Агънатæ

0
729

 

 

Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой: «Ком фидауы, фидар у йæ мæсгуытæй, мыггаг та — йæ хорз лæгтæй». Фæлæ æрмæст мыггаг нæ, наци, адæмыхатт дæр фидауынц, фидар сты сæ хорз лæгтæй, уæлдайдæр та сæ кадджын мыггæгтæй. Ирон адæм дæр буц сты сæ намысджын мыггæгтæй. Йæ фарныл ын фарн чи æфтауы, йæ кад ын бæрзонддæр чи кæны, уыцы фæрнджын мыггæгтæй. Агънаты мыггаг дæр дæлæмæ нæ уадзы ирон адæмы кад æмæ намыс. Архайæг вæййы йæ ахсджиаг хъуыддæгты кæдфæнды дæр.

Нæ мыггаг Агънатæн сæ равзæрæн бынат ис Уæлладжыры комы. Кæддæры скифты, сæрмæтты, аланты байзæддаг ирон адæмы тæтæрмангол æмæ тугмондаг Тимур-Тамерлан бындзагъд фæкæнын куы сфæнд кодтой, уæд ма нæ Ирыстоны хæхты нарæг кæмтты фæрцы цы чысыл муртæ аззад, уыдонæй уыд нæ фыдæл Агъна дæр. Уымæй равзæрдыстæм.

Нæ мыггаджы равзæрды фæдыл ис цалдæр таурæгъы, кæрæдзи чи æххæст кæны, ахæмтæ. Иуы дзы ныхас цæуы мыггаджы фыдæлы ном Агънайы фæдыл дæр. Ирыстоны кæмтты цы бирæ мæсгуытæ, галуантæ, гæнæхтæ, фидæрттæ, уыдоны арæзтадмæ цы грекъаг аразджыты хуыдтой ирæттæ, уыдонæй, дам, бирæтæ ирон чызджыты ракуырдтой æмæ цæргæйæ баззадысты ам — Дагомы, Урсдоны, Донысæры, Цъамады æмæ æндæр хъæуты. Уыдон дæр ирон адæмау куывтой Хурты Хурзæринмæ, арты бардуагæн табу кодтой. Æмæ се ‘хсæн хæлардзинад стынг, хæларæй, уарзонæй цардысты. Агънаты фыдæл Агънайыл дæр, дам, ном уыдон сæвæрдтой: Агъна грекъагау амоны артмæ кувæг.

Иннæ таурæгъ та мыхуыргонд æрцыд Гецаты Афæхъойы чиныг «Дигори коми муггæгти равзурд»-ы. Радзырдтой йын æй Хъайттаты Хъайтмырзæ æмæ Гогуниты Уæрæсе 1990 азы. Уым фыст ис: «Рагон таурæгъмæ гæсгæ Агънаты мыггаг равзæрд Уæлладжыры комы, Мызуры. Сты Ос-Бæгъатыры фырт Къусæгоны къабаз, йæ фырт Мызуры фыццаг усы иунæг чызг Тайсауæй рацæугæ байзæддаг. Раджы кæддæр, дам, Мызур Урсдонæй балыгъд абоны Мызурмæ цæрынмæ. Хъæуыл дæр йæ ном баззад. Ам йæ чызг Тайсауы чындзы арвыста (кæмæ уый ничиуал зоны). Ам ын, Мызуры рацыд цот. Уыцы цотæй равзæрдысты мыггæгтæ: Агънатæ, Æмбалтæ, Зæнджиатæ, Габолатæ, Таутиатæ, Тебиатæ, Таболтæ æмæ Цæбитæ.

