Æгъдау зын хæссæн у, фæлæ æнæгъдауæй цард нæй!

0
1400

Театрмæ бацыдтæ, уæд дæ уаг, дæ дзаумайы конд дæр хъуамæ æндæр уа! Хорз, аив уæлæдарæсæй хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Уый театрмæ цæуæн дзаума у!» Уымæ гæсгæ хъуамæ йе ‘гъдау уа театрдзауæн дæр. Уыцы хорз уагыл хи даргæ у ирон фынгыл дæр. Æнæхсад къухтæй, чъизи кæнæ спортивон уæлæдарæсы æмæ фыдкæндтытæй æрбадæн ыл нæй. Йæ фарн ын сафыс. Уæлдайдæр цины фынгæн. Кувæгмæ дзы хъусын хъæуы: кувæджы кувын дæ ныхасы бын ма кæн, цæмæй ды дæр æгъдауы балæууынмæ цæттæ уай. Дæхимæ адæмы ма æркæсын кæн. Уый тыххæй хъуамæ дæ бадт, дæ ныхас, дæ хæрд, дæ нозтæн уаг уа. Фынгыл рæмбыныкъæдзтæ æрæвæрæн, дæ уæз ыл æруадзæн нæй. Хистæртæ лæугæйæ кувынц, ды дæр сыст æмæ кæнæ агуывзæ хъуамæ уа дæ къухы, кæнæ дæ æртæ æнгуылдзы æвæрд уой фынгыл, кæцырдыгæй бадыс, уымæ гæсгæ, фынджы ‘рдыгæй къухы астæуккаг æнгуылдзтæ. Дарддæр дæр дæ уæле кувæгмæ хъус. Дæхæдæг кув дæлæмæ. Æгæр дæргъвæтин æй ма кæн. Хистæртæм уæлæмæ ма дзур. Хæргæ-хæрын ма ныхас кæн. Гыццылæй нын-иу куы амыдтой, куыдз дæр ма хæргæйæ нæ рæйы, зæгъгæ. Дæ дзыхы комдзаг цалынмæ нæ аныхъуырай, уæдмæ кувын нæ, фæлæ дзурын дæр æнæгъдаудзинад у: дæ комдзаг дзыхы къуымты раппар-баппар кæнгæйæ дзурынæй æнаддæр ма цы уа! Стæй фыдбылызæй дæр тæссаг у: дæ комдзаг дæ хъуыры куы фæбада, уымæй. Æрцыд ахæм бæллæх Дзæуджыхъæуы Китайы фæзы алыварс бирæуæладзыгон хæдзæрттæй иуы кæрты. Уыдис дзы чындзæхсæв. Бадты хистæр зарæг систа. Йæ дæле бадæг адæм дæр ын фæрсаг бакодтой. Се ‘хсæн уазæг лæг, зарын бирæ чи уарзта æмæ зыдта, ахæм дæр. Фæлæ йæ зарæг æрцахста, йæ дзыхы дзидзайы комдзаг куы уыд, уæд. Бахъырныдта сын. Стæй нозтджын лæджы бафæндыд зарæг сисын. Уый тыххæй йæ бахъуыд арф сулæфын, æмæ йæ комдзаг йæ хъæлæсы афардæг. Йæ улæфæнтæ йын ахгæдта, æмæ дæ фыдгул афтæ фæуæд. Ууыл йæ цард ахицæн. Йе ‘мбисонд — йæхи, махæн та — зонд-зонæн. Ирон адæймагæн: нæлгоймаг уа, сылгоймаг йæ рæсугъд æгъдау йæ разæй цыд. Фынгыл дæр ын сæйрагдæр æгъдау у, кæд ыл, цы хæрд æмæ нозт æрæвæрынц, уый хæрынæн вæййы, уæддæр йæ гуыбыныл хæцын зоны. Уымæн æмæ нын фыдæлтæй баззад: æрмæст дæ гуыбын æмæ дæ зæрдæмæ ма хъус — былæй дæ аппардзысты. Зонды фæрс. Былæй дæ куыд аппардзысты? Фæхудинаг дæ кæндзысты. Уымæн æмæ æфсис нæ зоныс. Цæй æнæфсис хæрд кодта, зæгъгæ, дæ цæйнæфæлтау исчи зæгъа, уый бæсты адæймаджы ницы хъæуы. Фынгыл бухъхъытæ кæнын, дæндæгтæ схъауын, уæгъд бадт, фынгæй фест-фест кæнын