Уæлтæмæны курдиат

0
3

 Уæрæсейы адæмон артист Бирæгъты Къостайы 90 азы бонмæ

Бирæгъты Къостайы сурæт цæстытыл куы ауайы, уæд зæрдæйы цавæрдæр хъармдзинад фæзыны. Адæмуарзон уыдис, уымæн æмæ йын уыд хæлар зæрдæ. «Рухсаг у» алкæмæн дæр фæзæгъынц, Къоста та уыд, йæхæдæг дæр рухсхæссæг чи уыд, стæй рухсы аккаг чи уыд, ахæм адæймаг.

Ирон театры архивы, иннæты ‘хсæн цы хъуыддæгтæ сты æфснайд, уым 1974 азы 23 майы йæ автобиографийы Бирæгъты Къоста фыста: «Æз, Бирæгъты Алыксандры фырт Константин, райгуырдтæн Дзæуджыхъæуы 1936 азы службæгæнæг бинонты ‘хсæн. Каст фæдæн Дзæуджыхъæуы 16-æм скъола æмæ 1953 азы кусынмæ бацыдтæн Ирон театры уæлæмхасæн къордмæ актерæй. Советон æфсады службæйы фæстæ 1960 азы ацыдтæн Мæскуымæ, театралон училищæйы ахуыр кæнынмæ. Мæ фыд: 1936 азы каст фæцис ГИТИС-ы цур театралон студи. Хæсты размæ артистæй куыста паддзахадон филармонийы, хæсты фæстæ – балетмейстерæй. Ныр нал кусы, хæдзар кæй аразы, уый тыххæй. Мад: хæдзары ‘фсин. Цæрын Степнаяйы уынджы 238-æм хæдзары. Ис мын бинонтæ, дыууæ сывæллоны».

Борис Щукины номыл театралон училищæйы Уататы Бибоимæ иумæ ахуыр кодтой, сæ аивадон разамонæг та уыд хъуыстгонд Анатолий Борисов.

– Къостайы, мæ амондæн, федтон драмон ролы хъазгæ, сæ курсы дипломон комедийы  Цъæхилты Земфирæимæ Эдуардо де Филиппойы пьесæмæ гæсгæ спектакль «Моя семья»- йы. Афтæ хорз хъазыд, æмæ дисы бацыдыстæм, фæкæуын нæ кодта. Ам ын, нæхимæ, комедион рольтæ лæвæрдтой фылдæр, цы –  сценæйы, цы – кинойы. Цалдæры дзы ахъазыдыстæм иумæ, уыдонимæ, Айларты Асæхмæты пьесæ «Фæззыгон дидинджытæ», Чеджемты Георы «Цола»-йы. Бирæвæрсыг актер уыд, хъыгагæн ын режиссертæ драмон рольтæ хæрз чысыл лæвæрдтой, – Бирæгъты Къостайы тыххæй нын йæ мысинæгтæ радзырдта Уæрæсейы сгуыхт артисткæ Медойты Светланæ.

Драмæ æмæ комедийы мæскуыйаг театр 1964 азы рацарæзтой Таганкæйы театрмæ, Юрий Любимовы разамындæй дзы хъазыдыс-
ты сæ курсы актертæ се ‘ппæт дæр. Бертольд Брехты пьесæмæ гæсгæ спектакль «Добрый человек из Сезуана» абон дæр ма ис театры репертуары. Уæд та дзы Уататы Бибо тæхæджы ролы хъазыд, Бирæгъты Къоста – донхæссæг Ваны. Уыцы рæстæг Вахтанговы номыл театры чи куыста, театралон училищæйы чи ахуыр кодта, уыдон хорз бахъуыды кодтой сæ дыууæйы дæр. Сæрмагондæй цыдысты донхæссæджы сценæ фенынмæ, ахæм диссаджы хъазт дзы кодта Къоста. Уыцы сценæ фæцис, зæгъгæ, уæд-иу дыккаг актæй ацыдысты.

– Бирæгъты Къостайæн стыр аргъ кодтой театралон училищæйы ахуыргæнджытæ. Евгений Вахтанговы уарзон ахуырдзау Анна Орочко Цырыхаты Розæ æмæ Беккуызарты Нателлæимæ нæ курсы разамонæг уыд. Фæлварæнтæ дæтгæйæ мæ Къостайæ бафарста, зонын æй, æви – нæ. Хорз артистæй йæ зыдтон æмæ йын æй загътон. Анна Алексейы чызг мын афтæ: «Уый хуымæтæг артист нæу, уый тынг стыр курдиаты хицау у!» Къоста Ирон театры цы бирæ рольты ахъазыд, уыдоны алкæцыйы дæр агуырдта ногæй-ногдæр ахорæнтæ. Уымæй, йæ сарæзт сурæттæ кæрæдзийы хуызæн нæ уыдысты, – хистæр æфсымæры зæрдæ кæмæ дары, абон дæр аивады ирд стъалыйыл кæй нымайы, уыцы уарзон артист æмæ адæймаджы тыххæй нын радзырдта нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Баскаты Уырызмæг.

