Стъараполӕй — «Чермен»-мӕ

0
536

 

Цӕгат Ирыстоны Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл Ирон академион театры сценӕйы Плиты Грисы трагеди «Чермен» куы сӕвӕрдтой, уӕдӕй абонмӕ йӕ цал хатты равдыстой, уал хатты залы къухбакӕнӕн нӕ уыд. Уыцы ӕнтыстыл зӕрдиагӕй бакуыстой театры аивадон разамонӕг, РЦИ-Аланийы адӕмон артист КОЛЫТЫ Владислав, УФ-йы сгуыхт артист, Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, режиссер СӕБАНТЫ Тамерлан, нывгӕнӕг-ӕвӕрӕг Эммӕ ВЕРГЕЛЕС, композитор, УФ-йы аивӕдты сгуыхт архайӕг МАГКОТЫ Ацӕмӕз, сӕйраг ролы ахъазӕг РЦИ-Аланийы сгуыхт артист БИТАРТЫ Алыксандр

Хуымӕтӕджы нӕ рахастой театры разамынд абон ацы спектакль ногӕй сценӕмӕ. Хуымӕтӕджы йӕ не сног кодтой адӕмы зӕрдӕты. Иуӕй у Плиты Грисы райгуырды 105 азы юбилей, иннӕмӕй та спектаклы сӕйраг роль ахъазӕг Уататы Бибойы райгуырдыл 2019 аз ӕххӕст кӕны 80 азы. Уӕдӕ абон ног фӕлтӕрты ӕхсӕнмӕ Чермены лӕгдзинад, адӕймаджы удыхъӕды хуыздӕр миниуджытӕ, сӕрибардзинад ӕмӕ рӕстдзинады тырыса рахӕссинаг кӕй сты, уым дӕр спектакль сахадыдта фӕлтӕртимӕ хъомыладон куысты.

«Чермен»-ы кой сыхаг республикӕтӕм дӕр айхъуыст, ӕмӕ йыл уым цӕрӕг ирӕттӕ зӕрдиагӕй бацин кодтой. Ивгъуыд къуыри Стъараполӕй спектакль фенынмӕ ссыдысты иу къордӕй. — Ӕз дӕс ӕмӕ ссӕдз азы цӕрын Стъараполы. Мӕ хӕлӕрттимӕ фехъуыстам премьерӕйы хабар ӕмӕ бабӕллыдыстӕм йӕ фенынмӕ. Мӕ хӕлӕрттӕ иууылдӕр ирӕттӕ не сты, фӕлӕ сӕ зӕрдӕмӕ афтӕ арф айстой спектакль, ӕмӕ сӕ цӕссыгтӕ нӕ урӕдтой. Уырыссаг ӕвзагыл ӕм хъуыстой комкоммӕ тӕлмацӕй. Хъуамӕ ахӕм культурон балцытӕ Стъараполӕй Ирон театрмӕ суой традицион. Тынг бацин кодтам, театры залы абон дӕр кӕддӕрау бынӕттӕ кӕй нал уыд спектаклы рӕстӕг, ууыл. Чермены хуызӕн лӕгдзинадӕй ӕххӕст хъайтар абон дӕр сӕйраг сурӕт кӕй у, кӕстӕртӕн бӕллиццагӕй нӕ размӕ кӕй рахызт, уый у сӕйрагдӕр. Хъыгагӕн, не ‘хсӕн ис Хъасайтӕ, Даккотӕ, ӕмӕ нӕ уый дӕр ӕнкъард хъуыдытыл ӕфтауы. Мӕн тынг фӕнды, цӕмӕй спектакль феной фылдӕр нӕ кӕстӕртӕ. Мӕ дидинджыты баст балӕвар кодтон сӕйраг хъайтар Черменӕн нӕ, фӕлӕ йӕ кӕсгон хӕлар Иналӕн, йӕ ӕрдхорддзинад ирон лӕгимӕ сыгъдӕгӕй кӕй хаста, уый тыххӕй. Сыхаг республикӕтимӕ хӕлардзинады ахастдзинӕдтӕ ӕмӕ бастдзинӕдтӕ абон сты актуалон ӕмӕ, спектаклы ирдӕй ӕвдыст кӕй ӕрцыдысты, уый мын тынг ӕхсызгон у, — загъта Тедеты Константин.

Цард ивы, фӕлӕ Чермены хуызӕн хъайтартӕ алы рӕстӕджы дӕр сты ирон лӕгӕн ӕхсӕнады размӕ хӕссинаг. Чермен агуырдта лӕджы бынат а зӕххыл. Рӕстӕджы хъуырдухӕнты, знӕт уылӕнты, фӕлтӕрты ‘хсӕн ӕддӕг-мидӕг хъуыддӕгты лӕгдзинад, ӕхсар, ӕргом ныхас, рӕстдзинад баззайдзысты сӕйрагӕй. Грис, Бало, Чермен… сты, ирон адӕмы ӕнусты фӕстӕ дӕр сӕ фарнӕй иу чи кӕндзӕн, Ирыстоны уыцы хъӕбултӕ. ХЕТӔГКАТЫ Оксанӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here