Бакуывтой Рекомы Уастырджимæ

0
617

 

Зæдбадæн фыдæлтыккон Цъæйы ком. Ам урссæр хæхты цъасы, арф тар хъæды хъæбысы Хуыцауы цæссыгæй равзæрд, нæ фыдæлтæ фыдæйфыртмæ кæмæ куывтой, уыцы Рекомы кувæндон. Ахуыргæндтæ-этнографтæ куыд зæгъынц, афтæмæй, стæй фыдæлты ныхæстæм гæсгæ, уый у нæлгоймæгтæн — фидæны царды бындуртæн, æфсæддонтæн ахъазгæнæг дзуар. Кæддæриддæр æм кувынмæ цыдысты канд Цъæйы комы цæрджытæ нæ, фæлæ Ирыстоны алы рæттæй. Бæрæгбон райдыдта июны дæсæм бон æмæ фæцыд къуыри.

Ивгъуыд сабаты, 16 июны, Цъæйы коммæ Рекомы дзуары бынмæ æрбамбырд сты алы кæмттæй æмæ Хуссар Ирыстонæй нæлгоймаг дзыллæ. Æмæ бæрæгбоны фæдыл сæ кæрæдзийæн кодтой зæрдиаг арфæтæ. Сæ кувинæгтимæ: æртыгай чъиритæ, æртæ æртæ дзыхонтимæ, бæгæныимæ цыдысты кувæндоны бынмæ. Сæ цæсгæмттыл хъазыд æхсызгон мидбылхудт, сæ цæстæнгас уыди райдзаст æмæ цавæрдæр æнахуыр сыгъдæг рухсæй дзаг. Уыцы бон цыма хур дæр адæмы бæрæгбоныл цин кодта, афтæ парахатæй æрвыста зæхмæ йæ хъарм. Рæвдауæг тынтæ. Сонт сыгъд, мыййаг, нæ кодта, фæлæ йæ тынты хъарм иу кодта фæлмæн уарнимæ.

Дзуарылæгтæй иу Дзодзиаты Руслан нын куыд радзырдта, афтæмæй бæрæгбонмæ, кувæндоны цы мысайнæгтæ æрæмбырд вæййы, уыдонæй балхæнынц гал. Æмæ йæ, бæлвырд æгъдау сæххæст кæныны фæстæ, кувæндоны бын акусарт кодтой. Бæрæгбонмæ бахсидынц бæгæны.

Бæрæгбоны райдайæны фæсивæд ныззарыдысты Рекомы Уастырджийы зарæг. Уый фæстæ дзуары лæг Хъыргъаты Владимир куывдмæ æрцæуæг адæмы сæ кувинæгтимæ бафæдзæхста Стыр Хуыцауыл. Рекомы дзуарыл. Йæ ракуывды уый куырдта Ирыстоны дзыллæйæн амонд, фарн æмæ фæрныгад, Кæстæрты «оммен» æмæ хистæры ракуывды ныхæстæ фæлмæн дымгæ Цъæйы хæхты рагъæй-рагъмæ хаста. Уый фæстæ куывддзаутæ сахуыстой сæ кувинæгтæй æмæ, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ бацыд дыууæуæладзыгон гуыппсимды.

Рекомы бæрæгбонмæ æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан æмæ йæ хæдивæг Зæгъойты Вячеслав. Уыдон зæрдиаг арфæтæ ракодтой куывды бадæг адæмæн æмæ Рекомы Уастырджийы бæрæгбон цæмæй рæсугъдæй, æгъдаумæ гæсгæ бæрæггонд æрцæуа, ууыл чи бацархайдта, уыдонæн: Дзодзиаты Русланæн, Дзанайты Славæйæн, Хъыргъаты Валодяйæн æмæ Дзлиаты Хъазыбегæн.

Кæд хур фæсхохмæ фæцæйкъул кодта, уæддæр адæмæн сæ зæрдæйы бæрæгбоны цин нæ хæлд. Дардыл хъуыстысты хистæрты гаджидæутты фæдыл куывдтытæ æмæ фæсивæды зарын.

Алы аз куыд вæййы, афтæ та ацы хатт дæр Рекомы Уастырджийы бæрæгбонмæ ссыдысты, Мæскуыйы, Петербурджы, æмæ ма Уæрæсейы æндæр горæтты чи цæры, уыцы ирæттæ дæр. Сылгоймæгтæй уыцы бон Цъæйы коммæ чи æрбацыд, уыдон та бакуывтой Мады-Майрæммæ.

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here