Æххуысмæ цæттæ стæм

0
747

Знон Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеслав телефонæй ныхас кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ТЫБЫЛТЫ Леонидимæ.

Битары-фырты ныхасмæ гæсгæ, знон райсомæй Хуссар Ирыстоны цы фыдбылыз æрцыд, уый у стыр бæллæх. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ, 58-æм æфсады службæгæнджыты цы автобусыл фæцæйластой, уый хæххон фæндагыл былæй ахауд. 6 адæймаджы фæмард сты, 16 адæймаджы та цæфтимæ бахаудысты рынчындонмæ. Цæгат Ирыстоны разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, республикæ цæттæ у, фыдбылызы аххосæй рынчындæттæм чи бахауд, уыцы æфсæддонтæн баххуыс кæнынмæ. Тыбылты Леонид бузныг загъта æмæ, куыд бафиппайдта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны æппæт фадæттæ дæр ис æфсæддонтæн хъæугæ медицинон æххуыс бакæнынæн. Уый фæстæ Битарты Вячеслав ныхас кодта Хуссайраг æфсæддон зылды 58æм æфсады командæгæнæг Андрей Гурулевимæ æмæ йæм бахатыд, цæмæй тæфæрфæс ракæна, фыдбылызы чи фæмард, уыцы афицерты бинонтæн.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here