Мæскуыйы М. Ломоносовы номыл паддзахадон университеты ацыд æрвылазон хæрзаудæн фестиваль «Оглянись вокруг». Бæрæгбон арæзт уыд дыууæ хайæ: «День доброты» æмæ «Ярмарка национальных культур». Фестивалы æмбырдгонд æппæт фæрæзтæ барвыстой ахуыргæнæндон æмцегад кæуыл кæны, уыцы сидзæрдæттæм.
Армукъайы фæлгæты алыхуызон адæмыхæттыты минæвæрттæ сæ адæмы истори, æгъдæуттæ æмæ сфæлдыстадимæ базонгæ кодтой уазджыты (се ’хсæн уыдысты сидзæрдæтты хъомылгæнинæгтæ дæр), стæй сæ суазæг кодтой национ хойрагæй. Университеты ирон æхсæнад дзыллон мадзалы архайдта зæрдиагæй.
Фæсивæд бацæттæ кодтой «Ирон стенд». Рагон æгъдаумæ гæсгæ фынгыл æрæвæрдтой æртæ чъирийы æртæ фæрсчы, стæй Уацамонгæ. Студенттæн ирон фынг саразынæн æмæ равдисынæн баххуыс кодтой дзулфыцæн «Гурман», базарадон кусæндон «Аскания», компани «Мастер-Прайм. Березка». Адджинæгтæ та сын лæвар барвыста Беслæны дзулфыцæн завод.
Хæринæгтæй саходыны фæстæ æмбырдгæнæн залы цыд концерт. Ансамбль «Allon»-ы артисттæ Багаты Аланы разамындæй акодтой ирон «Хонгæ кафт», Томайты Тимур та азарыд «Рæсугъд чызгай».
— Бæрæгбонмæ нæхи биноныг бацæттæ кодтам. Æппæт Мæскуыйы агуырдтам Уацамонгæ, Ирыстонæй нын бирæ цыдæртæ æрбарвыстой. Хистæр фæлтæр студентты фæндæттæн ахъаз кæй кæны, уый мын æхсызгон у. Уазджыты ныхасмæ гæсгæ махæн бантыст ирон культурæ ирдæй равдисын. Ирон чъиритимæ бирæтæ зонгæ сты, фæлæ уазджытæ ирон бæгæныйæ дæр разыйæ баззадысты. Æмткæй райсгæйæ, бæрæгбон æнтыстджынæй ацыд, — зæгъы университеты студенткæ, Мæскуыйы æрбынæттон уæвæг цæгатирыстойнаг Фæсивæдон минæварады уæнг Адырхаты Наталья.
УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы иудадзыгон минæварад














