Сечъынаты хæйрæг

0
5146

Сечъынатæ цардысты Дыгургомы, Къаматы хъæуы. Æнæхъæн комы дæр мах хъæуæй бæрзонддæр нæ уыд, нæ йæм тылд уæрдон нæдæр сæрд, нæдæр зымæг. Æмæ, дам, иу хатт Сечъынаты Хамаза уалæ Урс хохы рæбынæй, Тоборахътæ кæй хуыдтой, уым дидинæгджын уыгæрдæны иунæгæй хос карста, йæ цæвæджы æхситт дардмæ хъуыст. Иуафон кæсы æмæ йæ цæстытыл не ‘ууæнды: бæрзонд хохы даргъæй рабырыд адæймаджы хуызæн цыдæр. Куы фæзыны, куы ‘рбайсæфы. Хамазайы сæрыхъуынтæ арц сбадтысты, уæдæ ай цавæр диссаг уа, зæгъгæ. Дзуры йæм, хæстæгдæр мæм рацу, базонгæ уæм, зæгъгæ, фæлæ уазæг гобийæ лæууы, ницы дзуапп дæтты. Цы гæнæн уыд Хамазайæн æмæ дарддæр йæ кæрдыны куыст кæны. Уазæг æм исдуг æдзынæг фæкаст, стæй уыгæрдæны бæрæгастæу суадоны былтыл цы хæрис бæлæстæ задис, уыдонмæ февнæлдта, ацарæзта дзы цæвæг æмæ — диссæгтæ: Хамазайæ-иу дыууæ хатты тагъддæр æрхаста йæ уис. Лæг хъуыдыты аныгъуылд, ай мæн куы фæзмы, зæгъгæ, æрбадт æмæ хосæй ацарæзта бæндæн, йæ дыууæ къахы дзы бабаста. Раст афтæ бакодта уазæг дæр. Уæд Хамаза тагъдгомау цæвæгæй бæндæн æрбалыг кодта, фæлæ уый уазæджы къухы нал бафтыд, афтæмæй йæ лæг æрцахста. Æркодта йæ хъæумæ, фæцин ыл кодтой хæдзары бинонтæ, æнæхъæн мыггаг. Сæхицæн æй скодтой æрвад, радтой йын ном

— Æрган. Разынди диссаджы куыстуарзаг, амалджын. Æнæдон адæгты дон рауадздзæн, кæмæй фæзæгъынц, раст ахæм. Æмæ-иу найгæнæнты — мæнæу уыдаид, хъæбæрхор, кæнæ хохаг хъæдур — дыууæ фыййаджы размæ, кæримæ, æппæрста, иу та — фæстæмæ.

— Афтæ цæмæн кæныс, цæмæн нын сафыс нæ фæллой? — бафарстой йæ иуахæмы.

— Уый та мæгуыртæн, сидзæртæн, — радта сын дзуапп. Æмæ диссаг та куыннæ уыд, фæстæмæ-иу цас аппæрста, дыууæ — æртæ уыйасы-иу бафтыди кæрийыл. Хъæуæн йæ галиу фарс Сау хохы къæдзæхтæй згъоры Наргъы дон. Цæстысыгæй рæсугъддæр уыдис, фæлæ дзы дон хæсгæйæ Æрган сабыр кодта дзæвгар рæстæг. Лæмбынæг-иу каст цæугæдонмæ, стæй-иу фæлæбурдта, къус-иу айдзаг кодта, афтæмæй йæ æвгæдта къæртамæ.

— Афтæ цæмæн скъæфыс дон, — бафарстой та йæ, — цæстысыджы хуызæнæй куы цæуы?