адæймаджы цæсты æфтауынц. Æрæхснырсынæн бауромæн нæй, æмæ, чи æрæхснырсы, уый цæмæй æфсæрмы ма бахауа, уый тыххæй ма йын нуазæн дæр авæрынц. Худинаг у фынгæй расыгæй сыстын. Уый тыххæй кæрæдзийæн тыхдард нæ хъæуы, фæлæ — кæрæдзи хъахъхъæнын. Алкæмæн дæр йæ разы вæййы йæ агуывзæ æмæ, цы нуазы, цас нуазы, уый хъуамæ уа йæхи бар. Бадтмæ чи байрæджы кæны, уый хъуамæ сусæгæй ма æрбада фынгыл, сусæгæй ма хæра æмæ ма нуаза, стæй, куы бафсæда, уæд фынгæй ма сыста æмæ ацæуа, фæлæ, куы æрбацæуа, уæд фыццаджыдæр æрлæууа хистæры раз: цины — рахизварс, зианы — галиуварс. Цины зæгъа: «Хъуыддаг амондджын уæд» кæнæ «Куывд барст уæд». Марды кæнды: «Зиан рухсаг уæд». Хистæр æм цины дæтты æмбæлæггаг, хæрнæджы — рухсаггаг. Уый тыххæй та хистæр хъуамæ бацархайа, цæмæй цины йæ рахизварс æрлæууæн уа, зианы та — йæ галиуварс. Цины йын, куы ануаза, уæд чъирийы карстимæ дæтты фыдызгъæлы хай, зианы та æрмæстдæр фыдызгъæл. Стæй йæ фынгмæ цæстдарæгæн æрбадын кæны фынгыл. Æмæ уым дарддæр йе ‘гъдау кæны. Зыдæй æвналынц бирæтæ суанг хæрнæджы фынгмæ дæр. Æвæццæгæн, уым аххос ис, фынгтыл æгæр бирæ алыхуызон хæринæгтæ æвæрын кæй райдыдтам, уым дæр. Гуыбын бафсæды, фæлæ цæст нæ фефсæды, æмæ дзы алы хæринагæй бахæрынмæ фæтырнынц. Мондæгтæ зын бауромæн сты. Æгъдау зын хæссæн у, фæлæ æнæгъдауæй цард нæй! Ирон ракуывды ис ахæм ныхæстæ: «О, Цытджын Хуыцау, табу де Стырдзинадæн. Кæд дæ разы истæмæй рæдийæм, уæд нын æй æнæзонæджы хатыр бакæн». Æмæ цымæ æгæр бирæ цæмæйдæрты кæмдæрты нæ рæдийæм! Раздæр нæ фыдæлтæ стæмæй фæстæмæ æгъдауы адæм уыдысты, ныр мах — сæ байзæддæгтæ — гуыбыны адæм нæ систæм? Иу фынгыл дæр, уæлдайдæр цины фынгыл, рæстмæ æгъдау нæ фендзынæ. Хæрам тыхтæ нæ гуыбыныл бафтыдтой, æмæ нын бафсис нал ис нæ хæрдæй, нæ — нозтæй. Уымæй дзы æгъдауæвæрджытæ фылдæр вæййынц, æгъдауæн йæ фæрсты дæр чи нæ ацыд, ахæм дзырдцомахъ гуыбындзæл цыракæнонтæ. «Гъæй, бирæ хæрдæй номгæнджытæ! Цы ми кæнут?! Сæрæй та уæ гуыбыны куыст куы кæнут! Уыд йæ уайдзæф Нæртон Сырдонæн. Æрмæст сын æй уый фæзæгъы, уæйгуытæ сæ куы æрцахстой, уæд, цы хуызы сæ фервæзын кæна, уый адæргæй, уавæрмæ куыдфæндыйы цæстæнгас аздахыны охыл. Цæмæй йæ ныхасæй фæкъаддæр уа уæйгуыты къæрцхъусдзинад. Æмæ нарты истыхуызы фервæзын кæна. Ныр ацы карз æфхæрæн ныхæстæ арæх комкоммæ фæхауынц ирон фынгыл бадджытæм. Худинаг æмæ аллайаг. Сæр, дам, уæле ис, гуыбын — дæле, æмæ сæр йæ бынаты хъуамæ уа, цæмæй фынгыл сæйрагдæр уа æгъдау. Æмæ ма уæдæ нæ бæрæгбæтты, куывдты, чындзæхсæвты фынгтæм бакæсут: хæрд æмæ дзы нозтæй цы нæ вæййы, ахæм зынтæй ссардзынæ. Æгъдау та — нæ! Ирон фынг, фыццаджыдæр, у æгъдауæй, æгъдауæн. Уæлдайдæр бæрæгбоны фынг. Уый бахæрын æмæ бануазыны тыххæй нæу! Табуйаг у! Гуыбын суадзын худинаг уыд нæ фыдæлтæм. Ныр та сæм уый хорз кæсы кæмдæрты, æмæ сæ иннæтæ дæр фæзмынц. Æниу ма æркæсæм хæрнæджы æмæ хисты фынгтæм. Гуыбындзæлты бар сæ бакæнæм, æмæ уыдон бæрц нæ зонынц. Сæхи алцызонæг скæнынц æмæ нын нæ аив, арфхъуыдыджын æгъдæуттæ къæхты бынмæ æппарынц. Уый афтæ куы нæ уаид, уæд Зæрдæвæрæны кусарты зæрдæ уæлмæрды ныгæнгæ искуы фендæуыд! Уымæй дæр хомæй, æмæ ног мæрдты уæлмæрдтæ куыйтæ, гæдытæ сфæйлауынц. Нæ мæрдтæй хынджылæггаг кæнæм. Æнæуый дæр нæ хъæуты уæлмæрдтæ хъамылы æмæ хæдæвзæрд бæлæсты бын куы фесты, æнæфснайдæй куы дзыназынц. Зæрдæвæрæн мæрдты уалдзыгон мысæн бон кæй у, зæрдæимæ баст кæй нæу, ног марды ингæныл нæууæвæрæн бон æмæ йын уалдзыгон халсартæй, дыргътæй рухсаг зæгъыны тыххæй кæй у, уый бамбарыны афон нæма у нæ адæмæй кæмæндæрты?! Кæннод æртæ кæрдзыны нысан цы у? Зæхх, дон æмæ хур кæй амонынц нæ ирон дины, уый зонын цас диссаг у? Æртæйæ иумæ цæрыны хостæ сты. Мардыл йæ хур аныгуылы, æмæ йæ кæндтыты фынгтыл нал вæййы уæллаг кæрдзын — хуры нысан. Бинонты цардвæндагæн æртæ кæрдзынæй — хыссæ æмæ цыхтызмæсты сæртæй конд æртæ кæрдзынæй та скувынц æфсинты раз къæбицы дыууæ хистæр нæлгоймаджы: иу — сыхбæстæй, иннæ — мыггагæй. Дыууæ кæрдзынæй дæр арæм Хуыцауы ном. Марды кæндтыты. Кувгæ йæм нæ кæнæм, фæлæ йыл фæдзæхсæм бинонты æмæ сæ чи амард, уый. Хуыцауы бар цæуы Мæрдты бæстыл дæр. Æмæ нæм цæмæй цард тыхджындæр уа, уый тыххæй хуымæтæджы нæ фæкурæм: «Хуыцау, Цытджын Хуыцау, табу де Стырдзинадæн! Дæ ном дын фылдæр æртыгай чъиритæй куыд арæм, ахæм арфæ нын дæ цæст бауарзæд!» Дзырддаг скодтам нæ кувинаг кусарты сæр, бæрзæй æмæ уæн дæр. Цы нысанæн сæ æвæрæм фынгыл, уый бирæтæ нæ зонынц. Æмæ та ам дæр æнæгъдау цыракæнонтæ арæхстджындæр разынынц, цины кæнæ зианы куыд æвæргæ сты, уый амонынмæ. Фæзынд дзы ахæмтæ дæр, фынгæй сæ бынтондæр чи исын кæны. Сæ нысан сын нæ зонынц, йæ базонын дæр сæ нæ фæнды, æмæ уæдæ цы фæуой — уынаффæ кæнын сахуыр сты æмæ уынаффæтæ, фæндтæ хæссынц. Айсын, сисын, аппарын æнцондæр у. Фæлæ афтæмæй нæ фыдæлты дунембарынад, зондахаст, фарн сафæм, сæ удыхъæдæй нæхи бæгънæг кæнæм. Нæ фыдæлты царды, фынджы рæсугъд æгъдæуттæ Европæйы адæмтæм ныффидар сты. Мах та сæ базоныныл дæр нæ сæртæ нæ риссын кæнæм. Бæхыл бадын, хæлаф дарыныл дæр сæ уыдон сахуыр кодтой, сылгоймагæн-царддæттæгæн — аргъ, кад кæныныл дæр. Иуæй-иуты тынг тыхсын кæны нæ зианы фынгтыл рæгъыты нымæц. Хистæртæ сæ бакодтой дæс. Къаддæр бакæнынмæ сæм йæ ныфс чи хæссы, афтæмæй мардæн, бинонтæн æмбæлгæ æгъдау чи ратдзæн, уый-иу йæхæдæг хистæрæй сбадæд. Бадты адæмæй алкæмæндæр йæ разы — йæ агуывзæ, цас дзы нуазы, стæй цы, уый — йæ бар. Алыхуызон нуæзтытæ фынгыл — бирæ. Дзурын хъæуы, зианы фынджы бадт кæй ныддæргъвæтин кæнынц, ууыл. Стæй плау æмæ арфæйы нуазæнæй рæгъытæ кæнын цæмæн хъæуы? Плау кардзыдæн куы кæнæм, рæзгæ æмæ æрыгон мардæн фæчгæ дæр куы нæ кæны. Ирыстонæй хæсты быдыры æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны фæдыл ма сæ рæгъы æнæхъæн номхыгъд ранымайынц. Уыдонæй алкæмæндæр сæрмагондæй уыд хи марды кæндтытæ. Уæд ма сын кæйдæр марды рухсаггæгтæ цæмæн рухс кæныс?! Цæгат Ирыстонмæ ирæттæ æрлыгъдысты Советон Цæдисы алы рæттæй, фылдæр та — Гуырдзыстонæй. Уый хорз у, æгайтма иумæ стæм! Фæлæ дзы алчидæр йемæ æрбахаста, хорзæй æмæ сæм æвзæрæй цы уыд, уыдон. Хорз зындæр кæнæн у, æвзæр — æнцондæр. Æмæ сæ сæ хорздзинæдтæ рох кæнын райдыдтой, сæ æвзæрдзинæдтæ та нын гуыбындзæлтæ нæ царды тыхæй тъыссынц. Цы цины, цы марды кæндтыты, фылдæр бануазын æмæ бахæрынæн æфсæнттæ агурынц. Зианы фынгыл уый бæрц рухсаджы рæгъытæ рауадзынц æмæ сæ, тъымы-тъымайы чи амард, уый ном дæр ма ссарынц мæгуыр амæлæджы фынгæй. Мард йæхæдæг рухсаг кæмæн кодта, уыцы рæгъы сын сæ ном куы ссарынц… Ирон адæймаг искæй бафæзмынмæ рæдæнг сугæй уæлдай нæу — уайтагъд ссудзы. Чидæр ын йæ дин, йæ уаг, йæ æгъдау хъары, уæд биноныг нæ ахъуыды кæны, афтæмæй йæ фæдыл фæцæуæг вæййы. О, гормон, уæд та дæ сæрсæфæнмæ кæны. Дæхимæ цы ис, уый хуыздæр куы у, уæд гæппæвонгæй цæмæн лæууыс? Уый фыдæй ныл арæх рæдыд æрцæуы. Иу Семæй нын Сем нæй. Алчидæр нæ йæхимæ Сем кæсы. Кæрæдзи зонд нын зонд нæу. Алчидæр йæхимæ зондджындæр кæсы. Афтæмæй нæхи кæд базондзыстæм?! Искæйон нæм хуыздæр цæмæн кæсы?! Нæ фыдæлтæ зондджын æмæ куырыхон уыдысты. Зыдтой цард мидисджын æмæ рæсугъд æгъдæуттæй аивдæр, æнцондæр кæнын. Мах та сæ базонынмæ дæр зивæг кæнæм. Къоста нын бæргæ ныффæдзæхста: «Дæ фыдæлтæ — рухсаг, дæхæдæг мын бæзз!» Уæд сæ аккаг уæвынмæ цæуылнæ тырнæм? Куыдфæндыйы зæрдæйыуаг ныл цæмæн уæлахиз кæны? Куыдфæндыйæ кæнæм нæ бирæ хорз æгъдæуттæ, æмæ сæфы сæ мидис, сæ аивдзинад, сæ нысан.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here