Йæ курдиат бирæвæрсыг уыд

0
62

Ирон драмон профессионалон театр куы байгом, ууыл ныр 90 азы рацыд. Намысджын æмæ кадджын у йæ азфыст. Алы режиссер, алы актер дзы иугъæдон æмæ иударон сфæлдыстадон рæзты фæндагыл нæ цыд æмæ нæ цæуы. Цымыдисаг дæр уымæн у нæ уарзон Ирон театры азфыст йæ равзæрдæй абоны онг.

Ирон театралон аивады гуырæнтæ æмæ рæзæнтæ кæй ном æмæ цардимæ баст сты, уый – Олгинскæйы хъæуæй рацæуæг, фыццаг ирон профессионалон актер, режиссер æмæ ахуыргæнæг, Цæгат Ирыстоны АССР-йы аивæдты сгуыхт архайæг Тотраты Бесæ. Зæрин халыл æвзаргæ фæрдгуытæ æмæ цыкуратæ кæнæгау, Ирыстоны хæххон æмæ быдираг хъæуты фæзылд, афтæмæй, фарны зиумæ хонæгау, фæдзырдта ирон курдиатджын фæсивæды хистæртимæ æмæ сын сæ цæхæрцæст æмæ зæрдæргъæвд кæстæрты арвыста Мæскуыйы Луначарскийы номыл паддзахадон Театралон институтмæ. (ГИТИС). Ам 1931 азы байгом ирон профессионалон театралон национ студи. Ацы номдзыд уæлдæр театралон аивады артдзæсты Советон Цæдисы адæмтæй ирон студи фыццаг уыд.

Ирон профессионалон театры актертæ æмæ режиссерты ‘хсæн Заманхъулы хъæуæй рацæуджытæ уыдысты Цæллагкаты Ладимæт (Тотраты Бесæйы бинойнаг), Милдзыхты Чабæхан æмæ Есерыхъуаты Минтæ. Уый райгуырд Рахизфарсы районы Заманхъулы хъæуы 1915 азы 15 сентябры. Дунемæ йæ фæзынды афон адæмæн куыд бæркад æмæ цинхæссæг у, афтæ Минтæ дæр йæ царды алы къахдзæф æмæ бирæвæрсыг сценикон курдиатæй хиуæттæн, къабæзтæн, сæдæгай театрдзаутæн цин æмæ уды бæркады рухс хаста, куыд æмæ цас йæ бон уыд, афтæ зæрдиаг æмæ арæхстджынæй.

Ирон драмон театры профессионалон сценæйы бирæ зæрдæмæдзæугæ сурæттæ сарæзта Минтæ. Архайдта ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг драматургты фыст пьесæтæм гæсгæ комедион, трагедион æмæ драмон спектакльты. Артист уыдзæн æмæ театры къæсæрæй искуы бахиздзæн, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Фæлæ Тотраты Бесæ ирон драмон театры студийы ахуырмæ фæсивæды куы æвзæрста, уæд йæ хъус æрдардта бæрзонд, хæрзконд, бакаст æмæ фезмæлдæй, сныхасæй аив æмæ уæздан Минтæмæ. Йæ фыд Солтан, мад Нагъуæ, (Дади, чызгæй – Æрчъегкатæй) сæ чызджы нæ уагътой театралон аивадыл ахуыры фæндагыл ацæуынмæ. Уæды рæстæджы дæр ма ирон бинонты æгъдау æмæ чызджы уаг æмæ æфсармы миниуджытæм хистæртæ карз æмæ домаг цæстæй кастысты. Чи зоны, æмæ Минтæйы хъысмæт куыд рауадаид, йæ хистæр хо Цацка – Заманхъулы фæскомцæдисы змæлды зæрдиаг архайджытæй иу – йæ хистæрты куы нæ сразы кодтаид Минтæйы Мæскуымæ ахуыр кæнынмæ ауадзыныл, уæд.