– Мæскуыйы Вахтанговы театры дзыллон сценæты хъазгæйæ нын-иу Василий Лановой æмæ Юрий Яковлев арæх æрлæууын кодтой нæ зæрдыл Къоста, Бибо æмæ Беккуызарты Орзетæйы. Хорз фæд ныууагътой Мæскуыйы. Кусгæйæ баззайынæн уыд гæнæн дыууæ ‘мбалæн дæр, фæлæ загътой, мах Ирыстонæй стæм æмæ хъуамæ Ирыстоны театралон аивадмæ бахæссæм не ‘вæрæн. Ссыдысты, æмæ 1966 азæй Къоста иунæг бон дæр нæ фæцух кодта, афтæмæй фæкуыста Ирон театры, – зæгъы Уæрæсейы сгуыхт артист Сæбанты Тамерлан. Фыццаг хатт Ирон театры сценæйы хъазыдысты Саулохты Мухтары пьесæмæ гæсгæ комеди «Цола»-йы, сæвæрдта йæ Бекъойты Розæ. Дзыллон сценæты хъазыд Тамерлан, Къоста та Хуыгаты Суренимæ – хъæздыг усгурты рольты. Ахæм сурæт скодта Къоста Хъæрæбийæ, æмæ кæд фыдлæджы хъазыдис, уæддæр ын ирд рауад, адæм дæр æй сæхимæ хæстæг уымæн айстой. Сывæллоны хуызæн сыгъдæгзæрдæ, æууæнкджын уыд йæ персонаж, сайгæ йæ кæй кæны, уый не ‘мбæрста æмæ йын йæ дзыхмæ дæр уымæн каст, уый куыд фæндыд, афтæ дæр уымæн кодта.

Иннæ ахæм, спектакль «Усгур Гаци». Сыгъдæгзæрдæ, кусаг æмæ æппæтыл æууæндаг. Спектакль фенынмæ театрдзаутæ сæ былы цъæрттæ хордтой, суанг ма йын йæ ныхæстæй æрвылбоны царды дæр пайда кодтой. Йæ хъайтарты сурæттæ-иу равдыста, лыстæг психологон æнкъарæнтæй суанг тыхджын мидхъуырдухæны фæзилæнты онг. Уыцы иу рæстæг «чысыл адæймаджы» темæ бæрæг дардта йæ алы сценикон фæлгонцы дæр, йе сфæлдыстады уыцы фæзынд иуцасдæр ахаста: диссаджы аивадон ссард уыд йæ алы роль дæр. Джыккайты Шамилы пьесæ «Хъодыгонд зæд» Ирон театры сценæйы сæвæрдта режиссер Дзиуаты Анатоли. Бирæгъты Къоста дзы хъазыд Къуыдтыйы ролы, чысыл эпизод уыд. Тæтæр-монголтæ аланты зæхмæ ‘рбабырстой, æмæ йе ‘мбæстæгты ныхмæ кæй дзырдта, раст нæ кæнут, зæгъгæ, уый тыххæй йын йе ‘взаг ралыг кодтой, æмæ йæ дзурыны бон нал уыдис:

– Æнæ дзургæйæ уый цы монологтæ скодта, уыцы спектаклы, уый æгæр диссаг уыд, зæрдæ-иу суынгæг. Фæскулисты чи уыд, уыдон – гримерæй, рухсдæттæгæй, реквизиторæй, актерæй зæгъай – иууылдæр-иу æм кастыты, ныртæккæ Къоста хъаздзæн, зæгъгæ. Афтæ – алы спектаклы дæр, – зæгъы Сæбаны-фырт.

