«Стыр зæды номыл бæрæгбонау нын зынаргъ у»

0
346

Пенсион фондæй Адæмы тыхстаг фарстатæ лыг кæнынæн Уæрæсейы Пенсион фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæджы хæдивæг РУБАЙТЫ Русланæн уыд тематикон фембæлд политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы сæрдар Дмитрий МЕДВЕДЕВЫ æхсæнадон кусæнуатмæ æрбацæуæг адæмимæ. Адæймаг куы райгуыры, уæд ын Хуыцау фыццаг ратты райгуырæн бæстæ, уый фæстæ та йæ схорзæхджын кæны æвзагæй, мадæлон æвзагæй. Махæн ахæм у ирон æвзаг — нæ мадæлон æвзаг. Ацы дзырд уæлдай æхцон вæййы, чысылæй йæ йæ мады æхсыримæ æвдадзы хосау чи бануазы, уымæн.

Мадæлон æвзаджы тыххæй дунейы хуыздæр поэттæ мадыл фыссæгау ныффыстой сæ хуыздæр æмдзæвгæтæ, уацмыстæ. Йæ номыл кæнынц стыр бæрæгбонтæ. Ахæм бæрæгбон ис махмæ дæр æмæ йæ бæрæг кæнæм æрвылаз зæрдæвæрæны мæйы 15 бон.

Ацы бæрæгбон нын дæтты фадат æмæ уæрæх авналæнтæ, цæмæй нæ Ирыстоны алчидæр дзура йæ мадæлон æвзагыл, цæмæй ма бауадзæм цудын не’взаг, нæ уарзон Ирыстоны хæхтыл зæла ирон зарæг æмæ фæсивæды цæвджыты æхситт. Ацы бон, æвæццæгæн, æнæхъуаджы не ‘рцыд æвзæрст — 1899 азы 15 майы рацыд мыхуыры ирон литературон æвзаджы æмæ литературæйы бындурæвæрæг, Иры уарзондæр хъæбул Хетæгкаты Къостайы чиныг «Ирон фæндыр».

Знон ацы бæрæгбоны фæдыл нæ республикæйы алы къуымты цы мадзæлттæ ацыдысты, уыдон райдыдтой Ирон аргъуаны кæртæй, Хетæгкаты Къоста, Абайты Васо æмæ ма ирон дзырды бирæ æндæр зæрингуырдтæ кæм ныгæд сты, уыцы пантеонæй. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы уæнг Фадзайты Арсен, нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис, йæ хæдивджытæ Хъулаты Уырызмæг æмæ Гозымты Раман, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Ходы Камал, нæ паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты æмæ педагогон институты филологон факультеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ, нæ республикæйы скъолаты ахуырдзаутæ сæ разамонджытимæ, Ирыстоны фысджытæ æмæ, ирон æвзагыл стырзæрдæ чи нæ у, уыдон дидинджытæ сæвæрдтой Хетæгкаты Къоста æмæ Абайты Васойы ингæнтыл. «Абон цы бæрæгбон бæрæг кæнæм, уымæн кæд хицæн бардуаг нæй, уæддæр стыр зæды номыл бæрæгбонау зынаргъ у, йæ дадзинты ироны туг кæмæндæриддæр æнхъæвзы, уыдонæн. Æмæ уæ йæ хорзæх уæд. Мæ цæст уын уарзы æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй не ‘ппæтыл дæр ацы бæрæгбон фидæнæй-фидæнмæ цæуа хуыздæр. Цæмæй та нæ ирон, нæ мадæлон, æвдадзы хосау адджын, æвзагæн йæ ивгъуыды кад раздæха…», — загъта йæ раныхасы Битарты Вячеслав.

Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы æмæ Алайнаг гимназы ахуырдзаутæ ирон æвзагыл аив бакастысты æмдзæвгæтæ.

Фæстæдæр адæмы фылдæр æмбис абалц кодтой театралон фæзмæ. Ам нæ республикæйы культурæйы министр Милдзыхты Руслан, Ирон театры аивадон разамонæг Колыты Владислав йе ‘мкусджытимæ, скъолатæ «Диалог» æмæ «Интеллект»-ы ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ Къостайы цыртдзæвæны раз сæвæрдтой дидинджытæ. Уый фæстæ театры артисттæ Бытъæты Роберт, Дзытиаты Лактемыр, Битарты Алыксандр, Черчесты Дианæ, Мелыкаты Замирæ, Персаты Тамарæ æмæ иннæтæ бакастысты ирон æвзагимæ баст æмдзæвгæтæ. Персаты Тамарæ ма акодта, йæхæдæг ныхæстæ дæр æмæ мелоди дæр кæмæн ныффыста, ахæм зарæг.

«Мах, кæд ацы бæрæгбон æрвылаз дæр не скъолайы фæбæрæг кæнæм, уæддæр ардæм æрбацæуæм нæ ахуырдзаутимæ. Къостайы цыртдзæвæны раз сæвæрæм дидинджытæ. Йæ цуры иучысыл алæууæм. Фадат нын куы вæййы, уæд бакæсæм æмдзæвгæтæ дæр…», — зæгъы скъола «Диалог»-ы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Саламаты Лидæ.

Касаты Аслæнбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here