Тынг зын уавæрты цардысты, Мæскуыйы Театралон аивады институты ахуыр кæнгæйæ, ирон суинаг артисттæ. Фæлæ сæ социалон зындзинæдтæ ницæмæ дардтой. Сæйрагдæр сæ фæндыд Ирыстонмæ цæттæ артисттæй ссæуын æмæ нæ адæмæн æцæг профессионалон театры аивады ад базонын æмæ бауарзын кæнын. Ацы уæлмонц æнкъарæн студийы суинаг артист лæппутæ æмæ чызджыты: Таутиаты Солæманы, Борыхъуаты Барисы, Икъаты Серафины, Баймæтаты Меретханы, Баллаты Валодяйы, Калоты Барисы, Дзитойты Раяйы, Токаты Асæхы, Плиты Грисы, Магкæты Арсены, Мæхъиты Валодяйы, Точиты Эльбрусы, Дзукъаты Аннæйы, Дзугкойты Афассæйы, Къомайты Василисæйы, Гуситы Валодяйы, Хуыгаты Самсоны, Бæтæгаты Тамарæйы, Цæллагкаты Ладимæты, Дзапарты Сергейы, Галазты Викторы, Есерыхъуаты Минтæйы, Цæллагты Иваны (Минтæйы сæрыхицау), Цæлыккаты Мæирбеджы хуыдта ахуыры æнтыстыты бæрзæндтæм. Сæ ахуыргæнджытæ – Советон Цæдисы адæмон артисттæ Иосиф Раевский, Рубен Симонов, Виктор Станицыны уырныдта, ирон адæмæн ацы курдиатджын фæсивæд æцæг театралон аивады ад кæй базонын кæндзысты, уый.

– Мæ ныййарджытæ, стæй нæ бинонтæ къалбас нæ хордтам. Нæ дин нæ амыдта. Æмæ, Мæскуыйы куы ахуыр кодтам, уæд дзы мемæ цалдæр чызджы æмæ лæппуйæ æртæ мæйы æрмæст дон æмæ дзулæй цардыстæм, æндæр ницы хордтам. Цæлыккаты Мæирбег махæй хистæр уыд. Уый дæр – пысылмон диныл хæст. Куы нæ базыдта, уæд нын тынг фæтæригъæд кодта. Афтæ нын бакодта, æз дæр къалбас никуы бахордтон, фæлæ, цы гæнæн ис ныр, ахуыр куы кæнай, стæй ма кусгæ дæр, уæд æххормагæй лæг бирæ кæм фæразы. Афтæ ма кæнут, чызджытæ, зæгъгæ, нын лæгъстæхуызæй бакодта,– дзырдта нын Минтæ, – фыццаг хатт Мæскуыйæ хъæумæ каникулты куы æрцыдтæн, уæд ме ‘фсымæрæн æрластон пурти. Мæ хотæ мæм хъазгæйæ дзырдтой, уырыссагау дзæбæх куы нæ дзурыс, уæд дын æй уæйгæнæг куыд рауæй кодта. Æцæгæйдæр, уырыссагау нæ дзырдтон хорз, фæлæ Мæскуыйы ахуыры рæстæг, мæй, дыууæ мæймæ базыдтон æдæрсгæ уырыссаг æвзаг. Институты дæр нын ахуыртæ уыд сæрмагондæй, – кодта дарддæр йæ ныхас зындгонд курдиатджын актрисæ.

Мæскуыйы 1935 азы сæ ахуыр куы фесты æнтыстджынæй ирон профессионалон театры фыццаг артистты къорд, уæд сыл Ирыстоны иттæг зæрдиагæй сæмбæлдысты нæ республикæйы уæды рæстæджы хицауад, æхсæнад æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, театрдзаутæ. Сæ размæ сын Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы поездты æрлæууæнмæ хастой лæвæрттæ æмæ ирон хуынтæ. Буцæй сæ хуыдтой Ирон театры фыццаг зæрватыччытæ.

