Дарддæр цæуынц Беслæны Сывæллæтты аивæдты скъолайы арæзтадон куыстытæ.
Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фехъусын кодта, афтæмæй скъолайы ног агъуыст ифтонггонд æрцæудзæн, сабиты цыдæриддæр хъæуы æнтыстджын ахуырæн, уыдæттæй. Объекты иумæйаг фæзуат у 2,6 мин квадратон метры бæрц. Сывæллæттæн сæ бон уыдзæн нывкæнынад æмæ æрмдæсныдзинады сусæгдзинæдтæ базонын, уымæй уæлдай ма агъуысты уыдзæн равдыстыты зал дæр.
Ныртæккæ специалисттæ дысвæлдæхтæй архайынц объекты мидæггаг хатæнтæ сфæлындыныл, инженерон хызтæ, уæлдæфсыгъдæггæнæнтæ æмæ зынгсирвæзтыты ныхмæ системæтæй йæ сифтонг кæныныл. Уыцы иу рæстæг куыст цæуы агъуысты фалдзустæ банывыл кæныныл.
Рахизфарсы районы рæзгæ фæлтæрæн фæзындзæн æрмæст ног скъола нæ, фæлæ, сæ бон ахуыр кæнын, хи аивады алы ног здæхтты фæлварын æмæ сæ курдиæттæ ирдæй равдисæн кæм уа, нырыккон уавæртæн дзуапдæттæн ахæм тыгъдад.
Куыстытæ цæуынц федералон проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæн ахуыр, фæлладуадзын æмæ æнæниздзинад фидар кæнынæн уавæртæ саразын»-ы фæлгæты.
Нæ уацхæссæг