Фæстагмæ Мызуры цæрджытæ сбирæ сты, зæххытæ сын нал фаг кодта æмæ ардыгæй зæххагур цыдысты æндæр рæттæм. Агънаты мыггагæй дæр бирæтæ фæлыгъдысты Ирыстоны æндæр хъæутæм, кæмттæм. Дыгуры комы дæр дзы иу æфсымæр æрцард (йæ ном ын ничиуал хъуыды кæны) Тъæпæн Дыгуры Фæснæлы хъæуы. Ам ын рантыстис цот, фæлæ дзы ничи никæй уал хъуыды кæны. Фæснæлы хистæртæ ма дзы зыдтой зæронд лæг Гæбулайы фырт Цæрайы. Цæрай дæр 1920 азы быдыры хъæутæй кæцыдæрмæ алыгъд. Уæдæй фæстæмæ Агънаты мыггагæй Дыгургомы ничиуал цæры».

Агънатæн мыггаджы мæсгуытæ ис Дагомы, Фæснæлы æмæ Дзæрæхы комы (абон ис Мæхъæлы). Сæ зындгонддæр у Дагомы мæсыг. Амад æрцыд хъæуы æппæты бæрзонддæр ран. Йæ арæзтмæ гæсгæ у, хи бахъахъхъæныны тыххæй хæстон мæсыг. Йæ фыццаг уæладзыг у æмыр æхгæд, йæ алыварс — дуры цæндтæ, у чъырызмæстæй астæрд. Дыккаг уæладзыгмæ бахизæн дуары сæр у къæлæтамад, мидæгæй — чъырæй астæрд. Амад æрцыд XIV-XV æнусты. Агънаты мыггаг царды даргъ æмæ уæрæх фæндагыл рацыд фидар къахдзæфтæй. Нымæцæй кæд стыр мыггæгты йас нæу, уæддæр ирон адæмы размæ цыды ахадыдта æмæ ахады. Уæлдæр æй куы загътон: Ком мæсгуытæй фидауы, мыггаг та — лæгтæй. Агънаты мыггаг дæр. Уыдонæй Ирыстоны историмæ æппæты фыццагдæр бахауд Агънаты Георги. Уый разæнгардæй архайдта Ирыстон Уæрæсемæ баиу кæныны фарстаты. Уый фæдыл 1774 азы Уæлладжыры æмæ Куырттаты кæмтты цæрджыты минæвæрттæ Уæрæсейы императрицæ Екатеринæ II-мæ бацæттæ кодтой сæрмагонд фыстæг -курдиат æмæ йыл сæ къухтæ æрфыстой Куырттаты комы Цæлыккаты Андрейы хæдзары. Фыстæг-курдиатыл йæ къух цы ссæдз адæймаджы бафыстой, уыдонæй иу уыд Агънаты Георги. Блиты Макс æмæ Бзарты Руслан сæ чиныг «История Осетии»-йы фыссынц: «После заседания совета осетинские старейшины отправились в Моздок на переговоры с губернатором. В состав посольства, сформированного советом, входило 20 человек: Бахтынгирей Есиев, Шовлох Демиров, Хамирза и его сын Андрей Цаликовы, Тота Гуриев, Аби Шовлохов, Георгий Агнаев, Джава Цопанов и др… Переговоры в Моздоке завершились официальным банкетом и вручением осетинским послам ценных подарков от имени Екатерины II».

Нæ иннæ зындгонд лæг, историйы йæ ном æнустæм кæмæн баззад, уый у Агънаты Сослæнбег, йæ мады ном Къозе. Уый мæгуырæй схъомыл Елхоты, фæлæ Донайы хæсты йæхи ахæм хъæбатырæй равдыста, æмæ йæ диссагæн хастой. Георгийы дзуарæй йæ схорзæхджын кодтой æртæ хатты — ссис хæрзиуæг Георгийы дзуæртты æххæст кавалер. Сослæнбег йæ хæрзиуджытæ иста йæ хъæбатырдзинады тыххæй. Дыккаг Георгийы дзуар та йын саккаг кодтой, полчъы тырыса Турчы æфсады æхсæнæй кæй рахаста, уый тыххæй. Туркæгтæ сыл куы æрхъула кодтой, уæд ын полчъы командир бахæс кодта цыфæндыйæ дæр полчъы тырыса æрхъулайæ рахæссын æмæ йæ æфсады командæкæнынады штабмæ бахæццæ кæнын. Сослæнбег йæ хæс сæххæст кодта, æмæ та радон хæрзиуæг йæ риуыл сæрттывта.