– Иу бинонты цард кодтам не ‘ппæт дæр. Нæ кусгæ бонты рæстæгæй уæлдай нæ бæрæгбæттæ æмæ фæлладуагъды рæстæг дæр иумæ æрвыстам. Нæ кæстæртæ дæр кæрæдзийыл æнувыд уыдысты. Театрдзаутæ та ныл афтæ æнувыд уыдысты æмæ-иу нын спектакльты фæстæ арфæтæ кодтой, дидинæгæй нæ рæвдыдтой. Уынджы ныл-иу куы амбæлдысты, уæд-иу нæм сдзурын нæ уæндыдысты. Зæдты цæстæй нæм кастысты. Театр мæ уды бæрц уарзтон æмæ йæ уарзын ныр дæр. Мæ цард æмæ ме сфæлдыстадон хъысмæт ирд уыд, фæлæ йæ æнцон схонæн нæ уыд. Фæлæ мын Хуыцау дыккаг цард куы раттид ацы зæххыл, уæд дæр та театримæ мæ хъысмæт баиу кæнин, – уыд йæ ныхас мемæ фембæлды рæстæг (2005 азы) Минтæйæн.

Ирон театры сценæйы Минтæ сарæзта фæндзай зæрдæмæдзæугæ сурæтæй фылдæр: Брытъиаты Елбыздыхъойы «Амыран»-ы – Ныфс, «Дыууæ хойы» – Асиат, Мамсыраты Дæбейы «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы – Агуындæ, Николай Погодины «Кремлы куранттæ»-йы – Машæ… Ацы æмæ иннæ зындгонд дунеон æмæ уырыссаг драматургты пьесæтæм гæсгæ æвæрд бирæ спектакльты Минтæ уыд ирд æмæ хæдхуыз фæлгонцтæ аразæг.

Ирон драмон театры йæ рæстæджы цы артисттæ уыд, уыдоныл сæ алкæйы тыххæй дæр Минтæ зæрдиагæй дзырдта йæ мысинæгтæ. Аргъ сын кодта сæ удыхъæд æмæ сфæлдыстадон сценикон æрмдзæфæн. Мæнæ мын цы загъта номдзыд актер, Цæгат Ирыстоны АССР-йы фыццаг адæмон артист, Ленины орденæй хорзæхджын Таутиаты Солæманы тыххæй: «Ирон театры сценæйы Солæманимæ сарæзтон æртæ сурæты. Уыдонæй мын сæ алкæцыдæр цардау у адджын æмæ зынаргъ. Диссаджы актер æмæ зæрдæхæлар, зондджын æмæ фендджын адæймаг уыд. Йемæ сценæйы уыд тынг æнцон кусæн. Йæ арæхстдзинад, сценикон уæлтæмæн афтæ ирд æмæ бирæвæрсыг уыд, æмæ дын йæ зæрдиаг удуæлдай сценикон архайдæй дæ хъару нæ саста, фæлæ дæ, куыд йе ’мхъуыдыгæнæг æмæ сфæлдыстадон цæдисон, афтæ йæхи æмвæзадмæ кодта, йæ удцырын æмæ уæлтæмæнæй дыл-иу базыртæ сагъта».

Ирон драмон профессионалон аивады фыццаг зæрингуырдтæй иу, фæллойы ветеран, Цæгат Ирыстоны АССР-йы сгуыхт артисткæ Есерыхъуаты Минтæ йæ цардæй ахицæн 2006 азы 15 майы 91-аздзыдæй. Æз æй цы рæстæг зыдтон, уыцы азты дæр ыл кар йæ уæз æруагъта. Фæлæ йæ зæрдæйы фæлмæндзинад, йæ зонд æмæ æцæг ирон сылгоймаг-хистæры фарн æмæ уагæй дæнцæг уыд йæ кæстæртæ æмæ уыдоны цотæн. Йæ сæрыхицау, артист Цæллагты Иванимæ царды фæндагыл æрæвæдтой рæсугъдæй дыууæ кæстæры. Лæппу, Ким, уыд денджызон æфсæддон (рухсаг уæд), чызг Зоя у дæсны дохтыр. Ис сæхицæн дæр хорз кæстæртæ. Цард æмæ сын фæллой æнтысæнт алкæддæр, æмæ Минтæ æмæ Иваны фарныл кад æмæ намыс æфтауæг куыд уой, уыцы хорзæх сын нæ цæст уарзы!

ГАСАНТЫ Валери

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here