Цæгат Ирыстоны байгом Æфсæддон пъæлицæйы ахуырадон центр

0
598

Знон Дзæуджыхъæуы байгом Уæрæсейы Федерацийы Гæрзифтонг тыхты Æфсæддон пъæлицæйы фыццаг ахуырадон центр. Уыцы цауы фæдыл кадджын æмбырды архайдтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав, Хуссайраг æфсæддон зылды командæгæнæг, инæлар-булкъон Александр ДВОРНИКОВ, УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады Æфсæддон пъæлицæйы сæйраг управленийы хицау, инæлар-лейтенант Владимир ИВАНОВСКИЙ, æндæр бæрнон кусджытæ.

Ныр поселок Спутничы фæзынд, йе сконды цалдæр ахсджиаг объекты кæмæн ис, ахæм нырыккон комплекс: æфсæддон комендатурæ, автомобилон инспекци æмæ æфсæддон пъæлицæйы управлени. Ахуырадон центр байгом кæныны фæдыл æмбырды куыд загъдæуыд, афтæмæй 1 декабрь баст у æндæр зæрдылдарæн цаутимæ дæр. Афтæ, æхсæз азы размæ уыцы бон УФ-йы Гæрзифтонг тыхты структурæйы фæзынд æфсæддон пъæлицæ, уыцы бон 100 азы размæ та арæзт æрцыд Цæгат Кавказы æфсæддон зылд. — Уыцы æууæлтæ нын нæ зæрдыл лæууын кæнынц раздæры фæлтæрты рухс ном, стæй ныл ноджы стырдæр бæрнондзинад æвæрынц нæ паддзахады раз. Абон Цæгат Ирыстоны гом кæнæм, æнæхъæн бæстæйы æмбал кæмæн нæма ис, ахæм ахуырадон центр. Ам цæттæ кæндзысты æфсæддон пъæлицæйы дæсны кусджыты, — йæ раныхасы фæбæрæг кодта инæлар-булкъон Александр Дворников. Æфсæддон пъæлицæйыл бирæ бæрнон хæстæ ис, йæ размæ ахсджиаг нысантæ лæууы. Æфсæддон пъæлицæйæгтæ фыццаджы-фыццагдæр сæ службæ хæссынц, гæрзифтонг быцæутæ кæм æрцыд, уыцы бынæтты. Уыдон æрлæууынц раздæры ныхмæлæуджыты æхсæн, сæ бæрны вæййы гуманитарон æмæ æндæр ахæм акциты рæстæг хъахъхъæнынадон хæс, фæархайынц, Иугонд Нациты Организацийы дæлбар цы операцитæ сарæзтæуы, уыдоны. Æфсæддон пъæлицæйæгтæ сæрмагонд куыст кæнынц Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады базæты дæр. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ раныхасы куыд бафиппайдта, афтæмæй ахсджиаг у, ахæм объект нæ республикæйы кæй æрбынæттон, уый. «Цæгат Ирыстон рагæй зындгонд у йе ‘фсæддон традицитæй, бирæнацион Уæрæсейыл иузæрдиондзинадæй. Цæгат Ирыстоны чи службæ кодта, уыцы инæлæрттæ æмæ афицертæ алкæддæр аккаг æвæрæн хастой Фыдыбæстæйы хъахъхъæнынадмæ, йæ иудзинад æмæ дарддæры рæзтмæ. Ацы центр дæсны специалисттæ, æцæг патриоттæ кæй цæттæ кæндзæн, уый дызæрдыггаг нæу. Уымæн æппæт фадæттæ дæр арæзт æрцыд», — загъта Битары-фырт. Ахуырадон центр байгом, фæлæ ма йæ территорийыл фæстæдæр фæзындзысты æндæр объекттæ дæр. Зæгъæм, быдырон ахуырты полигон æмæ афтæ дарддæр. Æппæт уыдæтты тыххæй радзырдта инæлар-лейтенант Владимир Ивановский. «Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй ацы центры æфсæддон пъæлицæйæгтæн рæстæгæйрæстæгмæ араздзысты 15 бонæй 30 боны онг ахуыртæ. Хæстæгдæр рæстæг ам ахуырадон курсытæ кæмæн саразой æмæ квалификацион фæлварæнтæ æнтыстджынæй чи радта, уыцы æфсæддон пъæлицæйæгты арвитдзысты Сиримæ», — йæ ныхасмæ бафтыдта Владимир Ивановский. Ахуырадон центр байгом кæныны фæдыл кадджын æмбырды фæстæ уазджытæн сарæзтой цыбыр экскурси объектыл.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here