Адæймагæй исты куы сриссы, уæд йæ фæндаг дохтыры кусæнуатыл акæны. Райгонд сты Лескены цæрджытæ сæ зæххон хуыцæуттæй. Хъæуы амбулатори чысыл поликлиникæ схонæн ис. Ныртæккæ медицинæ стыр санчъехтæ акодта размæ æмæ дзы Лескен дæр хайджын фæцис. Парахат, райдзаст бæстыхайы кусынц терапевт, педиатр, дæндæгты дохтыр. Ис дзы алцæмæй ифтонг боны стационар. Медицинон кусджытæ алы низты ныхмæ кæнынц профилактикон куыст. Куыд зæгъынц, афтæмæй рынчын адæм бирæ ис. Арæх сты зæрдæйы низтæ, йæ туджы æлхъывдад бæрзонд кæмæн у, сæкæрнизæй чи тыхсы, ахæмтæ.
Амбулаторийæн дæсны разамынд дæтты дохтыр Рубен Агаранян. Сывæллæтты дохтыр Цохъты-Таухъазахты Аллæ 1981 азы медицинон институт каст куы фæцис, уæдæй абонмæ лæггад кæны адæмæн. Рох дзы нæу, бирæ рæстæг цы зынвадат бæстыхайы куыстой, пайда кодтой хæсгæ донæй. Ныр дыккаг аз кусынц ног, рæсугъд цалцæггонд амбулаторийы.
— Хъæуы кусæг дохтырæн æхсæв-бон нæй. Бахъуаджы рæстæг хъуамæ æххуысмæ цæттæ уай. Уымæн æмæ дзуапп дæттыс адæмы æнæниздзинадыл, — зæгъы Аллæ. — Низ афойнадыл куы рабæрæг кæнай, уæд æнцондæр дзæбæхгæнæн у. Арфæйы ныхæсты аккаг сты фæллойы ветерантæ Хъозиты Фатимæ, Елеты Тæирæ, Ганаты Лидæ, Кцойты Зарæ, Сылтанты Таисæ æмæ иннæтæ. «Тагъд æххуысы» машинæйыл бабæрæг кæнын æнæфæразгæ, хуысгæ рынчынты. Æнæзивæг куыст кæнынц фелсыртæ Гулуты Аллæ, Дзоблаты Людæ, Лекъты Галинæ æмæ нæ шофыртæ. Машинæ, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг базæронд, арæх асæтты, æмæ йæм хорз зилынц Хъараты Хъазыбег æмæ Артур, Уæдаты Артем æмæ Æрситы Альберт. Æхсæвæй-бонæй, радыгай, амбулаторийы вæййынц медицинон кусджытæ. Сывæллæтты дохтыр сагъæс кæны, ноггуырдтæ сæм бирæ кæй нæй, аххосаг та у, æрыгон бинонтæ куыстагур æндæр рæттæм кæй цæуынц, уый.
— Нæ хъæуы цæрджытæ уæздан адæм сты, дохтыры куыстæн аргъ кæнын зонынц æмæ сын мах дæр иузæрдионæй лæггад кæнæм, — зæгъы Аллæ.
ЦÆГÆРАТЫ Жаннæ
Къам систа КЪÆБЫСТЫ Харитон