Рисы фæлтæрддзинад куы уа актермæ, уæд, сценæйæ цы зæгъа, уый ис. Сусæггаг нæу, не ‘рмæджы хъайтары царды бирæ рис кæй уыд. «Æз худын, уымæн æмæ ма хъуамæ кæуон», – Авраам Линкольны ацы ныхæстæ ахæссæн ис Бирæгъты Къостамæ дæр. Йæ зæрдæйы рис кæмæн вæййы, уый дæрзæг æмæ гуымиры свæййы йæ мастæй, Къостайæн та йæ цард йæхи фæндиаг нæ рауад. Фæлæ уæддæр фæлмæн, хæларзæрдæ адæймаг уыд, фæндыд æй, цæмæй уыцы миниуджытæ сценæйæ залмæ фæндаг арой алыхатт. Йæ игæрæй сценæ фæмарзта, кæмæй фæзæгъынц, ахæм уыд Бирæгъты Къоста. Хъазыд Лев Толстойы пьесæмæ гæсгæ ‘вæрд спектакль «Власть тьмы»-йы, йæ режиссер-æвæрæг уыд Хуыгаты Геор. Хъазыд дзы Акисы ролы, цы тыхджын æкъарæнтæ-иу бавæрдта фыды сурæты, уыцы сценæйы! Лæппу, афтæ ма кæн, раст фæндагыл нæ цæуыс, уый æвзæр фæндаг у, ма цу мулчы фæдыл, ма цу æвзæр хъуыддæгты фæдыл, Хуыцауæй тæрсын хъæуы, тæригъæдджын уыдзынæ!

– Уый-иу цы ‘нкъарæнтæ бавæрдта уыцы сценæйы!.. Адæймагæн- иу йæ зæрдæ суынгæг, йæ хъазтмæ кæсгæйæ… Рæхджы йæ адæмы размæ рахæсдзæн режиссер Цæгæраты Руслан. Афтæ дæр вæййы: спектакль иугæндзон цæуы, æмæ йæ æваст чидæр йе ‘нкъарæнтæй срæмудзын кæны, уæлдæр уæлвæзадмæ йæ сисы йæ тыхджын æнкъарæнтæй. Къоста дæр уыцы спектаклы афтæ уыдис, – йæ мысинæгтæ дарддæр кæны Тамерлан.

Канд йе ‘рдзон артистизм æй нæ иста сценикон æмвæзады бæрзæндмæ, фæлæ йæ аивадон интуици, диссаджы юмор æмæ эмоционалон миддуне. Иумæйагæй йын уыдæттæ ‘ххуыс уыдысты ирд, æнгæсджын ныв нывæндынæн, уæлдай нæу, йæ роль æвæрццæг уа, æви æппæрццæг. Ахæм фæлгонцтæ йын сценæйыл бантыст 80 уæлæмæ ахъазын.

Хицæн ныхасы аккаг у йæ архайд кинойы, 16 аивадон æмæ иу альманахы ахъазыд Бирæгъты Къоста. Йæ алы роль дæр рауад æнæферохгæнгæ, ирд. Æрмæст «Волшебная папаха», «Семейная драма» æмæ «Сюрприз»-ы куы ахъазыдаид, уæддæр ирон киноисынады баззадаид курдиатджын киноактерæй.

Æфсымæрдзинад æмæ хæлардзинадæн стыр аргъ кæй кодта, уымæн æвдисæн Уататы Бибоимæ – сæ кæрæдзимæ ахаст. Ахуыр иумæ кодтой, Таганкæйы театры дæр иумæ куыстой, Ирыстонмæ дæр иумæ ссыдысты. Къоста раздæр ахицæн цардæй, Намысы аллейы йæ Иры разагъды лæгты ‘хсæн бавæрыныл разы нæ уыд республикæйы уæды разамынд. Бибо нæ фæтарст йæ ныхас хъæддыхæй зæгъынæй. Бирæтæ ‘нхъæлдтой, уыцы ныхæсты фæстæ йæ Ирон театрæй ацæуын бахъæудзæн, фæлæ хабар не ‘рцыд. Ныр дæр стыр курдиаты хицау дыууæ ирон актеры æнустæм сты иумæ.

Царды дæр, сценæйы дæр Къостайы чи зыдта, цы кинонывты хъазы, уыдон чи федта æмæ ма фендзæн, уыдонæй никуы уыдзæн рох. Цы ‘вæрæн бахаста ирон театралон æмæ киноаивадмæ, уый ницæимæ ис абарæн. Йæ алы роль дæр уыйбæрц органикон уыд, æмæ цыма йæ уымæй уæлдай афтæ хорз ничи ахъаздзæн, афтæ зынд. Йæ алы рахызт дæр сценæмæ уыд тынг зæрдæмæдзæугæ, бæрзонд æнкъарæнтимæ. Æнкъарæн та сценæйæ залмæ хъуамæ хæццæ кæна, æрмæст уымæй ис театрдзауты зæрдæтæ бацагайæн.

 ХУЫБИАТЫ Ларисæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here