Бæрнон ныхас

0
6

РЦИ-Аланийы Хицауады радон æмбырд амыдта йæ Сæрдар Дзанайты Барис. Хицауады уæнгтæ,  муниципалон районты сæргълæуджытæ, ведомствæты разамонджытæ æрныхас кодтой, нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтæн, адæмы удæнцой-дзинадæн ахсджиаг чи у, уыцы фарстатыл.

Цæгат Ирыстоны бюджетты ‘хсæн ахастдзинæдты тыххæй республикон закъонмæ цы ивддзинæдтæ хаст æрцæудзæн, уый тыххæй дзырдта РЦИ-Аланийы финансты министры фыццаг хæдивæг Оксана Карова. Хицауады уæнгтæ семæ сразы сты, æмæ ныр фарстамæ æркæсдзысты республикæйы Парламенты æмбырды.

Цæгат Ирыстоны 221 260 мин зæххы хайæн кадастрон аргъгонд æрцыд 2018-2022 азты, æппæт паддзахадон домæнтæ æххæстгæнгæйæ. Уыцы бæрæггæнæнтæ цæмæй сфидар кæной, ууыл дзырдта РЦИ-Аланийы паддзахадон исбон æмæ зыххы ахаст-дзинæдты министр Тедеты Руслан. Уыимæ ма фехъусын кодта, республикæйы исбонæй Æрыдон, Горæтгæрон æмæ Рахизфарсы районты спортивон скъолатæн кæй раттой спортивон ифтонггæрзтæ.

Æрвылмæйон æхцайы фиддонтæ хъæугæ хойраджы продукттæ æлхæнынæн исдзысты, тæссаг низ – фенилкетоницияйæ рынчын сывæллæтты ныййарджытæ. Ацы генетикон низæй нæ республикæйы рынчын сты 15 сабийы. Хæринаг сын нæ тайы, æмæ тугмæ  цæуынц тæссаг буаргъæдтæ, иудадзыг хъæуы сæрмагонд диетæ дарын. РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрад бинонтæн баххуысæн фиддзыс-ты 17 мины бæрц. Уый тыххæй æмбырды дзырдта министр Абайты Юри.

Æрвылазон регионалон конкурс «Педагог года» фыццаг рабæрæг кæны районты хуыздæр ахуыргæнджыты хицæн номинациты. Йæ саразджытæ – РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрад, стæй Ахуырады рæзты институт. Конкурсы тыххæй Хицауады раздæры уынаффæмæ цы ивддзинæдтæ бахæсдзысты, уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Андрей Швецов.

Бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбоны бындурон цалцæгæн цæрджытæ цас фиддзысты, уый тыххæй дæр дзырдтой æмбырды.

Бирæуæладзыгон 12 хæдзары баивтой лифтытæ, 17 хæдзарæн та – сæ сæртæ æмæ инженерон системæтæ. Æдæппæтæй та базылдысты 435 цæрæн объектмæ. Хъыгагæн, цæрджытæ зивæггæнгæ фидынц фиддонтæ – цы ‘мбæлы, уымæн æрмæст йæ 58 проценты сæмбырд кодтой.

«Æнæниздзинад бахъахъхъæнынæн  хуыздæр медицинон реабилитаци» – ацы регионалон программæ РЦИ-Аланийы разамындæй сфидар кодтой 2026 азы 29 июлы, цы ивддзинæдтæ йæм бахастой, ууыл дзырдта РЦИ-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Митциты Астан.

Агробизнесы чысыл куыстуæтты рæзтæн субсидитæ дæттыны фæтк сфидар кæныны фарста арæх рахæссынц рæгъмæ. Ныр дæр Хицауады уынаффæмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй дзырдта     РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Мæхъиты Алан.

Æмбырды архайджытæ ма дзырдтой æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

Гугкаты Жаннæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here