Цæгат Ирыстон æмæ Швейцари – гæнæнтæ æмгуыстадæн

0
553

Хъæууон хæдзарад, продукцийы куыстад, туризм, информатизаци æмæ медицинæйы къабæзты æмгуыстад рæздзæн Цæгат Ирыстон æмæ Швейцарийы æхсæн. Ахæм иузæрдион хъуыды загъдæуыд республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы æмæ Швейцарийы Базарадон палатæйы президент Уæрæсейы Ги Меттаны фембæлды.

Фарстатыл ныхас кæныны архайдтой республикон Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Ратманов, экономикæйы министры фыццаг хæдивæг Цориты Алетæ, РЦИ-Аланийы базарадон-промышленнон палатæйы президент Тугъанты Хъазыбег, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Уæрæсейы Хетæгкаты Алан æмæ Базарадон палатæ Швейцари-Уæрæсейы генералон секретарь  Гугкаты Владимир.

Швейцарийæ æрцæуæг уазæг радзырдта, Цæгат Ирыстонмæ йæ балцы сæр кæй у хицаудзинады æмæ амалхъомдзинады æмæхсæнадимæ баныхас кæнын, цæмæй бæрæггонд æрцæуой иумæйаг архайды æмæ пайдайаг проекттæ царды уадзыны сæйраг нысантæ.

Ги Меттан загъта, швейцариаг амалхъомтæ се ’ргом кæй здахынц цæгатКавказаг территоритæм, куыд фидæны пайдайаг æмæ хъæддых базартæм, фæлæ хъуыддаг практикон къахдзæфтæм не ’рцæуы – амынд территоритæм уыдон фæкæсынц дызæрдыггæнгæйæ, фæсарæнтæй æцæг хабæрттæ кæй нæ хæццæ кæнынц, уый тыххæй.

Ги Метаны ныхасмæ гæсгæ йæ хæс у швейцариаг амалхъомтæм фæхæццæ кæнын раст æмæ æцæг хабæрттæ Цæгат Кавказы тыххæй.

— Цæгат Кавказмæ балцæн ис иртасæн миниуæг. Йæ хатдзæг суыдзæн доклад, Швейцари æмæ Цæгат Кавказы регионтимæ, уыимæ Цæгат Ирыстонимæ дæр æмгуыстад æввахсдæр дыууæ азы цавæр уыдзæн, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ мах цымыдисаг кæны, цавæр нысантæ ис уæ республикæйы экономикæйы, цавæр хъуыддæгты фæдыл хъæуы тынгдæр æмгуыстад кæнын, — радзырдта господин Меттан.

Республикæйы Сæргълæууæг йе ’мныхасгæнæгæн зæрдæ бавæрдта, Цæгат Ирыстоны абон æппæт гæнæнтæ дæр кæй ис инвесторты æдас æмæ æнтыстджын архайдæн. Хицауадон структурæтæ цавæрфæнды æххуыс дæр бакæндзысты, республикæйы кусын кæй фæнда, уыцы амалхъомтæн.

— Нæ республикæйæн ахъаз уыдзæн Швейцарийы агропромышленнон æмæ хомаггуыстгæнæн куыстæдты архайд, сæ куысты бæрзондтехнологион мадзæлттæй кæй пайда кæнынц, уый тыххæй. Фосдарынад хорз сырæзт хæххон бынæтты. Кооперативтæ сæхи хорз равдыстой куыд пайдайаг хæдзарæдтæ, æмæ ацы фæлтæрддзинад райсын хъæуы мах хъæууонхæдзарадон продукци уадзджыты дæр, — фæбæрæг кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Битарты Вячеслав ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, гæнæнтæ уыдзæн иумæйаг проекттæ промышленносты, ахуырады, медицинæйы æмæ туризмы дæр царды уадзынæн, æмæ уый тыххæй æмархайды æмæ æмгуыстады хæрзхъæд схемæ саразын хъæуы фидæнмæ.

Кусæг балцы уæвгæйæ дыууæ бонмæ Ги Меттан бабæрæг кодта республикæйы промышленнон куыстуæттæ, базонгæ хомаггуыстгæнæн куыстæдты архайдимæ, фембæлд амалхъомтимæ, федта республикæйы историон-культурон объекте дæр.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here