— Нæ, уый сымахмæ афтæ кæсы, — загъта та сын Æрган. — Дон йемæ ласы алыхуызон низтæ, æмæ дзы сыгъдæгæй чи рацæуы, æз уыдонмæ фенхъæлмæ кæсын, уымæн сæм фæлæбурын. Афтæ хъæлдзæгæй, кæрæдзи æмбаргæйæ цардысты. Фæлæ сыл иу хатт æрцыдис æнамонд хабар. Сыхаг хъæу Уæхъазы кæйдæр хæдзар ссыгъди. Къаматы адæм уырдæм фæфæдис сты. Хæдзары ма баззад чысыл лæппу авдæны бастæй. Æрган та хъуамæ алы сабаты дæр сæрдасæндзæф æййæфтаид. Куы ничи йæм æвнæлдта, уæд йæхæдæг раскъæфта сæрдасæн, авдæны цур æрбадт йæ зонгуытыл, лæгъстæ кодта сабийæн, сæрдасæндзæф мæ фæкæн, зæгъгæ, фæлæ йын цы ‘мбæрста чысыл саби. Базыдта, ам ын цæрæнбынат нал уыдзæн, уый, азгъордта æмæ ныххæццæ Мæхческы хъæумæ. Уым дынджыр хæдзары йас дур фелвæста, фехста йæ. Дур абадти Мæхческ æмæ Фæрæскъæты бæрæгастæу, æмæ Æрган йæ быны фæмидæг. Дурыл баззадысты йæ къухы фæдтæ. Сечъынатæ фæдисæй æрбаздæхтысты. Хабар куы базыдтой, уæд нынкъард сты, хъыг кодтой сæ хорз æрвады фесæфтыл. Æмæ бауынаффæ кодтой алы аз дæр ын йæ ном арын мартъийы æмæ сæрды. Ацы хъуыддаг куывд дæр нæу æмæ хист дæр. Уымæн æмæ, мыггаджы хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй бæрæг нæу, мард у æви æгас. Кувгæйæ йын фæзæгъынц: кæд æгас дæ, уæд дын кувгæйæ уæд, кæд мард дæ, уæд та фæлдисгæйæ уæд. Куывд вæййы æрмæстдæр мыггагæн, æндæр мыггæгтæн дзы нæ фæтчы хæрын. Ахæм амынд баззад хистæртæй: абон Сечъынатæй чызг моймæ ацыд, уæд иннæ бон куывд куы уа, уæд дзы уымæн нал фæтчы хæрын. Фæлæ мыггагмæ æндæр мыггагæй чызг чындзы куы ‘рбацæуа, уæд дзы уымæн фæтчы хæрын. Чысыл ма уыдтæн, афтæмæй Хорзæрвады куывд мæ зæрдыл бадардтон, цыма знон уыдис. Æрæмбырд сты мыггаг иууылдæр. Нæ хистæр, 80-аздзыд Налыхъ, сырх-сырхид боцъоджын, бадти уæле, Фынгыл — кусарты сæр, дзидза, алыхуызон хæбизджынтæ, бæгæны. Налыхъ нæзы цырæгътæ ахуыссын кодта. Хæдзар нытталынг. Хистæр йæхимидæг цыдæртæ дзырдта. Кæд иу хъыпп-сыпп дæр нал хъуыст, уæддæр ын йæ ныхæстæй ницы бамбæрстам. Куывд куы фæци, уæд фестад, æмæ иууылдæр кæртмæ рацыдысты, дуæрттæ гомæй баззадысты, цæмæй Хорзæрвад фæзына, куывдæй сахода. Сечъынатæ сæ Хорзæрвады тынг кæй нымадтой, уымæн æвдисæн уый дæр, æмæ, куы фесæфт, уæд ын йæ дзаумæттæ, йæ кусæнгæрзтæ, йæ къустæ æрæмбырд кодтой, стыр хæдзары йын иу къуым радих кодтой æмæ сæ уым аивæй сæвæрдтой. Хъуыды ма йæ кæнын, Мæхческы скъоладзаутæ нæм музеймæ цæуæгау цыдысты хæйрæджы дзаумæттæ уынынмæ.

Радзырдта йæ къаматыхъæуккаг СЕЧЪЫНАТЫ Майрæм 1930 азы, 85-аздзыд. Уый та йæ фехъуыста йæ фыдыфыд Гулайæ. Ныффыста йæ СЕЧЪЫНАТЫ Солтан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here