Мæн рагæй фæндыд газет «Рæстдзинад»-мæ ныффыссын. Алы аз дæр æй рафыссын æмæ йæ зæрдиагæй кæсын. Дæн хæтæлдойнаг. Цæуы мыл 82 азы. Ныр цæрын Заводы поселочы.
Мæ фыд Гуырцъыты Дианоз йæ бирæ цотимæ Хæтæлдонмæ цардагур æрлыгъд Дзимыргомæй. Йæ бæллиц уыд йæ цоты ахуыры фæндагыл бафтауын. Хæтæлдоны хъæуы кæрон балхæдта хъæдын хæдзар. Колхозы кусын райдыдта скълады. Бирæ дзы нæ бакуыста, ахуырдзинад æм нæ уыд, æмæ йын дзы зын кусæн уыд.
Колхозы уыдис стурвосы æмæ фысвосы фермæтæ. Стурвосы фермæ хъæумæ æввахс уыд, фысвосы фермæ та — дæрддзæфгомау хъæдрæбын. Мæ фыдæн бабар кодтой фысвосы фермæ. Уыдис æм дыууæ фыййауы: Хъазиаты Быдзыго æмæ Хъайтмазты Бабола. Уыдысты зæронд лæгтæ, æмæ, хæст куы райдыдта, уæд сæ хæстмæ дæр нæ акодтой. Фысвосы фермæйæн йæ фарсмæ уыд егъау хизæн фæз. Фыййæуттæн дзы уыд цæрынæн бæзгæ хæдзар. Уыдис дзы æхсæвгæс. Се скъæттæ уыдысты хъарм зымæджы дæр. Йæ фыййæуттæй-иу исчи куы фæрынчын, уæд-иу Дианоз йæ бæсты бакуыста.
Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд Дианоз рагацау бацархайдта, цæмæй фысвосы рæгъæуттæ хæхтæм атардтаиккой, ууыл. Колхозы разамынды æмбырды сыстад æмæ загъта, Куырттаты комы Згъарискмæ сæ аскъæрæм, зæгъгæ. Иууылдæр сразы сты йæ фæндоныл, æмæ дыккаг бон йæхæдæг ацыд бынатагурæг. Куы æрыздæхт, уæд фыййæуттæн загъта, райсоммæ уæхи æрцæттæ кæнут, фос Куырттаты коммæ скъæрæм.
Райсомæй Дианоз йæ фыййæуттæ Хъайтмазты Бабола æмæ Хъазиаты Быдзыгоимæ сæ фосы рæгъауыл ахъæр кодтой æмæ сæ аскъæрдтой Куырттаты комы Згъарискмæ. Фос уым фесты, цалынмæ Хæтæлдон фашисттæй не суæгъд, уæдмæ.
Стурвос баззадысты сæ бынаты, æмæ сын сæ фермæйыл немыцаг хæдтæхджытæ иу æхсæв бомбæтæ æркалдтой. Фермæ хъæумæ тынг æввахс уыд, æмæ бомбæты рæмыгъдтытæй адæмы цæрæн хæдзæртты рудзгуыты æвгтæ дæр базгъæлæнтæ сты. Райсомæй хъæуы цæрджытæ сæхи айстой Хъæды коммæ, сæхи бафæсвæд кодтой знæгтæй. Мæгуыры цæрдтытæ, фыдбонтæ дзы æрвыстам, нæ арты фæздæг нын фашисттæ хæдтæхджытæй куы бафиппайой, зæгъгæ, йыл-иу уайтагъд дон бакалдтам.
Хъæды комы бирæ нæ бафæстиат стæм. Фашисттæ Ирыстонæй лидзæг куы фесты, уæд нæм, хъæуы ма хистæртæй цæргæйæ чи баззад, уыдон барвыстой, немыц, дам, хъæуы нал сты, рацæут уæ хæдзæрттæм. Мæ фыд Дианоз колхозы фысвос Куырттаты комы Згъарисчы куы бабæстон кодта, уæд æй хæстмæ акодтой.
Хæцыд алы рæтты, Сталинграды тохты уæззау цæфтæ фæци. Дзæвгар рæстæг æй госпитæлы фæдзæбæх кодтой, стæй йæ хæстæй суæгъд кодтой. Фæлæ йæ цæфты рыст никуы банцад. Уыцы дунемæ ма суанг йемæ йæ буары нæмгуыты схъистæ дæр ахаста.
Мах цыппар чызджы æмæ дыууæ лæппуйы уыдыстæм нæ мад æмæ фыдæн. Нæ æппæты хистæр Женя Хъайтмазты Фузæ æмæ Хъайтмазты Бабиримæ тынг активон фæскомцæдисонтæ уыдысты, немыц ма Хæтæлдоны куы уыдысты, уæд дæр хъæдмæ партизантæн хастой хæринаг æмæ хъарм дзаумæттæ, хъусын сын кодтой хъæуы уавæр.
Хæсты фæстæ та уыдон æртæйæ галтæ сифтыгътой бричкæтыл æмæ колхозы фæллой районмæ ластой. Мах нæ хо Женяйы уынгæ дæр нæ кодтам, æдзухдæр уыд хъуыддаджы лæуд.
Нæ фыд Дианозæн дæр куыддæр йе ‘нæниздзинад фæфидар, афтæ кусын райдыдта быдырон бригады разамонæгæй. Йæхицæн æнцойдзинад нæ лæвæрдта. Афтæ кусын кодта иннæ колхозонты дæр. Райдайæны нæ хæцæг æфсадæн æххуыс кæнын хъуыд, уый фæстæ та паддзахад йæ къæхтыл слæууын кæнын. Хæсты фæстæ æппæт адæмæн дæр сæ уаг, сæ куыст ууыл уыд. Сæхи-иу хъуагæй дæр уагътой, æхсæнады пайдайыл кусгæйæ. Нæ фарсмæ хъæуы цардысты Цехъойты Асæкъойы бинонтæ. Сæ дыууæ лæппуйы хæстæй нал сыздæхтысты. Сæ хистæрæн йæ сывæллон гуыбыны баззад. Сæ чындз уыд ахуыргæнæг. Скъолайы стъолтæ нæ фаг кодта, æмæ æз хорз хъуыды кæнын, зæронд Асæкъо йæ цардæмбалимæ сæ чындзæн скъоламæ се стъол куыд радтой, уый. Гъе ахæм цæрдтытæ кодта хæсты фæстæ алчидæр. Фæлæ æууæндыдысты хуыздæр фидæныл æмæ сæхиуыл нæ ауæрстой. Йæхиуыл нæ ауæрста нæ фыд Дианоз дæр. Æгæр-мæгуыр æй йæ къам исынмæ дæр никуы равдæлд. Баззад ын æрмæстдæр ацы къам гæны хуымы истæй.
ГУЫРЦЪЫТЫ Уæздинцæ, Заводы поселок














