайад бацæттæ кодта 2026 азы январь-июлы социалон-экономикон рæзты бæрæггæнæнтæ.
Куыстуæтты бакуыст (хиконд товарты аргъ, хи хъарутæй конд куыстытæ æмæ лæггæдтæ, æндæр рæтты æлхæд товартæй æфтиæгтæ) 2026 азы январь-июльмæ рауадысты 163895,4 милуан сомы. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, уый у 110 проценты.
Промышленнон бакуысты индекс 2025 азимæ абаргæйæ, рауад 102 проценты.
Пайдаджын æрзæтты бакуыст рауад 101,7 проценты, уымæн æмæ хуыр, доломит, чъыр фылдæр самал кодтой.
Хомагимæ архайæг куыстуæттæн æфæдзы æмбисмæ сæ бакуысты индекс рауад 104,1 проценты.
Электрон тых, æрдзон газ, доны тæф, уæлдæф сыгъдæггæнæн индекс та у 99,5 проценты.
Донæфсисады, донуадзыны, бырон æмбырд кæнын æмæ йæ бакусыны архайд, сыгъдæгдзинадыл куыстыты индекс рауад 83,9 проценты.
Арæзтады къабазы 2026 азы январь-июльмæ бакодтой 13627,5 милун сомы аргъ куыстытæ. Ивгъуыд азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ та ацы бæрæггæнæнтæм гæсгæ уый у 84,5 проценты.
Цæрæн хæдзæрттæ сарæзтой 301876 квадратон метры (ам нымад цæуынц, раздæры дыргъцæхæрадæтты зæххытыл кæй сарæзтой, уыцы хæдзæрттæ дæр). Фароны азимæ абаргæйæ, у 9,8 проценты къаддæр.
Сæйраг капиталмæ бавæрд инвестицитæй афæдзы райдайæнæй июлы онг пайдагонд æрцыдысты 13558 милуан сомы бæрц, уый у, 2025 азы уыцы
рæстæгимæ абаргæйæ, 102,6 проценты.
Хъæууон хæдзарады алы къабæзты бакуыст, рагагъоммæ нымадмæ гæсгæ, рауад 7513 милуан сомы, кæнæ ивгъуыд азимæ абаргæйæ, 2 проценты къаддæр.
Хъæууонхæдзарадон куыстуæтты, 1 августмæ, хоры-кæрддзæмджын культуртæ (нартхор нæ нымайгæйæ) бафснайдтой 13,5 мин гектары фæзуатыл, йæ тыллæг рауад 46,3 мин тоннæйы. Фаронимæ абаргæйæ, уый у 40 проценты къаддæр. Рæстæмбисæй алы гектарæй дæр æркарстой 34 центнеры, бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы азы тыллæг 18 проценты къаддæр рауад. Зетийы культуртæ (æнæ æхсынæнæй) бафснайдтой 6,7 гектары, тыллæгæй зæрдæрухс сты, рауад 15 мин тоннæйы бæрц, фаронæй фылдæр.
Хæдзарæдтæ стурвос дарынц, июлы мæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 88,3 мин сæры, уыдонæй дуцгæ хъуццытæ сты 34 мин сæры, хуытæ – 4,3 мин сæры, фыстæ æмæ сæгътæ – 68 мин сæры, мæргътæ – 1132 мины.
Алы аххосæгтæм гæсгæ хъæууонхæдзарадон куыстуæтты фосы нымæц фæкъаддæр ис. Зæгъæм, стурвос – 15 проценты, хъуццытæ – 10 проценты, фыстæ æмæ сæгътæ – 22 проценты, мæргътæ 23 – проценты.
Ацы азы январæй июлы онг къаддæр ауæй кодтой хоры продукци, стуры æмæ карчы дзидза, æйчытæ, æхсыр æмæ æхсыры продукттæ.
Автомобилон транспорты уæзæгты зилдух фæкъаддæр ивгъуыд азимæ абаргæйæ, æмæ рауад 5750 мин километры. Бæлццæттæ дæр 0,4 проценты къаддæр аластой. Базарады кусджытæ 2026 азы райдайæнæй ауæй кодтой 128757 милуан сомы аргъ, уый у, 2025 азимæ абаргæйæ, 103 проценты. Хицæн амалхъом адæм, æнæ базарадæй чи кусы, уыдонæн дæр сæ æфтиæгтæ фæфылдæр сты, базарты æмæ армукъаты товартæ ауæй кодтой 10 проценты фылдæр.
Æхсæнадон хæрæндæтты зилдухæй æфтиæгтæ æрбацыд 7490 милуан сомы, æргътæ абаргæйæ, уый у 98,3 проценты, фароны бæрæггæнæнтæ райсгæйæ.
Базарады зилдух 2026 азы рауадис 41596,7 милуан сомы. Уый у, 2025 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 16 проценты фылдæр.
Адæм фидгæ цы лæггæдтæн кæнынц, уыцы æфтиæгтæ рауадысты фаронæй 8 проценты фылдæр, кæнæ – 29283 милуан сомы.
Бæлвырдæй адæммæ чи æрбафтыд, уыцы фæрæзтæ, афæдзы æхсæз мæймæ рауадысты 101,7 проценты, ивгъуыд азимæ абаргæйæ. Уыимæ, иу адæймагмæ, рæстæмбис нымадæй, бафтыд 48 мин сомы бæрц.
Фаронимæ абаргæйæ, фылдæр рауадис мызд фидыны хъуыддаг дæр. 2026 азы январь-июны мæйы рæстæмбис мызд нæ республикæйы, статуправленийы нымадмæ гæсгæ, рауад 58800 сомы.
Паддзахадон статистикæйы федералон службæйы Цæгат Кавказы
федералон зылды управлени














