Уæрæсейы Рухсады министры хæдивæг Андрей Николаев кусæг балцы фембæлд Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисимæ.
Ныхас рауад республикæйы ахуырады системæ æмæ йæ объектты рацарæзты фарстатыл. Федералон министрады программæты архайгæйæ, регионæн хъуамæ радих кæной 3,6 миллиард сомы. Уыдонæй Дзæуджыхъæуы сараздзысты æртæ, Чермены – иу скъола, Куырттат æмæ Майскийы – фæйнæ рæвдауæндоны.
Уымæй дарддæр пъланмæ гæсгæ рацараздзысты 26 скъолайы, 6 рæвдауæндоны, 3 та – рæстæмбис ахуырады кусæндæттæ. Уыцы фæрæзты руаджы фæфылдæр уыдзæн ахуырады кусджыты мызд, ахуырады кусæндæтты фæзындзæн хъарм хæринаг, 171 скъола та хъæугæ ифтонггæрзтæй баххæст кæндзысты.
Фембæлды ма ныхас рауад Елхоты скъола бындуронæй сцалцæг кæныныл дæр. Уыцы хæс Хицауады размæ сæвæрдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Хицæнæй æргом аздæхтæуыд республикæйы скъолаты рацарæзтмæ. Бындурон цалцæджы программæмæ бахастой 138 скъолайы, программæ кусы 2022 азæй 2027 азмæ. Бахъæудзæн сын 11 миллиард сомæй фылдæр.
Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй регионы цалдæр азы дæргъы егъау куыст цæуы ахуырады кусæндæтты рацарæзтыл. «Нырмæ 100 скъолайы бавзæрстой цалцæг, ацы азы курдиæттæм гæсгæ хъавæм 30 ахуырадон кусæндоны документтæ барвитын. Рæвдауæндæттæ дæр цалцæг кæнынц, бахъæудзæн сын 800 милуан сомы. Рухсады министрадимæ æмгуыстады фæрцы Цæгат Ирыстоны ахуырады кусæндæттæ бавзæрстой ивддзинæдтæ, уыцы куыст дарддæр дæр æххæст кæндзыстæм», – загъта Хицауады Сæрдар.
Фембæлды рæстæг рæгъмæ рахастæуыд дарддæры æмгуыстад фæпарахатдæр кæныны нысантæ.














