Богæлттæ ерыс кодтой Октябрыхъæуы

0
768

Грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат цыди 6 майы Октябрыхъæуы.

Тедеты Елхъаны номыл спортивон комплексы уæлахиздзауы ном рамбулыныл æдæппæт ерыс кодтой 120 богалы, нæ федералон зылды авд субъектæй. Ерысты архайджытæ æмæ спортуарзджытæн арфæйы ныхæстæ загътой нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, физикон культурæ æмæ спорты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Бæройты Хасан æмæ Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт тренер Уруймæгты Владимир. Ерысты нысан уыди, нæ федералон зылдæй Уæрæсейы чемпионатмæ балцæгтæ чи райсдзæн, уыцы богæлтты нæмттæ сбæлвырд кæнын. Уыдон та хъуамæ уыдаиккой 1-3 бынæттæ чи бацахста, алы уæзы дæр, уыцы богæлттæ. Ерысты æппæты тынгдæр фесгуыхтысты Цæцæны республикæйы богæлттæ. Уыдонæн бантыст аст сыгъзæрин майданæй фондз рамбулын. Уымæй уæлдай ма цæцæйнаг богæлттæ 2-аг бынæттæм рацыдысты дыууæ хатты, цыппар хатты та бацахстой 3-аг бынæттæ. 11 хæрзиуæджы рамбылдтой дагестайнаг богæлттæ дæр. Уыдонæн фыццаг бынатмæ схизын бантыст дыууæ хатты, æртæ хатты уыдысты 2-аг бынаты, 6 хатты та рамбылдтой бронзæ майдантæ. Цæцæн æмæ Дагестаны командæты фæстæ æртыккаг бынатмæ рацыдысты Ирыстоны богæлттæ. Нæ лæппутæй фыццаг бынат рамбулын бантыст Уæрæсейы сгуыхт тренер Уруймæгты Владимиры хъомылгæнинаг Хуыгаты Аланæн. Алан йе ‘рвад æмæ æмном Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзау Хуыгаты Аланы фæзмгæйæ, ныридæгæн Уæрæсейы иугонд командæимæ Дунеон Кубок рамбулыныл ерысты бацахста дыккаг бынат. Ныр дæр та йæхи равдыста иттæг сæрæнæй æмæ ссис сыгъзæрин майданæй хорзæхджынгонд. Нæ богæлттæй раппæлинаг сты Боцуаты Зауыр, Хъараты Зауыр, Богъаты Витали æмæ Къæбысты Зауыр. Уыдон дæр Хуыгаты Аланау балцæгтæ райстой Уæрæсейы чемпионатмæ. Боцуаты Зауыр 66 кг онг уæзы хæцгæйæ бацахста 2-аг бынат, Хъараты Зауыр та 2-аг уыди æппæты уæззаудæр (125 кг) уæзы. Богъаты Витали (59 кг) æмæ Къæбысты Зауыр (85 кг) рацыдысты 3-аг бынæттæм. Нæ республикæйы иугонд командæйы сæйраг тренер Уруймæгты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй нæ богæлтты бæрæггæнæнтæ, кæд æппæты хуыздæр нæ уыдысты, уæддæр нын ныфс дæттынц, фидæнмæ хуыздæргæнгæ кæй цæудзысты, уымæй: «Нæ командæйы ныртæккæ хæцынц æрыгон лæппутæ æмæ сты сæ тæккæ рæзыныл. Мах хъуыды кæнæм нæ сомбоныл, æмæ нæ ныфс ис, нæ фæсивæдæй цалдæрæн хорз бæрзæндтæм схизын кæй бантысдзæн, уымæй». Нæ фæсивæды архайд хорзыл банымадта Спортивон цæттæдзинады центры сæргълæууæг Фидараты Аслан дæр: «Кæд нырма Цæцæны æмæ Дагестаны республикæты командæтæй фæстæдæр стæм, уæддæр нæ уырны, чысыл фæстæдæр сæм хæстæгдæр кæй уыдзыстæм, уымæй. Ууыл кусæм иумæ нæ хъæбысхæсты федераци æмæ Физкультурæ æмæ спорты министрадимæ». Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионтæ систы: 59 кг — Мовлади Музуров (Цæцæны республикæ), 66 кг — Аслан Висаитов (Цæцæны республикæ), 71 кг — Ислам Хакуев (Цæцæны республикæ), 75 кг — Мурад Габибов (Дагестан), 80 кг — Хуыгаты Алан (РЦИАлани), 85 кг — Магомед Алиев (Дагестан), 98 кг — Ахмед Мусаев (Цæцæны республикæ), 125 кг — ЛомАли Акаев (Цæцæны республикæ)

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here