Агънаты Къозе — Сослæнбеджы ном æмæ мыггаг фыст сты Мæскуыйы Кремлы Георгийы залы къулыл, хæрзиуæг Георгийы дзуæрттæ йæм æртæ кæй уыд, уый тыххæй. Агънайы байзæддаг хъазуатонæй хæцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цыфыддæр знаг фашизмы ныхмæ дæр. Бирæтæ дзы сæ цард радтой сæрибары сæрыл, уæлахизимæ дзы чи æрыздæхт, уыдонæн та сæ риутæ дзаг уыдысты хæстон хæрзиуджытæй. Агънатæй ис, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Советон Цæдисы Хъæбатыры ном райсынмæ цы 38 ирон хæстоны бавдыстой æмæ йæ кæмæн нæ радтой, уыдонимæ дæр Агънаты Габоцийы фырт Дзатте.

Нæ мыггаг куыстуарзаг у, фæллойадон фронты дæр сæхи æвдисынц æнтыстджынæй. Уæлдайдæр советон дуджы. Уыдис нæм фæллойадон хъазуатонтæ дæр. Зæрдæ рухс кæны нæ фæсивæдæй. Разæнгардæй тырнынц ахуыры бæрзæндтæм, хæст сты наукæйы, аивады æмæ спорты фæндæгтыл. Агънаты Æхсар йæ бирæвæрсыг наукон куыстытæй зындгонд у Республикæйы. Музыкалон аивады æнтыстджынæй кусы Агънаты Земæ. Уый у РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, Цæгат Ирыстоны национ музыкалон инструментты паддзахадон оркестры солисткæ. Бирæ кæстæрты æрæнгом кодта ирон национ музыкалон инструменттæм, ирон музыкæмæ.

Агънаты мыггагæй 43 нал сыздæхтысты Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй. Сахам, Барис, Джигит æмæ иннæтæ. Сабыр царды нæ мыггаджы минæвæрттæ æдзухдæр уыдысты фæллойы раззагдæртимæ. Агънаты Æмзор, Райхан, Ханджери, Хъасболат, Хъанымæт, Мамас (Ахболат), Тæтæрхъан, Алыбег æмæ иннæты нæмттæ сæ фæллойадон сгуыхтдзинадты фæрцы зындгонд уыдысты æппæт республикæйы дæр.

Мыггаг цæмæй æнгомдæр уой, кæрæдзи хуыздæр æмбарой, сæ зыны æмæ цины кæрæдзи фарсмæ уой, ууыл зæрдиагæй архайынц Агънаты Гæстæн, Додæбе, Батырбег, Алыксандр, Хъазыбег, Алан, Ацæмæз, Аслæнбег, Зауырбег æмæ иннæтæ.

Мах стыр разы стæм нæ сылгоймæгтæй: нæ мадæлтæй, нæ хотæй, нæ чындзытæй. Æмæ дзы цалдæры ма ранымайон, уый раст нæ уыдзæн. Уыдон сты Агънаты Фатимæ, Лизæ, Тамарæ, Заремæ, Аллæ, Светæ æмæ иннæтæ.

Агънаты мыггаг сæрыстыр у нæ номдзыд фыссæг Гæстæнæй. Райгуырд Хъарман-Сындзыхъæуы. Фондз æмæ йыл ссæдз азы дæр нæма цыдис, афтæ рухс федта йæ радзырдты фыццаг чиныг «Кæстæр чындз». Каст фæци Мæскуыйы М. Горькийы номыл литературон институт. Куыста уацхæссæгæй Ирон радиойы, Цæгат Ирыстоны телеуынынады хистæр редакторæй, журнал «Ногдзау»-ы бæрнон секретарæй, журнал «Мах дуджы» редакторы хæдивæгæй, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæгæй. Йæ уацмыстæ ивд æрцыдысты уырыссаг æвзагмæ æмæ йын рацыдысты рауагъдад «Современник»-ы 1975 азы ахæм сæргондимæ «Утро нового года». Зындгонд уырыссаг фыссæг Сергей Залыгины цæстуарзон разныхасимæ. Рауагъдад «Современник»-ы ма йын рацыд ахæм чингуытæ: 1982 азы — радзырдты æмбырдгонд «В гостях у сына» æмæ 1988 азы — уацауты æмбырдгонд «Последняя лошадь».

Агънаты Гæстæн у Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, лæвæрд ын æрцыд «Ирыстоны намысы» майдан, 2015 азы йæ ног роман «Темыры кæстæр чызджы» тыххæй йын саккаг кодтой Ирыстоны сæйрагдæр хæрзиуæг Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми.

Ис нæм, кæмæй раппæлæм, ахæм спортсментæ дæр. Нæ фæсивæд сæ хъарутæ, сæ арæхстдзинæдтæ æвзарынц, æвдисынц спорты алы хуызты. Уæлдæр æнтыстдзинæдтæ дзы йæ къухы бафтыд Агънаты Батрадзæн. Уый англисаг горæт Шеффилды фембæлд дунейы зындгонд богал ассоциаци АСВ-йы Тиаго Силваимæ æмæ йыл фæуæлахиз æнцонтæй, ссис дунейы чемпион. Агънаты Батрадзмæ ис æрдæгуæззау уæзы чемпионы кадджын рон.

Агънаты мыггаг цы историон фæндагыл рацыд, уымæн скодтам мыггаджы бæлас æмæ дзы ис дæс фæлтæры. Уыдон цард-цæрæнбонты иуæй иннæмæ лæвæрдтой фыдæлты фарн æмæ намыс. Æмæ æрхæццæ сты абон махмæ дæр. Уыдоныл æфтауын, бирæвæрсыгдæр сæ кæнын сты нæ фæлтæры сæйрагдæр хæс. Уый тыххæй сæрмагондæй регистраци скодтам Агънаты мыггаджы Цæгат Ирыстоны регионалон æхсæнадон организаци «Агъна». Равзæрстам Мыггаджы совет. Йæ сæрдары хæстæ бабар кодтой мæнæн. Æз мæ алыварс æрбамбырд кодтон нæ куырыхон хистæрты æмæ æвзыгъд фæсивæды нæлгоймагæй сылгоймагæй. Уыдоны фæрцы иудадзыг æвæстиатæй лыггонд цæуынц мыггаджы ахсджиаг фарстатæ. Рагон ирон Ныхасы рабадæгау сыл æрдзурæм бæрнонæй, биноныг æмæ снысан кæнæм бакæнинаг хъуыддæгтæ. Агънатæ абон цæрынц Дзæуджыхъæуы, Беслæны, Æрыдоны, Елхоты, Алагиры, Бирæгъзæнджы, Црауы, Сындзыхъæуы.

Агънаты мыггагæн æрвылаз дæр вæййы иумæйаг куывд. Уырдæм æрбахонæм нæ сиæхсты æмæ хæрæфыртты дæр. Уый стыр ахъаз у мыггаджы æнгомдзинадæн, хæстæгдзинады хъомысæн. Мыггаг кæрæдзи хуыздæр базонынц, базонгæ вæййынц нæ сиæхстимæ, хæрæфырттимæ. Уый сын фадат ратты, цæмæй сæ цины æмæ зыны дæр кæрæдзийæн æнцой уой.

АГЪНАТЫ Георги, Мыггаджы совет «Агъна»-йы сæрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here