Республикæйы фæндæгтыл æдасæй цæуыны уавæр

0
437

 

Нæ республикæйы Парламенты промышленносты, транспорты, бастдзинад æмæ амалхъомады комитетæн уыд уæрæх æмбырд. Амыдта йæ комитеты сæрдар БУРДЗИУТЫ Валерии

Æмбырды архайдтой Парламенты Сæрдары хæдивæг Билаонты Батрадз, министрадты, ведомствоты, бынæттон хиуынаффæйады администрациты минæвæрттæ, Парламенты депутаттæ. Ныхас цыд «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы фæндæгтыл æдасæй цæуыны уавæрыл. Сæйраг раныхасгæнæг уыд РЦИАланийы Мидхъуыддæгты министрады Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы хицау Хуадонты Айвар. Уый радзырдта, ацы азы фараст мæймæ ФЦÆПИ-йы куысты бæрæггæнæнты тыххæй, стæй, республикæйы фæндæгтыл цы фыдбылызтæ æрцæуы, уыдонимæ баст уавæры тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй ацы азы фараст мæймæ республикæйы фæндæгтыл æрцыд 540 фæндаггон-транспортон фыдбылызы, уым фæмард 65 адæймаджы, 821 та баййæфтой алыхуызон цæфтæ. Уыцы 540 фæндаггон фыдбылызæй 189 æрцыдысты Дзæуджыхъæуы, уым фæмард 13 адæймаджы, 252 та цæфтæ фесты.

Федералон фæндæгтыл æрцыд 119 бæллæхы, фæмард дзы 22 адæймаджы, 293 та фæцæфтæ сты. Территориалон фæндæгтыл æрцыд 125 фыдбылызы, фæмард дзы 23 адæймаджы, 223 та цæфтæ баййæфтой. Республикæйы хъæутæ æмæ æндæр цæрæн бынæтты æрцыд 352 фæндаггон-транспортон фыдбылызы, фæмард дзы 23 адæймаджы, фæцæфтæ — 481 адæймаджы.

Арæхдæр цавæр фæндаггон-транспортон фыдбылызтæ æрцæуы, ууыл ныхас кæнгæйæ, Хуадонты Айвар загъта, фылдæр хатт машинæтæ кæнæ кæрæдзи скъуырынц (ахæм фыдбылызтæ уыд 255), кæнæ фистæгæй цæуæг адæймаджы скъуырынц (139 фыдбылызы), кæнæ машинæ йæхи æндæр цæуылдæр скъуыры (63 фыдбылызы), кæнæ та фæлдæхгæ скæны (49 фыдбылызы).

Шофыртæ фæндæгтыл цæуыны фæтк кæй халынц, уый аххосæй æрцыд 451 бæллæхы, уым фæмард 51 адæймаджы, 734 та фæцæфтæ сты.

Фæндаггон-транспортон фыдбылызтæ æрцæуынц, шофыртæ машинæтæ æгæр тагъд кæй скъæрынц (уый аххосæй æрцыд 53 фыдбылызы), кæрæдзийæн фæндаг кæй нæ фæдæттынц (126 бæллæхы), сæ ныхмæцæуæг фæндагмæ кæй рахизынц (52 бæллæхы), уыдæтты аххосæй. Æппæтæй тæссагдæр у, шофыртæ машинæйыл нозтджынæй кæй сбадынц, уый (уый аххосæй æрцыд 43 бæллæхы).

Фистæгæй цæуджытæ фæндаггон фæтк кæй халынц, уый аххосæй æрцыд 84 фыдбылызы. Уым фæмард 13 адæймаджы, 79 та фæцæфтæ сты.

Уæлдай сагъæссаг уый у, æмæ, фæндаггон фыдбылыз кæй æрцæуы, уым аххосджын æрыгæттæ дæр кæй разынынц. 16 азы æмæ уымæй къаддæр кæуыл цæуы, ахæм «шофырты» аххосæй æрцыд 75 фæндаггон-транспортон бæллæхы. Уым фæмард 3 сывæллоны, 84 сывæллоны та фесты алыхуызон цæфтæ.

Хуадонты Айвары ныхасмæ гæсгæ, фæкъаддæр сты машинæтæ давыны цаутæ. Ацы азы фараст мæймæ ахæм цаутæ уыд 29, ивгъуыд азы ацы рæстæгимæ абаргæйæ, 34,1 проценты къаддæр. Уыцы фыдракæндтæн сæ 87,9 проценты барадхъахъхъæнджытæ раргом кодтой.

Раныхасгæнæг куыд загъта, афтæмæй ФЦÆПИ-йы кусджытæ сæ цæст дарынц транспорты техникон уавæрмæ. Уыцы нысанимæ уыдон бæрæг кодтой автокуыстуæттæ, административон æгъдауæй бафхæрдтой 329 бæрнон адæймаджы. Автоинспекторты ‘рдыгæй каст цæуы уынгты фæндæгты уавæрмæ æмæ уыцы фæндæгтыл машинæты цыдмæ, уæлдай фылдæр æргом здахынц фæндаггон-транспортон фыдбылызты профилактикæмæ.

Цæгат Кавказы федералон зылды Ространснадзоры цæгатирыстойнаг территориалон управленийы разамонæджы хæдивæг Бызыхъоты Таймураз радзырдта, бæлццæтты ласæг автотранспорты уавæрмæ цавæр каст цæуы, алы автокуыстуæтты фæндагмæ рацæуыны размæ транспорт, стæй шофыртæн дæр се ‘нæниздзинад, сæ уавæр куыд бæрæг кæнынц, бæлццæттæ, стæй уæзæгтæ ласыны закъонæвæрынад чи халы, ахæм амалхъомтæ цы хуызы æфхæрд баййафынц, æппæт уыдæтты тыххæй.

Фарстаты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой Билаонты Батраз, Бурдзиуты Валери, Парламенты депутаттæ Ортабайты Тимур, Уататы Зелимхан, Таугазты Анатоли, РЦИ-Аланийы Фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль, автотранспорты æмæ фæндæгты хæдзарады профцæдисты сæрдар Гæбуты Хадзы-Мурат, Роспотребнадзоры фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны хайады сæргълæууæг Тахъазты Дианæ, республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæг Хъалæгаты Ларисæ æмæ иннæтæ.

Республикæйы фæндæгтыл æдасæй цæуыны æмæ фæндаггон-транспортон фыдбылызтæ фæкъаддæр кæныны тыххæй æмбырды архайджытæ снысан кодтой сæйрагдæр мадзæлттæ æмæ рахастой, уавæр банывыл кæнынæн ахъаз чи фæуыдзæн, ахæм уынаффæтæ æмæ фæндæттæ.

З.АГЕЕВА

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here