Арæзтад – хуыздæр куыстуæтты бæрны

0
447

Республикæйы социалон ахсджиаг объекттæ паддзахадон контракттæм гæсгæ хъуамæ æрмæстдæр хуыздæр куыстуæттæ аразой. Фæлæ абон къорд ахсджиаг социалон объекты арæзтад контракттæм гæсгæ æххæстгонд кæй нæ цæуы, уый тыххæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав фехъусын кодта социалон бæстыхæйтты заказгæнджытæ æмæ подрядон организациты разамонджыты иумæйаг æмбырды. Архайдтой дзы республикæйы Хицауады Сæргълæууæг Тускъаты Таймураз æмæ йæ хæдивæг Фадзайты Æхсарбег дæр.

Бадзырдон химæрайст лхæстæ ахицæн кæнын подрядон организаци кæй ницæмæ æрдардта, уымæн дæнцæджы хуызы республикæйы Сæргълæууæг æрхаста, æдзæллаг цæрæнуатæй ралидзыны программæмæ гæсгæ Мæздæджы цы хæдзар арæзт цыдис, уый. Кæд ын æхцайы фæрæзтæ лæвæрд цыдысты, уæддæр подрядон организаци йæ куыст баурæдта æмæ цæрæнуат дæттыны æмгъуыд фехæлдта. Ноджы ма ацы куыстуат сывæллæтты рæвдауæндон 120 бынатæн афоныл нæ сарæзта Елхоты дæр.

— Нырæй фæстæмæ ацы организаци ницыуал араздзæн республикæйы, — загъта Битарты Вячеслав.

Республикæйы Сæргълæууæг уымæй уæлдай фехъусын кодта Горæтгæрон районы поселок «Новый»-ы скъолайы уавæр æй тыхсын кæй кæны, уый тыххæй дæр.

— Талф-тулфæй байгом кодтой скъола, — загъта уый. – Æмæ ныр цæмæй объект арæзт фæуа, уый тыххæй хъæуы 44 милуан сомы. Кæм сæ ссарæм ныр?

Битарты Вячеслав æмбырды архайджытæн куыд радзырдта, афтæмæй нырæй фæстæмæ æппæт арæзтадон æмæ фæндæгтæ цалцæггæнæн куыстытæн дæр йæ амындæй республикæйы гаранти æвæрдц æуы авд азы. Ацы æмгъуыдæй раздæр фæндаг куы фехæла, уæд цалцæггонд цæудзæн чи йæ арæзта, уый хардзæй.

Кæронбæттæны республикæйы Сæргълæууæг фæсидт æмбырды архайджытæм, цæмæй афоныл æмæ куыд æмбæлы, афтæ æххæстгонд цæуой паддзахадон контракттæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here